Феххуыс кӕнӕм Дзамболатӕн!

0
33

Ӕрӕджы Екатеринбурджы нӕ республикӕйы равзӕрды сӕдӕ азы юбилейы кадӕн арӕзт ӕрцыд фестиваль «Ирыстоны бонтӕ — Уралы». Йӕ фӕлгӕты ацы горӕт ӕмӕ Свердловскы облӕсты цӕрджытӕ базонгӕ сты ирон адӕмы культурӕ ӕмӕ традицитимӕ, фембӕлдысты нӕ республикӕйы зындгонд адӕмимӕ, бакастысты нӕ аивадон коллективтӕ ӕмӕ артистты арӕхстдзинадмӕ. Уыцы стыр ирд бӕрӕгбоны архайдта не ‘мзӕххон лӕппу ЕНАЛДЫТЫ Дзамболат дӕр. Чи у, кӕцӕй, цы архайӕг у?

Ацы фарстытӕн нын дзуапп дӕтты Екатеринбурджы газеттӕй иу: «Еналдыты Дзамболат — «спецназ»-ы хӕстон Цӕгат Ирыстонӕй. Архайдта фӕстаг рӕстӕджы ӕппӕт ӕфсӕддон быцӕуты: дыккаг цӕцӕйнаг кампанийы, Гуырдзы ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ‘хсӕн фондзбонон хӕсты, Хъырым Уӕрӕсеимӕ баиу кӕныны операцийы. Уый фӕстӕ ӕфсадӕй суӕгъд ӕмӕ йӕ службӕ адарддӕр кодта сӕрмагонд ӕфсӕддон компани «Вагнер»-ы, йӕ рӕнхъыты хӕцыд Сирийы республикӕйы. 2017 азы Дзамболат уӕззау цӕф фӕци.

— Уый уыдис 7,62 калибры нӕмыг, бауади сӕры. ӕртӕ мӕйы мӕхимӕ не ‘рцыдтӕн, фӕдӕн цард ӕмӕ мӕлӕты ‘хсӕн. Уӕдӕй нырмӕ архайын мӕ уавӕр фӕхуыздӕр кӕныныл. Мӕ рахиз къух бирӕ рӕстӕг мӕ коммӕ нӕ каст, — дзырдта хӕстон.

Дзамболат нӕ бӕстӕйы алы рӕтты къорд реабилитацион центры хуыссыд. Ныртӕккӕ йын медицинон ӕххуыс дӕттынц Екатеринбурджы «Дохтыр Волковайы клиникӕ»-йы. Куыд зӕгъы, афтӕмӕй йын ацы медицинон уагдонӕй тынг ӕппӕлыдысты йӕ райгуырӕн Ирыстоны.

Хӕстонмӕ ис бирӕ хӕрзиуджытӕ, уыдонимӕ — «Вагнер»-ы майдантӕ, Кады гӕххӕттытӕ ӕмӕ арфӕтӕ командыгӕнджытӕй.

— Мах нӕхицӕн стыр кадыл нымайӕм ахӕм пациентӕн баххуыс кӕнын, — зӕгъы «Дохтыр Волковайы хӕрзаудӕн фонд»-ы разамонӕг Татьянӕ Баланчук. — Куы фӕцӕф, уӕдӕй нырмӕ кӕд бирӕ рӕстӕг рацыд, уӕддӕр мах, нӕ бон цы у, уый кӕнӕм, ӕмӕ уыцы ӕххуысы мадзӕлттӕн ис ӕвӕрццӕг фӕстиуджытӕ. Диссаг та нӕм уый кӕсы, ӕмӕ Дзамболат Ирыстоны ӕрдхӕрӕны поэт Хетӕгкаты Къостайы чиныг «Ирон фӕндыр» кӕрӕй-кӕронмӕ йӕ зӕрдыл кӕй дары, иудадзыг нын дзуры йӕ ‘мдзӕвгӕтӕ».

Хъайтар йӕхӕдӕг та зӕгъы:

— Хорзырдӕм ивддзинӕдтӕ ӕцӕгдӕр ис. Мӕ къухтӕ ӕмӕ къӕхтӕ гыццылгай змӕлын райдыдтой. Ӕз ӕууӕндын, алцыдӕр хорз уыдзӕн, мӕ ныфс нӕ сӕтты — нӕхимӕ мӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц мӕ ныййарджытӕ, хӕрӕфырттӕ ӕмӕ ме ‘мбӕлттӕ.

Дзамболаты мад Еналдыты Бертӕ нын куыд радзырдта, афтӕмӕй йӕ лӕппуйыл 5 сентябры сӕххӕст уыдзӕн 37 азы. 46-ӕм скъола каст фӕуыны фӕстӕ бацыд Хӕххон-металлургон институты юридикон факультетмӕ, каст ӕй куы фӕци, уӕд ӕм фӕсидтысты ӕфсады рӕнхъытӕм. Дарддӕр — контракт… Стӕй, Екатеринбурджы газеты куыд ныффыстой, афтӕ рауад йӕ хъысмӕт. Уӕззау цӕфы фӕстиуджытӕ аиуварс кӕныныл архайынц уӕдӕй абонмӕ ныййарджытӕ Еналдыты Савели ӕмӕ Бертӕ. Уый та тынг зынаргъ хъуыддаг у — хъӕуы бирӕ ӕхцайы фӕрӕзтӕ, уымӕн ӕмӕ реабилитацион центрты медицинон ӕххуысад дӕттынц ӕхцайы фӕрӕзтыл. Ӕфсӕддон пенси нӕ исы — ӕфсӕддон-медицинон къамисы хатдзӕг кӕмдӕр уагдӕтты ‘хсӕн фесӕфт, ӕмӕ йын Бертӕ ныртӕккӕ архайы йӕ фӕд ссарыныл. Бирӕ уагдӕтты къӕсӕрӕй бакаст мад ӕххуысагур. «Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнджыты фонд»-ы йын загътой, махмӕ, дам, ӕхцайы фӕрӕзтӕ нӕй. Фӕлӕ разынд, ӕххуысы къух ӕм чи ‘рбадардта, ахӕмтӕ — фыццаджыдӕр, сӕрмагонд ӕфсӕддон компани «Вагнер», стӕй, Барбашовы уынджы Георгий — Уӕлахизхӕссӕджы Стыр аргъуаны протоиерей Леониды ӕххуысгӕнӕг Ольгӕ Иванова. Ацы Стыр аргъуан Дзамболатӕн балхӕдта ахӕм рынчынӕн хъӕугӕ сынтӕг. Ууыл дӕр не ‘рлӕууыд Ольгӕ Иванова, фӕлӕ Бертӕимӕ бацыд РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг ӕмӕ РЦИ-Аланийы Хицауады Администрацийы разамонӕг Гобеты Ибрагиммӕ ӕмӕ йын хъуыддаг бамбарын кодта. Ибрагимӕн, республикӕйы Сӕргълӕууӕг ӕмӕ Хицауадӕн стыр бузныг — цы 400 мин сомы йын радих кодтой, уыдон ын сфаг сты Екатеринбургмӕ «Дохтыр Волковайы клиникӕ»-йы реабилитаци ацӕуынӕн. ӕххуысгӕнджыты рӕнхъыты ис хӕрзаудӕн фонд «Быть добру»-йы разамонӕг Хъуысаты Амырхан дӕр, ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Дзамболаты ӕмбӕлттӕ — уыдон ӕй ӕппындӕр уӕгъд нӕ уадзынц, сӕ бон цӕмӕй у, уымӕй фӕкӕсынц Еналдыты бинонтӕм.

Бертӕ куыд зӕгъы, афтӕмӕй йӕ лӕппумӕ Мӕскуыйы клиникӕтӕй иуы ӕнхъӕлмӕ кӕсынц йе ‘нӕниздзинады хорзырдӕм ивддзинӕдтӕ ныффидар кӕнынмӕ, фӕлӕ уымӕн дӕр дзӕвгар фӕрӕзтӕ хъӕуы. Ильинаг аргъуан зӕрдӕ бӕргӕ ӕвӕры, фӕлӕ уыдонмӕ дӕр цанӕбӕрӕг ӕхца ис. Бертӕ нӕм ӕрбахаста, ӕфснайӕн банк «Сбер»-ы Еналдыты бинонтӕ цы хыгъд байгом кодтой, уый. ӕнӕмӕнг, Ирыстоны разындзӕн, хъӕбатыр хӕстонӕн феххуыс кӕнын кӕй бафӕнда, ахӕм хӕрззӕрдӕ рӕдау адӕймӕгтӕ, амалхъомтӕ. Уыдонӕн сӕ бон Дзамболатмӕ бадзурын у мӕнӕ ахӕм телефоны номырӕй: 8-988-838-55-57. Дохтыртӕ ныфс ӕвӕрынц, йӕ уавӕр ын дзӕвгар кӕй фӕрогдӕр кӕндзысты Мӕскуыйы. Уый та къухы бафтдзӕн, лӕппуйы хъысмӕтмӕ цыфӕндыйы цӕстӕй куы нӕ акӕсӕм, уӕд.

ГАПБАТЫ Алетӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here