Дзæуджыхъæуы ФК «Алани» «Родина»-имæ ивгъуыд хуыцаубоны уазæгуаты Мæскуыйы акодта Уæрæсейы Фыццаг къорды футболон чемпионаты (ФНЛ-йы) 24-æм туры хъазт.
Дыууæ ныхмæлæууæджы дæр ацы аз се ’ппæт хъарутæй дæр тырнынц иннæ аз Фыццаг къорды хъазгæйæ баззайынмæ. Уыцы нысан сæххæст кæнын кæмæн бантысдзæн, уый нырма зын зæгъæн у. Ацы фембæлды размæ «Родина», «Алани» сæ фæстаг 4-5 хъæзтыты æнтыстджынæй сæхи нæ равдыстой. Ныр, иумæ фембæлгæйæ, архайдтой фæуæлахиз уæвыныл. ФК «Алани»-йы рæнхъыты ацы фембæлды уыдысты: № 23 – Георгий Натабашвили, № 5 – Багаты Алан (39’ – Биазырты Алан), № 73 – Макар Чирков, № 19 – Бутаты Аллон, № 58 – Мурат Ышык, № 12 – Дмитрий Казанцев, № 70 – Дауыраты Руслан, № 8 – Хуыгаты Алан (77’ – Тепсыхъоты Давид), № 75 – Огъуаты Сослан (46’ – Кодзырты Артур), № 7 – Леван Тавзарашвили (50’ – Андрей Закиров), № 76 – Виктор Нафиков.
Куыд уынæм, афтæмæй «Алани»-йы рæнхъытæ бындурон ивд æрцыдысты. Раздæры фæлтæрдджын футболисттæй ма дзы уынæм 2-3 хъазæджы. Уыдонæй дæр иу, нæ командæйы капитан Багаты Алан ацы хъазты 38-æм минутыл фæцæф ис, æмæ йæ æндæр хъазæгæй раивын бахъуыд.
Хъазты фыццаг таймы алайнæгты архайд нæ фæрæстмæ. Не ‘рыгон хъазджытæ кæд размæ тырныдтой, уæддæр сæ архайдæн нæ фаг кодта æмарæхст уæвын, æмæ уымæй пайда кодтой фысымты хъазджытæ. Уыдон сарæзтой къорд тæссаг уавæры «Алани»-йы дуармæ бацæуæнты. Нæ дуаргæс Георгий Натабашвили цалдæр хатты йæхи иттæг сæрæнæй равдыста æмæ иу пурти хызмæ нæ бауагъта батæхын.
Георгий, æнæмæнг, абон у нæ командæйы хуыздæр хъазджытæй иу, фæлæ уый бон дæр нал баци пуртийы фæндаг сæхгæнын æмæ, фыццаг таймы уæлæмхасæн рæстæджы «Родина»-йы хъазджытæ цы дæсны архайд акодтой, уый ныхмæ фæлæууын. 45+3’ минутыл фысымты хъазæг Артем Максименко авд метры
дæрддзæфæй пурти барвыста уазджыты хызмæ. Уымæй минут фæстæдæр та хыгъд 2:0 скодта «Родина»-йы размæбырсæг Магомедхабиб Абдусаламов. Фыццаг тайм ахицæн ацы хыгъдимæ.
Хъазты дыккаг æмбисы алайнæгæ сæ архайд зынгæ фæцырддæр кодтой æмæ арæхæй-арæхдæр тындзыдтой фысымты иварон фæзмæ баирвæзынмæ. Бæргæ сарæзтой къорд ныббырсты, фæлæ сын нæ фаг кодта рæстдзæвиндæр уæвын. Уымæй та ногæй спайда кодтой фысымтæ æмæ, хъазты 74-æм минутыл цы æвиппайды ныббырст ацарæзтой, уым сæ хъазæг Магомедхабиб Абдусаламов хыгъд скодта 3:0 «Родина»-йы пайдайæн. «Алани»-йы хъазджытæ ахæм уавæры дæр бæргæ не ’руагътой се ’уæнгтæ, фæлæ та сын нæ фаг кодта фæлтæрддзинад æмæ сын нал бантыст хус хæрд ма фæуын. Уый нæ, фæлæ ма хъазты 84-æм минутыл тæрхонгæнæг алайнæгты фæивар кодта 11-метрон цæфæй, æмæ уыцы гæнæнæй иттæг æнæрæдигæ спайда кодта Артем Максименко. «Алани» фæхæрд 0:4 хыгъдæй, раза-
монæг Гогниты Спартачы азым кæнынмæ æвзаг нæ тасы. Æмбарын хъæуы уый дæр, æмæ, нæ командæйы уавæртæ сæ хæрзтæй кæй не сты, фæлæ нæ лæппутæ уæддæр сæ размæ кæй æвæрынц нысанæн нæ командæйы кад йæ кæддæры æмвæзмæ сисын.
«Алани» йæ радон 25-æм туры фембæлд акæндзæн 22 мартъийы Саратовы командæ «Сокол»-имæ. Фембæлд уыдзæн Грознайы.














