Цæгат Ирыстон хъæздыг у курдиатджын фæсивæдæй. Уыдон тырнынц рæсугъд фидæнмæ æмæ нæ республикæйы хæрзæбонæн архайынц алыхуызон фæсивæдон мадзæлтты. Сæ фыдæбон æнæр-
хъуыдыйæ нæ баззад.
Знон РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис Хицауадон премийæ схорзæхджын кодта, фæсивæдон политикæйы æнтыстджын къахдзæфтæ чи кæны, уыцы раззагдæр минæвæртты. РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ йæхи номæй сын ракодта зæрдæбын арфæтæ.
– Рæзгæ фæлтæры æнцой ‘рлæууын, сæ хорз фæндтæ сын царды ра-
уадзынæн республикæйы разамынд æххуыс кæны. Цæгат Ирыстон бирæнацион æмæ бирæ динты регион у, æмæ, ацы ран алы адæмты фæсивæды минæвæрттæ куыд хæларæй æмæ æнгомæй архайынц нæ иумæйаг хæдзары амондджын цардыл, афтæ бирæ рæтты нæ. Сæрæн стут алы хъуыддаджы дæр æмæ уый уæлдай æхсызгон у, не уæнгты нын ныфс уадзут райгуырæн бæстæйыл æнувыддзинадæй. Уырны мæ, сымах хуызæн фæрнджын кæстæртæ кæм ис, уыцы ран фарн æмæ амонд кæй цæрынц. Ныр та мын бар раттут уæ фæзминаг хъуыддæгты фæдыл уын паддзахадон преми саккаг кæнын, – загъта Дзанайты Барис.
Фæсивæдон политикæйы æнтыстджын архайды фæдыл РЦИ-Аланийы Хицауадон премийы лауреаттæ систы: Æбиты Валери, Цæгат Ирыстоны паддзахадон базарадон-экономикон колледжы директор; Касаты Аслæнбег, РЦИ-Аланийы Фæсивæды комитеты «Æфсæддон-патриотон хъомылад»-ы центры хайады хицау æмæ Дойаты Зелим, Хæххон аграрон университеты хъомыладон хайады хицау.
Саутæты Тамилæ














