Битартæ стыр мыггаг сты æви гыццыл, уый мæнæн зын зæгъæн у, фæлæ мæ фæнды ацы зындгонд мыггагæй 82-аздзыд Битарты Бесойы фырт Чермены (Георгийы) тыххæй радзурын. Мæ сыхаг у. Арæх, йемæ ныхас кæнгæйæ, фехъусæн вæййы: «Æз тынг амондджын дæн! Иуæрдыгæй дæр мын аст хойы, каисты æрдыгæй дæр мын – аст …»
Чермены дæс æмæ ссæдз азæй фылдæр зонын. У фыдæбонгæнæг адæймаг, дзæвгар азты куыста завод «Электроцинк»-ы. Бирæ адæмтæ фæзæгъынц, цæрын æнцон нæу, зæгъгæ. Чи зоны, царды фæлтæрддзинад а зæххыл кæмæ ис, уыдон растдæр зæгъдзысты, фæлæ, рæстæг куыд ивы, фæзилæнтæ дæр афтæ сæхи æвдисынц æмæ сахадынц адæймаджы хъысмæтыл.
Цæвиттон, бирæ ракæ-бакæ фæкодтой рæстæджы зилдухæнты Битарты бинонтæ хуыздæр цардагур, стæй 1957 азы Горæтгæрон районы Джызæлы Первомайскийы уынджы æрцардысты. Сæдæ азæй фылдæр фæцард бинонты хистæр Битарты-Тыджыты Натъо (Деда йæ хуыдтой), Бесойы мад. Битарты Бесо йæ цардæмбал Голлоты Нинæимæ схъомыл кодтой иуæндæс сывæллоны: Дуся, Зоя, Чермен, Барис, Валя, Светæ, Ирæ, Фатимæ, Белæ, Людæ, Левæ, … Советон Цæдис ма уыд, афтæ йын радтой бирæ майдантæ æмæ Мад-Хъæбатыры ном Сызгъæрин стъалыимæ.
Фæсслужбæ Чермен йæ амонд ссардта æмæ бацис елхотаг Бызыккаты Ладо æмæ Маряйы сиахс, аст хойæ æртыккаг – саулагъз, рæсугъд Фатимæ æркуывта Битарты фæрныг хæдзармæ Джызæлмæ. Бирæ бинонтæн иумæ цæрæн нæ уыд, æмæ рацыдысты Дзæуджыхъæумæ. Æрцардысты 1974 азы Промышленнон районы Серобабовайы уынджы. Сæрæн лæппулæг Чермен æгас
сыхбæстæйæн дæр уыд «цума»-йы лæдзæг: рухсыты телтæ, цалцæггæнæн куыстытæ, уæззауыл схæцын æмæ афтæ дарддæр, – алцæмæй дæр сын æххуыс кодта.
Битары-фырт йæхи бауарзын кодта алкæмæндæр, сæ курдиæттæй йæхи никуы ницæмæй фæиуварс кодта. Ныр ыл азты уæз æрæнцад. Рæстуд æмæ фæрнæй фæцæрын алкæй къухы не ‘фты. Чермен йæ кæстæртæн арæх фæдзуры: «Алцыдæр æгъдауæй фидауы, æгъдауæй бæрзонддæр ницы ис, худинаджы хабар уæ мæ хæдзармæ мачи æрбахæссæд». Æмæ йæм йæ кæстæртæ, куыд куырыхон хистæрмæ, бæстон хъусæг уыдысты æмæ сты абон дæр. Ныр ыл 82 азы рацыд, зивæг цы у, уый нæ зоны. Райсомæй раджы хæхтæй ирдгæ куы радымы, уæд Терчы былтыл ссæуы Плиты Иссæйы цыртдзæвæны онг æмæ фæстæмæ Терчы былтыл ныццæуы йæ уарзон хæдзармæ.
– Иумæйаг кæрты цæрæм, ис мын хорз сыхæгтæ, хорз сыхаг хорз æфсымæрæй уæлдай нæу, – фæзæгъы нырма дæр сæрæн, фæлæ ацæргæ нæлгоймаг. – Ацы хæдзар уыд «Электроцинк»-ы заводы раздæры æмдзæрæн. Тынг æдзæллаг уавæры уыд, фæлæ дзы нырмæ дæр цæрæм, хуыздæр уавæртæм бæлгæйæ.
Рæстæгыл нæ фадат куыд амыдта, нæ бон куыд уыд, афтæ аивтам рудзынгæй, дуарæй, алы цæрæгмæ дæр дон бауагътам, скодтам хихсæнтæ, суанг кæртмæ æрбацæуæн схуызæнæн кодтам, сæвæрдтам кулдуар æмæ афтæ дарддæр. Хуыздæрхъуаг сты, бæргæ, нæ цæрæн къуымтæ дæр, фæлæ, цы ис, уымæй хуыздæр уавæртæ къухы зынтæй æфты. Исчи та нын йæ хуыздæр хæдзар нæ ратдзæн…
Уæдæ нæ сыхбæстæ сты алы хъæутæй: Джызæл, Ольгинскæ, Кировы хъæу, Къора-Урсдон, Бæтæхъойы хъæу, Змейкæ, Елхот, Тарскæйæ, чи та – Хуссарæй алы мыггæгтæй: Дойатæ, Айлартæ, Еналдытæ, Битартæ, Цогойтæ, Беджызатæ, Музайтæ, Бызыккатæ, Джабитæ, Хъаратæ, Бестолтæ, Добатæ, Гойатæ, Дзустæ, Æлбортæ, стæй сомихæгтæ æмæ уырыссæгтæ…
Иумæ цæрæм æнгомæй, сты æгъдаухæссæг, зынаргъ мын сты, сæ хъæбулты хуртæй бафсæдæнт! Нæ бæрæгбæтты кæрæдзимæ цæуæм, нæ цин, нæ хъыг – иумæйаг, нæ цæхх-къæбæр нæ дих кæнæм…
Хорз кæстæртæ схъомыл кодтой Чермен йе ‘мкъай Фатимæимæ: дыууæ чызджы æмæ иу фырт: Маринæ, Зæринæ æмæ Руслан. Чызджытæ сæ амæндтæ ссардтой, ис сын цот.
Фыды зæрдæйы ис стыр бæллиц: цæмæй йæ кæстæр хъæбул, РЦИ-Аланийы Паддзахадон кæфтыты ансамбль «Алан»-ы сгуыхт хореограф Битарты Руслан тагъд рæстæджы йæ амонд ссара.
– Азтæ тæхынц, æмæ мæ фæстæ хорз фæд ныууадзон, бирæ æмæ хорз кæстæртæ, – зæгъы, Джызæлы хъæуы Первомайскийы уынджы дзæвгар азты чи фæцард, уыцы Битарты Бесойы фырт Чермен.
Бирæ нын фæцæр, нæ дзæбæх сыхаг, нæ буц, нæ уарзон хистæр, Чермен, дæ фæндтæ тагъд рæстæджы сæххæст уæнт!
Беджызаты Ирæ














