Хуссар Ирыстоны байгом кодтой цыртдзӕвӕн, 2008 азы августы хъӕбатырӕй чи фӕмард, уыцы хӕстон тӕхӕг Владимир ЕДАМЕНКОЙӔН. Мадзалы архайдтой республикӕйы хицауад, сӕ сӕргъы — ГАГЛОЙТЫ Алан, афтӕмӕй, Уӕрӕсейы минӕварад ӕмӕ республикӕйы уагдӕтты минӕвӕрттӕ.
«Едаменко йӕ царды фӕстаг уысмы онг йӕ хӕстон хӕдтӕхӕджы штурвал йӕ къухтӕй не суӕгъд кодта, ӕмӕ йӕ цард аскъуыд «фӕндзӕм фурды» — уӕларвы. Хуссар Ирыстоны зӕххы тыххӕй, йӕ хӕдбардзинад ӕмӕ фидӕныл йӕ цард цы хъайтар ратта, уый ном хъуамӕ мах ӕнустӕм нӕ зӕрдыл дарӕм», — загъта Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов. Уый ма арфӕ ракодта Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрад ӕмӕ Хуссар Ирыстоны Хицауадӕн, цыртдзӕвӕн саразынӕн кӕй феххуыс кодтой, уый тыххӕй.
Республикӕйы Президент Гаглойты Алан бахахх кодта, абон Уӕрӕсейы хъӕбатыр хӕстонтӕй иуӕн кӕй гом кӕнынц цыртдзӕвӕн: «Хӕстон тӕхӕг хъӕбатырӕй фӕмард. Мах хӕс у мыггагмӕ нӕ зӕрдыл дарын Хуссар Ирыстон хъахъхъӕнджыты ӕмӕ, Гуырдзыйӕн йӕ хӕцӕнгарз чи ӕрӕвӕрын кодта сабырдзинады охыл, уыдоны. Се сгуыхтдзинад нӕ зӕрдӕты баззайдзӕн ӕмӕ уыдзӕн дӕнцӕг нӕ республикӕйы цӕрджытӕ ӕмӕ фидӕны фӕлтӕртӕн».
Уый фӕстӕ министрадтӕ ӕмӕ уагдӕтты минӕвӕрттӕ цыртдзӕвӕныл дидинджытӕ ӕмӕ веноктӕ сӕвӕрдтой.
Уӕрӕсейы Президенты Указмӕ гӕсгӕ, 2008 азы 5 сентябры Владимир Едаменкойӕн (йӕ мӕлӕты фӕстӕ) лӕвӕрд ӕрцыд Уӕрӕсейы Хъӕбатыры ном. Хӕрзиуӕг раттой тӕхӕджы цардӕмбал Маринӕ Едаменкойӕн.
2019 азы февралы Хуссар Ирыстоны Президенты Указмӕ гӕсгӕ, Владимир Едаменко (йӕ мӕлӕты фӕстӕ) хорзӕхджын ӕрцыд Республикӕ Хуссар Ирыстоны бӕрзонддӕр хӕрзиуӕг — «Уацамонгӕ»-йы орденӕй.
(Информацион агентад «Рес»)














