Дыууæ хатты фылдæр

0
225

Ацы азы фыццаг æмбисы Цæгат Ирыстон, раздæры азтимæ абаргæйæ, арвыста дыууæ хатты фылдæр хор Уæрæсейы иннæ регионтæм. Уый тыххæй фехъусын кодта «Россельхознадзор»-ы Цæгат Кавказы управлени.
Республикæ Дагестанмæ Ирыстон арвыста 42,2 мин тоннæйы нартхор. Астраханы облæстмæ цæттæ сты арвитынмæ нартхоры 22,8 мин тоннæйы, стæй хъæбæрхоры 3 мин тоннæйы.
4,1 мин тоннæйы мæнæу æрвыст æрцыдысты Краснодары краймæ, æхсынæнты 1,6 мин тоннæйы та аластой Кæсæг-Балхъары Республикæмæ.

ГУЫРИАТЫ Хъазыбег

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here