Райсомæй дæ куыстмæ æхсызгонæй куы цæуай, изæрыгон та дæ бинонтæм куы тагъд кæнай, уæд уый амонд у, фæзæгъынц. Уæдæ æрыдойнаг МЕДОЙТЫ Азæ æппæт уыцы хорздзинæдтæй хайджын æмæ амондджын у.
Медицинон кусæгæн кæддæриддæр стыр кад уыдис адæмы ‘хсæн. Урс халат куы скæнай, уæд дын рынчын адæймаг дæ цæстæнгасмæ кæсы. Азæ ныр 37 азы кусы Æрыдоны районы рынчындоны терапевтон хайады медицинон хойæ. 1987 азы Дзæуджыхъæуы медицинон училищæ каст куы фæцис, уæдæй абонмæ йæ зæрдæ нæ сивта йæ равзæрст дæсныйадыл.
— Мæ сабибонтæй фæстæмæ мæ бæллиц уыд медицинон хо суæвын. Зæххон Хуыцæутты хуызæн мæм кастысты урсхалатджынтæ. Фæсмойнаг ницæуыл дæн. Зонын æй, нæ куыст арфæйаг у. Стыр ныфсимæ нæм чи ‘рбацæуы, уыцы адæмæн баххуыс кæнын æппæт коллективæй дæр, нæ сæргъы Джыккайты Мæдинæ, афтæмæй, нымайæм нæ куысты сæйраг нысаныл, — зæгъы Азæ. — Кæддæриддæр æхсызгонæй æрымысын, мæ куысты, фыццаг къахдзæфтæ кæнгæйæ, мæ фарсмæ цы куырыхон хистæртæ уыд, уыдоны — Цæлыккаты Мая, Уырымты Лидæ, Те-къойты Руслан, Созанаты Ларисæ, Ужегаты Фузæ, Дзугаты Аллæ, Кæсæбиты Фатимæ, Хъулаты Зифæ æмæ иннæты.
Искæй рис æмбары, фæлмæн æмæ рæвдаугæ цæстæнгасимæ йæ куыст кæны — афтæмæй рынчынæн йæ низ фæкъаддæр кæны.
— Азæ, дæ бон хорз. Уколæй тæрсын, уымæн æмæ мæ дадзинтæ нæ зынынц æппындæр, — дзуры ацæргæ сылгоймаг.
— Мацæмæй тыхс, ныртæккæ сæ ссардзыстæм, адзæбæх уыдзынæ, — хъæлдзæгæй дзуры Азæ рынчынæн, йæ хуыссæнуат дзæбæхгæнгæйæ.
— Дæ лæггад бирæ, дæ къухтæ фæрнæй фæдар, — ахæм зæрдæйæ цæуæг ныхæстæ арæх фехъусы медицинон хо.
— Дохтырты рафыст хостæ æмæ уколтæ фæкæнæм, афæрсæм сæ, æхсæв куыд арвыстой, ныфсытæ сын авæрæм. Бахъуаджы рæстæг сæ ахонæм рентген кæнæ МРТ скæнынмæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ Æрыдоны рынчындоны алы хайад дæр ныртæккæ æххæст у низ иртасæн æмæ дзæбæхгæнæн нырыккон ифтонггæрзтæй. Нæ кæртмæ бирæтæ батæхудиаг кæнынц, афтæ аивгонд æмæ сыгъдæг у. Уый рынчын адæймагæн удæнцойдзинад хæссы, — зæгъы Азæ.
Бирæ рæстæг нæма рацыд, медицинон кусджытæ тæссаг инфекцион низ — коронавирусæн ныхкъуырд куы раттой, ууыл. Уыцы зын уавæрты æхсæвæй-бонæй Азæ дæр архайдта рынчынты цард æмæ æнæниздзинад бахъахъхъæныныл. Уый тыххæй йын Уæрæсейы Федерацийы Æнæниздзинад хъахъхъæнынады кусджыты профцæдисты номæй раттой кадджын хæрзиуæг — майдан.
— Махæн не стырдæр хæрзиуæг у, цæмæй рынчынты нымæц къаддæр уа, нæ алыварс та æнæниз æмæ амондджын адæм фылдæр уа, — загъта Азæ.
ГУГКАТЫ Жаннæ