Курдиатджын адæймаг, ирон дзырды фарнхæссæг, ныййарæг мад, фæлмæн нана, æфсарм, æгъдау йæ уды ахсджиаг бынат кæмæн ахсынц, уæздандзинад йæ разæй кæмæн цæуы, хæдзары кад фæцудын чи нæ уадзы, къæбæрдæттон æфсин — уыдон иууылдæр хауынц Ног Бæтæхъойыхъæуы цæрæг ХЪАРАТЫ-ХÆУЫТАТЫ Агуыбейы чызг Светланæмæ.
Светæ райгуырд Хъæдгæроны. Скъола каст фæуыны фæстæ ахуыр кæнынмæ бацыд Дзæуджыхъæуы педагогон училищæмæ, нывкæнынады хайадмæ. Алывæрсыг курдиаты хицау чызг уыд активон архайæг училищæйы æхсæнадон царды. Уагъта къулы газеттæ бæрæгбæттæм, архайдта драмон къорды. Ныр куыд мысы, афтæмæй студенттæ цардысты тынг хæларæй, кæрæдзиимæ æнгомæй, хотæ æмæ æфсымæрты хуызæн. Къордты йемæ чи архайдта, уыдон нæ районæй уыдысты Дауыраты Дамир, Къæбойты Мурат, Æгкацаты Зелим, Дзампаты Светæ, Цæлойты Риммæ…
Светæ ахуыры фæстæ кусынмæ æрвыст æрцыд Алагиры районы Црауы скъоламæ. Æрыгон ахуыргæнæгмæ йæ коллектив ракастысты тынг дзæбæх цæстæй, аргъ ын кодтой скъоладзаутæ дæр.
Светæ йæ чындздзон кары бацыд, æмæ йæ царды уылæнтæ æрбахас-той Ног Бæтæхъойыхъæумæ, Хъараты хæдзармæ. Æрыгон чындз йæ ног бинонтæм æрбаййæфта хицау Ладейы, æфсин Любæйы, тиу Къостайы, ныр йæ бинонтæ цæрынц Дзæуджыхъæуы, ходыгъд Лидæ — Беслæны 1-æм скъолайы ахуыргæнæгæй фæкуыста. Абон сæ æгас ничиуал у. Семæ ма цард Машкæ — Лидæйы файнуст. Йæ мой хæсты фæмард, æмæ йæ цæгатмæ
Хуымæллæгмæ нал ацыд. Йæхицæн цот дæр нæ уыд, йæ лæгимæ цыбыр бонтæ ацард æмæ йæ файнусты сывæллæттæн уыд сæ дыккаг мад.
— Æрбаййæфтон диссаджы сылгоймæгты, файнустытæ дæр сæ нæ загътаис. Алы хатт дæр сæ цæвиттонæн æрхæссын. Уыдон куыд дзæбæх фæцардысты! Дыууæйæ-иу ныхас кодтой, æртыккаджы кой никуы ракодтой, рагон хабæрттæ-иу дзырдтой, бинонтæ амондджын цæмæй уой, ууыл архайдтой, — мысы Светæ.
Хæуытон, кæй зæгъын æй хъæуы, кусынмæ бацыд Ног Бæтæхъойыхъæуы астæуккаг скъоламæ æмæ дзы фæкуыста пенсимæ рацæуыны онг. Ам дæр коллективæн уыд уарзон, ныййарджытæн — арфæйаг, скъоладзаутæн — зондамонæг. Мæнæ куыд радзырдта уæды рæстæджы тыххæй:
— Мæ зæрдæйæ нæ хицæн кæнынц, цы диссаджы адæм дзы баййæфтон, уыдон. Се ‘хсæн ног кусæг уыдтæн, æмæ мыл сæ арм дардтой. Афарстой мæ-иу, сывæллæттæ куыд сты, урочы сæхи хорз дарынц, зæгъгæ. Директортæ дæр цалдæр раивтон, сæ иу иннæмæй хуыздæр уыдысты. Кусынмæ мæ уыдонæй райста Ходы Алыксандр. Цард дæр, сывæллæттæ дæр цы сты, уый æмбæрста. Йæхицæн дæр бирæ цот уыд. Тынг хорз уыдысты ахуыргæнджытæ дæр.
Ныры ахуыргæнджытæн сæ домæнтæ фылдæр сты, æмæ сын зындæр кусæн у. Уыимæ, сæ программæтæ дæр зындæр систы. Æз мæ лæппуйы лæппуимæ куы фæархайын, уæд ахъуыды кæнын, уый бæрц сын сæ сæры зонд цæмæн æмтъеры кæнынц, зæгъгæ. Мах цы программæтыл ахуыр кодтам, уыдон æнцон æмбарæн уыдысты, æмæ нæ фæлтæрæй бирæтæ, æхсæнадон куысты, разамонæджы бынæтты сæхи ссардтой.
Хъомыладæн ма хорз ахъаз уыдыс-ты ногдзауты, фæскомцæдисонты, тимуронты къордтæ. Уыдон цас размæ кодтой фæсивæды! Фыдыбæстæйы хъайтарты къамтæ-иу къултыл конд уыдысты, æмæ патриотон-хъомыладон куыст йæ бынаты æвæрд уыд. Ныртæккæ мæнæ Украинæйы хæсты чи фæмард, уыдоны номыл скъолатæ схонынц, номарæн фæйнæджытæ къултыл сæвæрынц, æмæ мæ зæрдæмæ цæуы, се ‘ргом хъомыладмæ кæй раздæхтой, уый.
Светæ ма ахуыргæнæджы куыстæй уæлдай фыссы уацмыстæ, æмдзæвгæтæ, газетты арæх мыхуыргонд цыдысты йæ уацхъуыдтæ. Рацыд ын чиныг «Уды рухс бæллицтæ». Уыцы æрдзон курдиат Светæ рахаста йæ фыд Агуыбейæ. Уый уыд диссаджы зарæггæнæг, хъæуы йæ Хъуыбады хуыдтой. Хъæдгæроны клубы зарæггæнджыты къордимæ уыд цалдæр хатты фæсарæнты дæр.
Агуыбе æмæ йæ бинойнаг Гусаты Аминæтæн рацыд æхсæз лæппуйы æмæ æртæ чызджы.
Æфсымæрты хистæр Хъазыбег уыд историйы ахуыргæнæг, Валодя — финансон кусæг, Мухтар — шофыр, Алыксандр — тепловозы машинист, Къоста — æфсæддон, Къола — нывгæнæг, республикæйы культурæйы сгуыхт кусæг, хотæй Нинæ — дохтыр, Лизæ — ахуыргæнæг. Се ‘ппæт дæр, зæгъæн ис, уыдысты сфæлдыстадон куыстмæ дæр тынг æмхиц. Къоста фысгæ дæр хорз кодта. Йæ чиныг «Уæздандзинады гуырæнтæ» йын æрæджы «Иры Стыр Ныхас» ногæй дыккаг хатт рауадзын кодта, скъолаты, дам, тынг хъæуы. Къостайæн йæ фыст уацтæ алывæрсыг уыдысты. Æрæджы дæр ын ног чиныг рацыд, йæхæдæг æгас нал у, фæлæ йын йæ бинойнаг Галя йæ къухфыстытæ сæмбырд кодта æмæ йын сæ рауагъта.
Къола дæр фысгæ кодта, газетты уыд æхсæнадон уацхæссæг. Йæ чызг Зитæ телеуынынады кусы, æмæ йын загътон, цæмæй йын йæ къухфыстытæ æрæмбырд кæна, æмæ сæ чиныгæй рауадзæм. Уæдæ сæ дохтыр хо Нинæ дæр фыста, æрмæст — уырыссагау. Фылдæр фыста æркæсинаг фарстатыл, 90-æм азты, цард ивын куы райдыдта, уæд æм раст цы нæ каст, уыдæттыл. Гъе, ахæм сфæлдыстадон бинонты ‘хсæн куы схъомыл уай, уæд æндæрхуызон уæвæн уыд?
Алывæрсыг у Светæйæн йе сфæлдыстад. Ис дзы уарзондзинад нæ Ирыстонмæ, ирон æвзагмæ, хъæбулмæ. Ис дзы худæджы ныхæстæ, базон-базонтæ сывæллæттæн, зонды ратæдзæнтæ…
Ис ахæм æмбисонд: «Чындз чи фены, чындзы митæ дæр уый зоны». Йæ фыды хæдзары цæргæйæ ма федта, сæ чындзытæн йæ мадимæ цы ахастдзинæдтæ уыдис, уый. Стæй йын йæ мад Хъаратæм ацæуыны размæ бафæдзæхста: «Ныры онг дын æз цы бацамыдтон, уымæй дарддæр мæ бон ницыуал у. Ныр та дын дæ ног бинонтæ цы амоной, уымæ хъус, цы дын зæгъой, уый кæн. Дæ цæгатмæ цæудзынæ уазæгуаты, æндæр дæуæн ам цæрыны бынат нал ис, æмæ куыд арæхсыс, афтæ дæ цард араз».
— Уыцы фæдзæхстытимæ æрбацы-дтæн, æмæ мын цыдæриддæр дзырдтой, амыдтой, уый кодтон.
Æмæ æз дæр мæ хистæртæй цы федтон, уыцы миниуджытæ дарддæр хæццæ кæнын. Мæ чындз куы æрбацыд, уæд ын загътон: «Сылгоймагæн йе ‘фсарм æмæ йæ сыгъдæгдзинад йæ хуыздæр миниуджытæ сты». Куыд ын загътон, афтæ кæны, хорз цæрæм.
Светæ йæ цардæмбал Кимимæ уарзонæй фæцардысты дыууиссæдз азы, хъыгагæн, æгæр раджы йæ фæуагъта сидзæргæсæй сæ фондз сывæллонимæ. Уыдонæй ныр алчидæр йæхæдæг у ныййарæг. Буц дарынц сæ уæздан, зынаргъ мады. Се ‘ппæт дæр царды дзæбæх бынæттæ ссардтой, сæхи дарынц.
Фатимæ æмæ Иринæ Мæскуыйы цæрынц, кусынц. Альбинæ Дзæу-джыхъæуы цæры йæ бинонтимæ, у дыууæ лæппуйы мад.
Хъыгагæн, чызджытæй иу — Таня, царды бæрзæндтæм тырнгæйæ, йæ цардæмбал æмæ йæ цотмæ фæстæмæ фæкæс-фæкæсгæнгæ, ацыд йæ рухс дунейæ.
Чермен йæ цардæмбал Ленæимæ цæры хъæуы йæ мадимæ. Ис æм юристы дæсныйад, уыимæ у арæхстджын хъæдæрмæгæй кусынмæ. У дыууæ лæппуйы фыд.
Сылгоймаг ныййарæг куы суа, уæд йæ фæстæ цы цот рацæуынц, йæ цард уыдонæн снывонд кæны, уыдоны амондæн, сæ хорздзинадæн, рæсугъд фæндæгтæ сын саразынæн. Уымæй дарддæр, уыдон сабыр дуджы куы цæриккой, æмæ абон Ирыстоны тохы быдыры чи хæцы, уыдоныл сабыр дуне куы скæнид, æмæ сæ алчидæр йæ ныййарæгыл дзæбæхæй куы сæмбæлид.
Уымæй дарддæр, Ирыстоны уынгты фæцæйцæугæйæ, ирон ныхас куыд хъусæм сывæллонæй зæронды онг. Уыдон сты Светæйæн йе стырдæр бæллицтæ.
ХОСОНТЫ Земфирæ,
газет «Рахизфарсы цард»-ы уацхæссæг,
къам систа СУГЪАРАТЫ Кристинæ