Ӕмгуыстад: Китай ӕмӕ Цӕгат Ирыстон фӕхӕстӕгдӕр сты

0
206

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Сергей МЕНЯЙЛО видео-конференц-бастдзинады хуызы архайдта Цӕгат Ирыстон ӕмӕ Китайы провинци Фуцзяны ‘хсӕн ӕмгуыстады тыххӕй ӕмбырды. Китайы ‘рдыгӕй дзы архайдтой: инвестициты къабазы ӕппӕт дунейы хъуыстгонд специалист Шарбель Халил НАДЕР ӕмӕ провинци Фуцзяны Экономикон рӕзты зонӕйы хицауады минӕвар Рен Инь. Мадзал амыдта проекты амидингӕнӕг ГУСАТЫ Иринӕ.

Ӕмбырды ныхас цыди, ӕмгуыстады хорз фидӕн кӕмӕн ис сырӕзынмӕ, ахӕм нысантыл — ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады, ахуырады, промышленнон ӕмӕ туризмы къабазы, хъӕууон хӕдзарады, культурӕйы, спорты. Алы хъӕппӕристыл дӕр ныхас кодтой сӕрмагондӕй.

— Мӕнмӕ гӕсгӕ, не ‘мгуыстад ахъаз уыдзӕн, куыд Цӕгат Ирыстонӕн, афтӕ провинци Фуцзянӕн дӕр. Цы фарстатыл дзурдзыстӕм, уыдоны лӕмбынӕг раиртасын хъӕуы нӕ дыууӕты дӕр, цӕмӕй дарддӕр иу фӕндмӕ ӕрцӕуӕм, уый тыххӕй,  — загъта регионы Сӕргълӕууӕг.

Сергей Меняйло Китайы минӕвӕрттӕм, провинци Фуцзянь ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны экономикон рӕзтыл хорзырдӕм чи фӕзындзӕн, ахӕм базарадон ӕмӕ культурон бастдзинӕдтӕ бафидар кӕныны тыххӕй иумӕйаг пълан саразыны фӕндон бахаста. Шарбель Халил Надер куыд загъта, афтӕмӕй Цӕгат Ирыстонимӕ ӕмгуыстад дыууӕ регионы экономикӕтӕн дӕр тынг бӕрзонд ӕвӕрццӕг фӕстиуджытӕ ратдзӕн.

Сӕрмагондӕй Китайы минӕвӕрттӕ загътой, хорз уаид медицинон уагдӕтты хардзгӕнӕн ӕрмӕгӕй ифтонг кӕнын. Ахуырады къабазы ӕмбырды архайджытӕ ахӕм хъуыдымӕ ӕрцыдысты, цӕмӕй арӕзт ӕрцӕуа дыууӕ дипломы программӕ ӕмӕ уа гӕнӕн кӕрӕдзийы студенттӕ баивынӕн, регионты культурон ӕмӕ академион бастдзинӕдтӕ фӕуӕрӕхдӕр кӕнынӕн, стӕй Уӕрӕсе ӕмӕ Китайы фӕлварӕнты бӕрӕггӕнӕнтӕ кӕрӕдзийы ‘хсӕн нымадмӕ райсынӕн.

— Уыцы хъӕппӕристӕ фӕпайда уыдзысты ӕрмӕст студенттӕ ӕмӕ ахуырадон уагдӕттӕн нӕ, фӕлӕ ма сӕ руаджы нӕ регионты ӕмгуыстад ӕмӕ кӕрӕдзи ӕмбарынад ноджы фӕарфдӕр уыдзӕн, — фӕбӕрӕг кодта Шарбель Халил Надер.

ГАПБАТЫ Алетӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here