Ӕнахъомты бахъахъхъӕнынӕн…

0
26

РЦИ-Аланийы Хицауады Сӕрдары хӕдивӕг ПЛАТЫ Альбинӕ дзы сӕрдариуӕг кодта, афтӕмӕй уыд ӕнахъомты хъуыддӕгты фӕдыл республикон къамисы радон ӕмбырд. Фембӕлды архайджытӕ ӕрдзырдтой, интернеты хызӕджы цы бирӕ алыхуызон криминалон субкультурӕтӕ ӕмӕ ӕндӕр ӕппӕрццӕг идеологи ахӕлиу, уыдонӕй рӕзгӕ фӕлтӕры бахъахъхъӕныныл, стӕй ӕнахъомты ‘хсӕн ӕгъдаухӕлдтытӕ ӕмӕ фыдракӕндтӕ ма ‘руадзыны фӕдыл профилактикон архайдыл.

Ныхасы архайдтой хицаудзинады ӕххӕстгӕнӕг оргӕнты, барадхъахъхъӕнӕг ӕмӕ цӕстдарӕг ведомствӕты минӕвӕрттӕ, ӕнахъомты хъуыддӕгты фӕдыл муниципалон къамисты уӕнгтӕ.

Рӕзгӕ фӕлтӕры алыхуызон ӕгъдаухӕлдтытӕй бахъахъхъӕныны куыст цы организацитӕ кӕнынц, уыдонӕй иу у Фӕсивӕды социализацийы республикон центр. Центр йе ‘рвылбоны архайды цы профилактикон ӕмӕ хъомыладон мадзӕлттӕй пайда кӕны, уый тыххӕй уыд йӕ раныхас Цӕгат Ирыстоны Фӕсивӕды хъуыддӕгты фӕдыл комитеты сӕрдар Джусойты Русланӕн.

Комитеты разамонӕджы ныхасмӕ гӕсгӕ, центры специалисттӕ сӕ цӕст дарынц, уӕззау социалон уавӕры чи бахауд, алыхуызон ӕгъдаухӕлдтытӕм ӕмхиц чи у, уыцы ӕнахъомтӕм, стӕй сӕ бинонтӕм дӕр. Уыцы фӕсивӕдимӕ арӕх фембӕлынц, кӕнынц сын психологон ӕмӕ юридикон ӕххуыс…

Джусойты Руслан куыд бафиппайдта, афтӕмӕй, социалон ӕгъдауӕй цауд уавӕрты чи ис, уыцы кӕстӕртӕн алыхуызон профилактикон ӕмӕ хиирхӕфсӕн фембӕлдтытӕ аразы комитет дӕр. Уыцы ӕнахъомтӕн ис цымыдисаг къордтӕ ӕмӕ спортивон секциты архайыны фадат (уыдон кусынц Фӕсивӕды республикон галуаны цур). Ӕмӕ ахӕм куыстӕн бӕлвырд фӕстиуджытӕ дӕр ис. Зӕгъӕм, йӕ рӕстӕджы Фӕсивӕды социализацийы республикон центры хыгъды чи лӕууыд, уыцы ӕрыгӕттӕй бирӕтӕ, сӕ зыгъуыммӕ зондахастӕй фервӕзгӕйӕ,  фӕстӕдӕр систы фӕсивӕдон ӕмӕ хӕрзаудӕн организациты бархионтӕ, ӕххуыс кӕнынц, зын уавӕрты чи бахауд, уыцы адӕмӕн.

Фӕсивӕды хъуыддӕгты фӕдыл комитет йӕ хъомыладон-профилактикон архайды ӕнгом ӕмгуыстад кӕны РЦИ-Аланийы Мидхъуыддӕгты, Ахуырад ӕмӕ наукӕйы министрадтимӕ, Адӕмӕн куыст дӕттыны комитет ӕмӕ иннӕ республикон ведомствӕтимӕ. Уыцы ӕмархайд цавӕр фӕткы бындурыл рӕзы, уый тыххӕй дзуаппон докладтӕ скодтой профилон ведомствӕты минӕвӕрттӕ.

Ӕмбырдӕн хатдзӕгтӕ кӕнгӕйӕ, къамисы уӕнгтӕ сфидар кодтой сӕ дарддӕры архайды пълан.

СЛАНТЫ Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here