РЦИ-Аланийы Хицауад æмæ Уæрæсейы Сфæлдыстадон архайды барты центр бафыстой æмгуыстады бадзырд. Документы сæ къухтæ сæвæрдтой РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис æмæ центры разамонæг Андрей Кричевский.
Ныр кампанийы бæрны уыдзысты Уæрæсейы Сфæлдыстадон архайды центры алыхуызон платформæтæ æмæ сервистæ, уыдоны руаджы æнæматериалон активтæ ахадгæдæр хуызы хъахъхъæд цæудзысты. Цæгат Ирыстоны бон уыдзæн, интеллектуалон исбонад цъынды райсгæйæ, фæлварæн проект царды рауадзын. Пайда кæндзæн амалхъомады инновацион æмæ æфстæутты авналæнтæй.
Центримæ æмгуыстады руаджы республикæ, нымæцон хуызмæ интеллектуалон бартæ раивгæйæ, разамынд дæттынмæ бавналдзæн. Коммерцион зилдухмæ æнæматериалон активтæ раивынæн фæзындзæн фылдæр фадæттæ. РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй Цæгат Ирыстон æххæст у интеллектуалон ногдзинæдтæй, бакуыстытæй, æндæр ахæм бартæй.
«Кусы нæм, дунейы æмбал кæмæн нæй, ахæм завод «Баспик» уадзы микроканалон пластинæтæ. Ног техникон фæндæттæй пайда кæнынц сæ куыстады, уыдон базарадмæ рахæссыны тыххæй æппæт фæзилæнтæ дæр хъуамæ нымад, барст æрцæуой. Ацы ценрты руаджы уыцы нысантæ æххæстгонд æрцæудзысты», – бафиппайдта республикæйы Сæргълæууæг.
Уый ма рæгъмæ рахаста, фидæнмæ, ома, 2030 азмæ, Сфæлдыстадон индустриты рæзты республикон концепци кæй бацæттæ кодтой, уый дæр. Андрей Кричевский куыд радзырдта, афтæмæй нымæцон технологитæй пайда кæнын фадæттæ аразы æнæматериалон активтæ цъынды дæттыны фæлварæн проектæн. Уыдæтты тыххæй æрхаста бæлвырд дæнцæгтæ.
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг æмæ Хицауады
пресс-службæ













