Ныфсдӕттӕг сфӕлдыстад

0
170

РЦИ-Аланийы Национ музейы равдыстыты залы уыд УФ-йы Нывгӕнджыты цӕдисы уӕнг  ЦӔГӔРАТЫ Максимы аивадон куыстыты равдыст. Архайдтой дзы  нӕ республикӕйы   Нывгӕнджыты цӕдисы разамынд ӕмӕ уӕнгтӕ, Цӕгӕраты мыггаджы минӕвӕрттӕ, Национ музейы кусджытӕ,  студенттӕ ӕмӕ  аивадуарзджытӕ.

Курдиатджын нывгӕнӕг  Цӕгӕраты Максим йӕ равдыст сарӕзта Цӕгат Ирыстоны автономийы, Ирыстон Уӕрӕсеимӕ баиуы, стӕй, Дзӕуджыхъӕуӕн бындурӕвӕрд куы ‘рцыд, уыцы юбилейон кадджын зӕрдылдарӕн цауты номыл. Равдыст арӕзт ӕрцыд Национ музейы разамынд ӕмӕ йӕ кусджыты хъӕппӕрисӕй. Йӕ гом кӕныны кадджын ӕмбырды  Цӕгӕраты Максимӕн, равдыст саразджытӕн, аивадуарзджытӕн арфӕ ракодтой: Национ музейы директор Цуциты Аслан, зындгонд архитектор ӕмӕ нывгӕнӕг Саулаты Валери, стӕй равдысты автор йӕхӕдӕг.

Цӕгӕраты Максим нын куыд радзырдта, афтӕмӕй йӕ царды фылдӕр хай арвыста, Кӕсӕг-Балхъар ӕмӕ Мӕскуыйы цӕргӕйӕ. Каст фӕци Налцыччы 2-ӕм астӕуккаг скъола. Ахуыр кодта Бетъырбух ӕмӕ Мӕскуыйы аивадон институтты. Йе сфӕлдыстады фылдӕр йе ‘ргом здахы портрет, натюрморт ӕмӕ пейзажы жанртӕм.  Архайдта Цӕгат Кавказ ӕмӕ нӕ бӕстӕйы нывгӕнджыты аивадон цалдӕр равдысты. Йӕ куыстытӕ  сты нӕ республикӕйы Тугъанты Махарбеджы аивадон музейы фондты, Уӕрӕсе ӕмӕ фӕсарӕнты аивадуарзджыты хи коллекциты.

Национ музейы равдыстыты залы Цӕгӕраты Максимӕн цы равдыст байгом, уым аивадуарзджытӕ фендзысты  ссӕдз аивадон куыстӕй фылдӕр.  Кусдзӕн  ацы азы  12 сентябрмӕ.

ГАСАНТЫ Валери

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here