Хъихъгæнаг хуыфæг та фæзынд

0
22

«Роспотребнадзор»-ы республикон управленийы пресс-службæ куыд  хъусын кæны, афтæмæй Цæгат Ирыстоны 2024 азы рабæрæг хъихъгæнаг хуыфæджы (коклюш) 22 цауы. Сæ фылдæр сты сывæллæттæ. Æмхуызонæй сын низы ныхмæ прививкæ конд не ‘рцыд.

Ацы службæйы бæрнон кусæг Цæрикъаты Мæдинæ куыд æмбарын кæны, афтæмæй низ ма ‘руадзыны хуыздæр фæрæз йæ афоныл у вакцинæ скæнын. «Прививкæ кæнынмæ бавналынц, сабийыл 3, 4, 5 æмæ 6 мæйы куы рацæуы, уæд. Ногæй йæ скæнынц, сывæллоныл 18 мæйы куы сæххæст вæййы, уæд», – зæгъы «Роспотребнадзор»-ы регионалон управленийы кусæг.

Хъихъгæнаг хуыфæджы инфекцимæ цæст фæдарыны тыххæй службæ скодта ног фæтк. Уый руаджы низ рапарахат кæнын æмæ дзы фæрынчын уæвын зынгæ фæныллæгдæр уыдзæн. Цæрикъаты Мæдинæйы ныхасмæ гæсгæ, сæ бон
бауыдзæн регионы санитарон-эпидемиологон хъуыддæгты ахадындзинад бæрæг кæнын.

Документмæ бахастой хъихъгæнаг хуыфæгмæ цæст дарыны æмæ дзы амæлыны цаутæм къæрцхъус уæвыны нысантæ. Уымæй уæлдай, хъуамæ сабитæн кæной хъихъгæнаг хуыфæджы ныхмæ вакцинæ, сывæллæттæм цы иммунитет фæзындзæн, уый ахадындзинад дæр бæрæггонд цæудзæн.

 

Нæ уацхæссæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here