Фембæлды райдайæны Сергей Меняйло Уæрæсейы Президентæн бузныг загъта, амæй размæйы фембæлдтыты Владимир Путин РЦИ-Аланийы дарддæры социалон-экономикон райрæзтимæ бастæй федералон министрадтæ æмæ ведомствæтæн цы сæрмагонд амынддзинæдтæ ратта, уыдоны тыххæй. «Æппæт уыцы нысантыл ахадгæ куыст цæуы, куыд федералон структурæты, афтæ республикæйы Хицауады æмвæзадыл дæр. Афтæмæй бæлвырд фæткы бындурыл уыцы амынд-
дзинæдтæ æххæстгонд цæуынц», – бафиппайдта регионы разамонæг.
Дарддæр Сергей Меняйло æрлæууыд, фæстаг æртæ азы дæргъы цы ахсджиаг объектты цалцæг æмæ арæзтадыл куыст цыд, ууыл. Йæ ныхасмæ гæсгæ, дзуаппон рæстæгмæ цалцæг æмæ арæзтады проекттæм бахастæуыд 700 объектæй фылдæр. «Уымæй уæлдай, стыр æргом здæхт цæуы вазыгджын инвестицион проекттæ царды рауадзынмæ. Уыцы нысанæн ныридæгæн дихгонд æрцыд зæххы 60 хайы – уым æрбынæттон уыдзысты ног куыстуæттæ. Æмткæй райсгæйæ, æппæт уыцы инвестицион проектты аргъ схæццæ уыдзæн 80 миллиард соммæ. Уыдонæй: 2022 азы хыгъдмæ – 24 миллиарды, 2023 азы – 32 миллиарды æмæ ацы азы – 40 миллиард сомы бæрц», – загъта республикæйы Сæргълæууæг.
Райрæзты проекттыл дзургæйæ, Сергей Меняйло куыд фæнысан кодта, афтæмæй ахадгæ куыст цæуы Беслæны дарддæры социалон-экономикон рæзты программæйыл дæр. Федералон Хицауад цы программæ сфидар кодта, уый бындурыл Беслæны æххæстгонд цæуынц 49 алыхуызон цалцæггæнæн æмæ арæзтадон мадзалы. Уыцы мадзæлттæн сæ иумæйаг аргъ у 8 миллиард сомы бæрц. Республикæйы разамонæджы ныхасмæ гæсгæ, амынд программæйы уагæвæрдтæ азы кæронмæ æххæстгонд æрцæудзысты.
Туристон-рекреацион комплекс «Мамысон», Дзæуджыхъæуы иувæрс-
ты фæндаджы арæзтады æртыккаг къæпхæн, контролон-уадзæн пункт «Уæллаг Ларс»-ы хъомыс, ног дыргъдæттæ – ацы æмæ иннæ проекттыл дæр ныхас рауад фембæлды.
Дарддæр æргом аздæхтæуыд сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонтæн æххуысы фарстатæм. Сергей Меняйло куыд бафиппайдта, афтæмæй иудадзыгон цæстдард ис, сæрмагонд æфсæддон операцийы чи архайы, уыцы службæгæнджытæ æмæ бархионтæн æппæтвæрсыг æххуысмæ. Уыцы нысаныл ныридæгæн республикæ схардз кодта 1,5 миллиард сомæй фылдæр (уыимæ, уыцы фæрæзтæ æрбафтыдысты æнæбюджетон гуырæнтæй). Республикæйы разамонæджы ныхасмæ гæсгæ, æппæт сæвзæргæ фарстаты фæдыл дæр регион æнгом æмархайд кæны УФ-йы Хъахъхъæнынады министрад æмæ æндæр федералон ведомствæтимæ.
«Сæрмагонд æфсæддон операцийы чи архайы, æппæт уыцы службæгæнджытæ æмæ бархионты бинонтæн сарæзтам социалон паспорттæ (уыцы гæххæтты бындурыл амынд къорды адæм исынц алыхуызон уæлæмхасæн æххуыс æмæ социалон лæггæдтæ). «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» фонды цæгатирыстойнаг хайады, республикæйы Фæллой æмæ социалон рæзты министрад æмæ иннæ ведомствæты минæвæрттæ арæх бабæрæг кæнынц уыцы бинонты, аудынц сыл», – фæнысан кодта Сергей Меняйло.
Регионы разамонæджы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы тæлмы чи ис, уыцы ирыстойнæгты номыл республикæ иудадзыгдæр æрвиты гуманитарон æххуыс æмæ æндæр хъæугæ фæрæзтæ. Абоны онг уал æфсæддон операцийы тæлммæ æрвыст æрцыд алыхуызон уæзæгты 1,5 мин тоннæйæ фылдæр. Дыууæ къуырийы иу хатт та уырдæм аласынц нуазыны дон – 20-30 тоннæйы бæрц…
Зындгонд куыд у, афтæмæй Цæгат Ирыстон æмцегад кæны Запорожьейы облæсты Черниговкæйы районыл. «Уыцы районæн æххуысы программæ арæзт æрцыд 3 азæн. Уый бындурыл куыст цæуы ахсджиаг социалон объектты цалцæг æмæ рацарæзтыл. 2022 азы куыстытæ афойнадыл æххæстгонд æрцыдысты, 2023 азы пълантыл дæр ахадгæ архайд цæуы», – радзырдта Сергей Меняйло.
Ныхасы архайджытæ æркастысты донæфсисады хызæгты модернизацийы, рæвдауæндæттæ, скъолатæ æмæ æндæр социалон кусæндæтты цалцæг æмæ арæзтады фарстатæм дæр.
Сланты Аслан














