Цӕмӕй кавказаг регионы фидар сабыр цард йӕ тыхы бацӕуа, уый тыххӕй Уӕрӕсе цӕттӕ у Тбилис, Цхинвал ӕмӕ Сухумы ‘хсӕн ныхас саразынмӕ. Ахӕм хатдзӕг скодта Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады официалон минӕвар Мария ЗАХАРОВА.
2008 азы августы цы хӕстон цаутӕ ӕрцыд, уыдоны 16-ӕм азмӕ Мӕскуы рӕгъмӕ рахаста йӕ фӕндӕттӕ. Мария Захарова куыд фӕбӕрӕг кодта, афтӕмӕй Мӕскуы у Женеваг ныхас бацӕттӕ кӕныны фарс, ома Тбилис, Цхинвал ӕмӕ Сухумы ‘хсӕн тыхы фӕрцы фарстатӕ лыг кӕнын ма бауадзын.
«Мах куыд нымайӕм, афтӕмӕй ныхасы архайджытӕ хъуамӕ сӕ хъомысӕй фылдӕр пайда кӕной, фыццагдӕр бацархайой тыхы фӕрцы фарстатӕ лыг кӕнын ма бауадзыныл. Иуырдыгӕй, ома Тбилис, иннӕрдыгӕй та — Сухум ӕмӕ Цхинвал, афтӕмӕй. Ахӕм юридикон хӕстӕ райсгӕйӕ, зӕрдӕ дарӕн ис, ӕмӕ та 2008 азы трагикон цаутӕ не сног уыдзысты. Уавӕр банывылӕн хорз фӕахъаз уыдзӕн гуырдзиаг-хуссарирыстойнаг ӕмӕ гуырдзиаг-абхазаг арӕнтӕ сбӕлвырд кӕнын ӕмӕ сӕ фӕстӕдӕр бынӕтты сбӕрӕг кӕнын», — загъта дипломат.
ТАСС














