Уымæн нын радта Хуры Бардуаг нæрæмон Къостайы. Йæ райгуырдыл сæххæст 165 азы. Къостайы тыххæй йæ зæлдаг, сыгъзæрины тылд куырыхон ныхæстæ чи нæ загъта, ахæм поэт нал баззад, фæлæ сæ фыццаг Мамсыраты Темырболат кæй уыд, уый Иры дзыллæйæ бирæтæ нæ зонынц. Къостайы уды сконд, йæ диссаджы хъуыдытæ, йæ тохы фæндæгтæн цæстуарзонæй аргъ скодта, йæ егъау ном, йæ уды хъизæмæртты тыххæй та афтæ зæгъы:
«Ды балхæдтай дæ цардæй,
Сæрæй, дæ мулк – дæ намыс!»
Ирыстонæн фыдæй-фыртмæ бирæ бæрæгбæттæ ис, фæлæ уыдоны ‘хсæнæй бæрæгæй æрттивы Къостайы райгуырæн бон.
Егъау бæрæгбон у Ирыстонæн Къостайы райгуырды бон. О, фæлæ, алы фæззæг, алы октябрь æрмæст ирæтты бæрæгбон нæ вæййы. Ахæм фæззыгон бонтæ – Къостайы райгуырды бон дунейы прогрессивон адæмтæ се ‘ппæт дæр фæнысан кæнынц, афтæ рауад 1939, 1949, 1959, 1969, 1979, 1989, 1999, 2009 азты октябры. Къоста номы лæг уыд. Йæ царды бонты йæ къухы фæхаста уарзондзинад æмæ рæстдзинады стъалы, йæ царды бонты цы хæхтæ æмæ быдыртыл фæцыд, уым фæтыдта хæлардзинады тауинæгтæ, йæ уæззау низæфхæрд бонты дæр уый фæдзæхста йæ мæгуыр адæмы, цæмæй уарзой кæрæдзи æмæ се ‘мхуызон æфхæрд адæмы: «Адæм, кæрæдзи уарзгæйæ цæрут».
Къостайы райгуырæн бон стыр бæрæгбон у Ирыстонæн, нæ хæлар адæмтæн. Йæ царды хабæрттæ, йæ тохы фæндæгтæ, йæ диссаджы зарджытæ зæрдæмæ æввахс айстой йæ раттæг адæм, сæрибары цæдисы дзыллæтæ. Ног дуг æппæт фадæттæ дæр ратта, цæмæй алы нацийæн дæр рæзой йæ культурæ, йæ царды бындуртæ.
Ирыстон дидин куы рафтыдта, уæд нын фæцис фадат Къостаимæ дзурынæн, йæ удыхъæдыл зарынæн. Поэт ног дуджы слæууыд йæ къæхтыл цардæгас уæйыджы хуызæн, æмæ йемæ ныхас кæнынц бирæ нациты минæвæрттæ. Сæхи æвзагыл æй байдыдтой кæсын зæххы къорийыл цæрæг адæмыхæттытæй бирæтæ, сæ нымæц ахызт 61 нацийы уонг.
Ирыстоны кæд нывæфтыд литературæ искуы йæ тæмæны бацыд, уæд уый у абоны бон. Къоста сæрæвæрæн у нæ литературæйæн. Уый та Къостайæ абонмæ рацыд стыр фæндæгтыл. Егъау у сæ нымæц нæ абоны литературон зиууæттæн. Уыдонæй иу дæр ахæм нæй, Хетæджы-фыртæй буц æмæ сæрыстыр чи нæ у, йæ ахуыргæнæг æй чи нæ хоны, нæй дзы ахæм дæр, нывæфтыд æвзагæй йыл чи нæ ныззарыд, йæ зæрдæйы уарзондзинад æм чи нæ равдысты, йæ маст æмæ рыстыл чи нæ фæмаст кодта, йæ циныл ын чи нæ баради.
Къоста йæ адæмæн ссис зарæджы сæйраг, зарæг та æнæхъуаджы нæ фæзыны. Уымæн вæййы йæхи рæстæг, йæхи æрмæг, йæхи домæнтæ. Ир фыдæй-фыртмæ зыдтой кады зарджытæ дæр æмæ худинаджы зарджытæ дæр. Кады зарæгæн йæ митæ, йе ‘гъдæуттæ æмæ лæджыхъæдмæ гæсгæ хъæуы лæг. Ир ахæм лæгыл банымадтой Къостайы, йе ‘мдзæвгæ «Додой» адæммæ куы æрхæццæ, уæдæй
фæстæмæ. Къоста æгæрон зынаргъ у ирон адæмæн. Йæ ном фехъусгæйæ, ирон лæджы йæ хъуыдытæ ахæссынц дардмæ, зæронд æмæ ихсыд Ирыстонмæ. Уæд æрлæууынц ирон лæджы зæрдыл цагъайраджы дуг, æфхæрд æмæ ссæстдзинад, уæд сысты ирон лæджы цæстыты раз мæгуырдзинады дуне, уæд ауайынц цæстытыл æххормаг, бæгънæг, къулбæрзæй сидзæртæ æмæ сидзæргæстæ, зæйласт хæдзардарджыты сынтытæ, ирон лæджы цардæфхæрд хуыз.
Уыдæттæ уыдысты Къостайæн йæ низыхатт, йæ сагъæсты сæр, уыдæттæй уыд дзаг йæ масты дзæкъул цæргæ-цæрæнбонты, уæд-иу загъта сагъæсгæнгæ: «Цы уыдзæн нæ фидæн, нæ фæстаг?» Иры историйы Къостайы ралæуд адæммæ фехъуыст арвы цæлхъау. Адæм бамбæрстой, кæй ис лæг, сæрыл сдзурæг, æгъатыр миты ныхмæ тохгæнæг. Поэт кæд асæй къаннæг уыд, уæддæр адæмы цæсты, йæ адæмы зæрдæйы уыдис чъырын къул, цардæгас уæйыг.
Къостайы лæггæдтæ бирæ сты йæ адæмы раз. Дзыллæ дæр ын йæ ном æмæ тохы фæндæгтимæ куы базонгæ сты, уæдæй абонмæ архайынц ууыл, цæмæй йын истæмæй балæггад кæной, цæмæй Къостайы ном æрвылбон лæууа алкæй зæрдыл дæр. Бирæ сты йæ цыртытæ Ирыстоны, Ирыстоны æдде, йæ номыл уынгтæ æмæ уагдæттæ дзурæг сты адæмы уарзондзинадыл поэтмæ.
Кады хъуыддаг аразынц Цхинвалы районы разамонджытæ алы аз дæр, Цъунары Къостайы бонтæ кæй аразынц, йæ цардимæ баст галуан уæрæхæй-уæрæхдæр кæй кæнынц, уымæй. Кæддæр номдзыд Хетæджы-фырт Лермонтовæй куыд загъта йæ цырты раз, афтæ зæгъæм Къостайæн йæхицæй: «Уадз ацы бæрæгбон нын фæахъаз уæд, цæмæй мах кæнæм хуыздæр, рæстзæрдæдæр æмæ хæлардæр, Къостайы поэзи нын нæ зæрдæты арт æндзарæд æмæ нæ ахуыр кæнæд рæстдзинадыл, уарзондзинадыл, цæмæй зонæм Къостайы æвзаг, йæ сагъæстæ. Поэт æппæты фылдæр сывæллæтты уарзта, уымæн æмæ Ирыстоны фидæн уыдоныл баст уыд, йæ чиныг дæр уымæн афтæ схуыдта: «Мæ хæрзæггурæггаг Иры сывæллæттæн».
Къостайы уарзын хъæуы хъуыддагæй, канд ныхæстæй мах нæ бамбардзыстæм йæ зонды къæбиц, йæ диссаджы æвзаг, йæ сагъæссаг хъуыдытæ. Поэт йæ царды бонты хæлардзинады фæндæгтæ æмæ хидтæ арæзта. Æвæццæгæн, нæй ахæм наци, Къоста кæй нæ зыдта, кæй кой нæ ракодта. Фæлæ дзы иуы тыххæй дæр фауддзаг ныхас нæ загъта. «Къоста» дунейы адæмты цæсты кæуылты ныхас у, дуне нæ базыдтой Нартæй, Къостайæ, Абайты Васойæ, Нафийæ..
Къоста, хъæр мæрдтæм дæр хъуысы, хъуысæнт дæм Ирыстоны хорздзинæдтæ. Æнæ Къоста Ир Иры хуызæн никуы уыдзæн, дæуæн та Ир цæхæркалгæ хур уыдзæн. Ирон адæм арфæйаг сты, Къоста кæмæн ис!
Плиты Гацыр,Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, 2024 аз, октябрь














