«… Мæн а зæххыл цæргæсæй хъæуы цард»

0
278

Мыхуыры рацыд курдиатджын поэт, æмдугонтæ нырыккон классик кæй хуыдтой, уый сфæлдыстадон бынты чиныг «Хурбæлццон». Чиныг бабæстон кæныныл уæлдай тынгдæр бацархайдта Баронæн йæ фыдыфсымæры чызг Заремæ, æмæ йыл хæрзаудæн кæнæд.

Чиныгмæ бацыдысты Бароны æвзæрст уацмыстæ: æмдзæвгæтæ, радзырдтæ, сонеттæ, аргъæуттæ, тæлмацтæ…

Кæддæр æз Бароны тыххæй фыстон: «Ацы зæххыл лæгæй, адæймагæй фæцæрынæй диссагдæр ницы ис. Бирæтæ рæстæджы фыдæвзарæнтæн нæ бафæразынц, хорздзинадæй æвзæрдзинадмæ та къахдзæф йеддæмæ нæй. Уый æнцон фæндаг у, фæлæ, æцæг адæймаджы ном чи хæссы, уый фæлтау карды комыл ацæудзæн, сæрсæфæны сæрмæ æрду хидыл, фæлæ адæймаджы, лæджы сыгъдæг цæсгом фæчъизи кæнын йæ сæрмæ не ’рхæсдзæн:

 

Фæцæрын бирæ нæу мæнмæ нымад,
Куыннæ дæ уа дæ дзыллæйы раз кад:
Мæн дуг батонын халонæй нæ фæнды,
Мæн а зæххыл цæргæсæй хъæуы цард.

«…Æцæг поэт дзургæ нæ кæны, фæлæ ныв кæны йæ уацмысты. Барон дæр у нывгæнæг, æмæ цæстытыл дæр уымæн уайынц, зæрдæмæ дæр уымæн хизынц йæ фæлгонцтæ…»

Бырнацты Бароны чиныг «Хурбæлццон»-æн разныхас ныффыста РЦИ-Аланийы Культурæйы сгуыхт кусæг Дзугаты-Мурасты Риммæ. Мæнæ цы фыссы чины-
джы разныхас «Æнкъардта поэзийы зæлдаг тынты уаз», зæгъгæ, уым:  «Барон уаз æвæрæн бахаста ирон дзырдаивады къæбицмæ йæ бирæвæрсыг сфæлдыстадæй. Йæ
поэтикон рæнхъытæ никæимæ хæццæ кæнынц, уымæн æмæ йын ис йæхи æрмдзæф, йæхи хъæздыг ныхасы уаг. Рæстаг фæндагыл фæцыд æфсарм, æгъдау æмæ фарнимæ. Йæ алы уацмысы дæр æвдисы йæ сыгъдæг уды æнкъарæнтæ, йæхи над фæндаг. Цард Ирыстоны цин æмæ рисæй, йæ зæрдæйы арф æвæрæнты-иу цы æнкъарæнтæ райгуырд, уыдон сыгъдæг сыфыл нывæста поэтикон рæнхъыты фæрцы æмæ йын нывæфтыдæй адæмы зæрдæмæ фæндаг ссардтой. Йæ нысан бæргæ уыд – бирæ азты ма ирон дзырдаивадæн зæрдиаг лæггад кæнын, фæлæ йын, хъыгагæн, хъысмæты уæззау цалх йæ цардбæллон зæрдæйы уидæгтæ ассæста, æмæ йе сфæлдыстадон куыройы фыдтæ дæр сæ зилынæй ныллæууыдысты.

… Ныфс нæ ис, æмæ йе сфæлдыстад аккаг бынат кæй бацахсдзæн нæ куырыхон фысджыты уацмысты ’хсæн, æмæ йæ уацмыстæ ирон дзырдаивады фæндаг кæй рухс кæндзысты фæлтæрæй-фæлтæрмæ. Уымæн æмæ Бароны банымайæн ис ирон литературæйы классикыл. Уыдоны æрмдзæф та арф фæд уадзы зæрдæты, тулдз бæласы уидæгтау.

 

«Нæу ацы æмбисонд, о, баууæнд мыл, мæнг.
Цы байтауай, райсдзынæ уымæй тыллæг.
Сындз куы уа – йæ садзæг дæхæдæг уыдтæ,
Зæлдаг уа – йæ уафæг дæхæдæг уыдтæ».

Абайты Эдуард

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here