Демократон барадон паддзахад

0
179

Политологийы ис ахæм хъуыды, зæгъгæ, алы паддзахады дæр 25-30 азы дæргъы æрцæуы политикон ивддзинæдтæ, уымæн æмæ фыццæгтæ базæронд вæййынц, æмæ сæ фæхъæуы баивын. Дунейы нæ алыварс æрцыдис бирæ ног ивддзинæдтæ. Советон Цæдис æрмæст кæйдæрты зондæй хæлд не ’рцыдис, фæлæ йæ размæ цы æнæлыггонд фарстатæ æвзæрд, уыдон хорзæрдæм аразын нал фæрæзта. Йæ алыварс цы паддзахæдтæ уыд, уыдон архайдтой æмæ тырныдтой уымæ, цæмæй Цæдис фехæла. Уый фæстаг азты тынг ирдæй разынд.

Дыууын фыццæгæм æнус райдыдта уымæй, æмæ Уæрæсейы ног разамынд куыддæртæй фæлвæрдта къуырцдзæвæнæй рацæуын, фæлæ йын ницы бантыст. Знæгтæ сæ кæнон нæ уагътой. Æз хорз хъуыды кæнын Владимир Путины зындгонд раныхас Мюнхены 2007 азы, 10 февралы. Уæд уый Европæйæн æргомæй загъта, уæ архайдыл уый фæстæ фæсмон кæндзыстут, зæгъгæ. Бирæ сын фæрæзта Уæрæсе, фæлæ дарддæр гæнæн куы нал уыд, уæд 2022 азы нæ бæстæйы бахъуыд, февралы сæрмагонд æфсæддон операци саразгæйæ, Украинæмæ бацæуын. Уымæй загътам Европæйæн æмæ æгас дунейæн дæр, афтæ дарддæр нал фæразæм. Уæрæсе у хæдбар паддзахад æмæ никæй раз æрлæудзæн дæлдæр, йæ размæ цы фарстатæ лæууы, уыдон лыг кæндзæн йæхæдæг.

Дæрдтыл уымæн дзурын, цæмæй æрымысæм, æмæ ног хуызы æркæсæм цы æрцыд 30 азы размæ, уыцы хъуыддæгтæм.

Уæд, 1994 азы 2 ноябры, Цæгат Ирыстоны Сæйраг Совет сфидар кодта нæ республикæйы Конституци.

Адæм разы нал уыдысты уыцы рæстæджы хицауады разамындæй. Хъуыдис дзы æмæ рæстæг дæр домдта ногдзинæдтæ. Цыдæр дзы ивын хъæуы, уый æм-
бæрстой дзыллæтæ, фæлæ куыд æмæ кæд, уый бæлвырд ничи зыдта.

1988 азы уыд зындгонд партион 19-æм конференци. Уым бæлвырд нысангонд æрцыд, ивын кæй хъæуы политикон уагæвæрд, паддзахады арæзтад, дарддæр демократон фæндагыл æрлæууын. Ногæй раивын хъуыд федеративон бадзырд. Уымæ гæсгæ, нæуæдзæм азты фидаргонд æрцыд Уæрæсейы Федерацийы ног Конституци.

Уæд адæм бамбæрстой, советты хицаудзинад æмæ Коммунистон парти
дзуапп кæй нал дæттынц рæстæджы домæнтæн. Уымæ гæсгæ, фидаргонд æрцыд Уæрæсейы Федерацийы Конституци, афæдзы фæстæ та сфидар кодтам Цæгат Ирыстоны Конституци. Уым, æрмæст демократон, барадон паддзахад кæй не стæм, фæлæ бафæлвæрдтам æппæт уыдæттæ уæрæхæй равдисыныл. Уыдон та расайдтой бирæ дискусситæ. Бирæтæм афтæ каст, æмæ социалис-
тон идеологийыл нæ къух куы сисæм, уæд нæ цард февзæрдæр уыдзæн. Æз афтæ нæ зæгъын, æмæ æвзæр цардыстæм, фæлæ йæ гæнæн уыдис фæхуыздæр кæнæн.

Нæ ног Конституци сфидар кæнгæйæ, мах нæ къух систам ууыл, цæмæй цыфæнды фарстатæ дæр лыг кæной советтæ. Æмæ рахызтыстæм, æппæт дунейы куыд у, ахæм паддзахадон арæзтадмæ. Хицаудзинад дихгонд æрцыд закъонæвæрæг, æххæстгæнæг æмæ тæрхондоны хицауæдтыл. Уый фыццагдæр, фидаргонд æрцыд нæ Конституцийы. Фæзынд нæм минæварадон оргæн – Парламент. Уый кусын райдыдта иудадзыгон профессионалон бындурыл. Кусын райдыдта Парламенты дæлбар республикæйы хицауад. Æмæ дарддæр арæзт цыд тæрхондоны Хицауад. Архайдтам, демократон паддзахæдты куыд у, афтæ фидыды тæрхондæттæ саразыныл.

Дарддæр ивд æрцыд æвзæрстыты уагæвæрд. Ныр æвзæрстыты сæ бон архайын уыд партитæ æмæ хицæн адæймæгтæн. Сæйрагдæр та уый у, æмæ нæ паддзахад раздæхт адæмон социалон æххуысмæ. Фæзындысты исбонады алы хуызтæ. Æрмæст паддзахадон æмæ æппæт-адæмон исбонад нæ, фæлæ хиисбонады хуызтæ. Уыдон дæр расайдтой бирæ ныхмæвæрд быцæутæ. Æртæ бонæй фылдæр ахастой уыдон, фæлæ уый фæстæ Сæйраг Советмæ рахастам ахæм хъуыды, цæмæй республикæйы номмæ бафтауæм Алани. Ома, æрмæст нæ рагфыдæлты ном мысынæн нæ, фæлæ Конституцийы сбæлвырд кодтам, паддзахадæн кæй ис арæнтæ, æмæ уыдон фехалын никæй бон у, стæй йæ адæмæн ис уыцы фæзуат хъахъхъæныны бар.

Стыр быцæутæ расайдта зæххы хиисбонады фарста. Уый зæгъын хъæуы, æмæ абон дæр лыггонд нæма ’рцыд.

Æппæт уыдæттæ Конституцийы фыст æрцыдысты æмæ зæгъæн ис, кусгæ дæр кæнынц, фæлæ ма дзы ис ахæм хъуыддæгтæ, æмæ сæ бирæтæ кæронмæ не ’мбарынц. Конституцийы ирон æмæ дыгурон диалекттæ фыст кæй æрцыд, уый бирæтæ раст не ’мбарынц, иу адæмы дихтæ кæны, зæгъгæ. Мæнмæ гæсгæ та адæмы æмхуызондзинад нæ иу кæны, фæлæ сæ иу кæны кæрæдзи хорз æмбарынад.

2020 азы Уæрæсейы Федерацийы Конституцимæ хаст æрцыд бирæ ивддзинæдтæ хицаудзинады архайды тыххæй. Конституци хъæуы æххæст кæнын æмæ Уæрæсейы Федерацийы цы ивддзинæдтæ хаст æрцыд, уыдонæй баххæст кæнын хъæуы Ирыстоны Конституци дæр. Уымæн æмæ махмæ фæзындысты, æмбарæн кæмæн нæй, ахæм паддзахадон хицаудзинады оргæнтæ, кæцытæ дунеон æмæ федеративон практикæйы не сты. Ис ма бирæ æндæр фарстатæ, бакусын кæуыл хъæуы. Ацы бæрæгбоны мах дзурын хъæуы æрмæст æнтыстдзинæдты тыххæй нæ, фæлæ ма нæ бакусын цы фарстатыл хъæуы, уыдоныл дæр.

Бирæ азты дæргъы нæ мадæлон æвзагыл Конституци уагъд кæй нал æрцыд, уый тыххæй дæр Парламент куы ахъуыды кæнид, уæд æвзæр нæ уаид. Уыцы хъуыддагыл куыст цыди, фæлæ кæронмæ нæ ахæццæ.

Фæлæ алы бæрæгбон дæр арфæтæй фидауы, æмæ хуыздæр бонтæ скæнæд нæ бæстæйы, нæ республикæйы цæрæг адæмыл.

 

Къесаты Станислав,
ЦИПУ-йы юридикон факультеты профессор

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here