Беслæны куырыхон лæгтæй иу

0
233

Æнтыды ведра

Ацы ныв æдзух Гермæны цæстытыл уайы: сыхæгты ус арахъхъ уагъд фæцис, арт æрмынæг кодта æмæ аджы сæр систа. Даргъхъæдджын къоппайæ тæвд æнтыд æркодта цалдæр ведрайы. Иуыл дзы схæцыд Маря – Гермæны мад, æмæ йæ сæ хæдзармæ фæхæссы. Йæ цæсгомыл хъазы циндзинады рухс.

Изæры мад æнтыды иу хай донимæ амхæццæ кодта æмæ йæ уæларт бавæрдта. Куы рафыхт, уæд ыл лыстæг акарста хуыскъæл, футæг æмæ пысырайы сыфтæ. Хъæрмхуыпп ацæттæ ис, йæ фондз сывæллоны æхсæвæр бахордтой, æмæ сæ алчи йæ лыстæны бахуыссыд.

Хæсты уылæн адард ис Ирыстонæй, фæлæ Дзуарыхъæуæн йæ хъæдгæмттæ нæма бадзæбæх сты. Фыдохы комулæфт нырма хæццæ кæны алы хæдзармæ дæр. Адæм – хæринаг æмæ дзаума хъуаг, хæдзæрттæ – хæлддзаг, афтæмæй хъæуы цæрджытæ тыхамæлттæ кæнынц колхозы руаджы.

– Рувынмæ, рувынмæ, – зилы райсомæй раджы Дзуарыхъæуы уынгты бригадир. – Хур арвы астæумæ куы ссыдис, уæд кæм стут?!

Хæсты фæстæ цард йе ‘муд цæуын байдыдта. Йæ цæхæры æгасæй чи баззад, уыдон сыздæхтысты æмæ кусын райдыдтой колхозы.

Кцойты цыппар лæппуйы æххуысхъом куы фесты, уæд сæ сахъат фыд Гацыры фарсмæ балæууыдысты. Гермæн дзæгъæл бадт никуы кодта – фæсуроктæ-иу хъæдмæ ауад, уистæ амадзал кодта, æмæ-иу сихорæй изæрмæ, дыууæ метры æмæ ’рдæг йæ дæргъ кæмæн у, ахæм кау абыдта. Къуыримæ – цыппар, хуыцаубоны та – Беслæны базармæ.

Æрдæгконд хæдзар заууатмæ æрцыд, йæ хъæмпын сæр къæвдайы дон нал уромы. Гацыр йе ’нахъом лæппутимæ кæм дур, кæм хъæдæрмæг тыхамал кæны
бæхуæрдонæй. Фæлæ та сæм фæзынди хъæуыхицау æмæ загъта: «Бæх æд уæрдон раттут рынчындонæн».

Иу бон хæдзары дуармæ фæурæдта рог машинæ, æмæ кæртмæ æрбахызтысты цалдæр нæлгоймаджы. Се ’ууæлтæм гæсгæ – хицауад. «Чи уæ ныффыста писмо Хрущевмæ? Уымæй дæр ма иронау!» – мæсты хъæлæсæй афарста сæ иу.

Фыд æмæ мад кæрæдзимæ бакастысты.

«Æз уыдтæн…», – тарстхуызæй сæм  сдзырдта Гермæн.

Æрбацæуджытæ хæдзарыл æрзылдысты, æркæстытæ кодтой бинонты царды уавæртæм æмæ загътой хъæуыхицауæн: «Ныууадзут сæ сæ мæгуырыл».

Гъе, ахæм уыд Кцойты Гермæны сабидуг. Абон уыцы фæлтæр хонынц хæсты сывæллæттæ. Зындзинæдтæ сын сæ ныфс нæ басастой, æмæ сæ фылдæр абон дæр, сæ хъарутыл нæ ауæрдгæйæ, фæллой кæнынц.

Царды рæбинаг цæджындз

Азтæ азгъордтой, Кцойтæ сæ цæрæнбынат Дзуарыхъæуæй Беслæнмæ раивтой. «Цардæн йæ рахæцæн – æгъдау» – арæх æрлæууы Гермæны зæрдыл йæ фыд Гацыры ныхас. Уыцы сæйраг цæджындзыл фидаргонд у Кцойты бинонты цардыуаг.

Кæддæр, хæрз æрыгонæй, Гермæн лæппутимæ ссардта æрдæгдымд тамако. «Фенæм æй, цы ад кæны», – зæгъгæ, йæ радыгай сдымдтой. Гермæн хуыфæгæй ферхæцыд, кæдмæдæр нал сулæфыд, стæй загъта: «Нæ, нæ мæ хъæуы». Уæдæй абонмæ нæ нозт, нæ тамако йæ дзыхмæ нал схаста. Уыцы æгъдауыл хæст сты йæ
кæстæртæ дæр.

Гермæн йæ цардæмбал Эльзæимæ схъомыл кодта æртæ фырты – Олег, Алан æмæ Артуры. Æртæ дæр æгъдауæй – сæ фыды халдих, æртæ дæр кусынц, бинонтæ дарынц. Фæлæ ахæм бон нæ вæййы, æмæ сæ фыдыуæзæг ма бабæрæг кæной.

Кцойты нæлгоймæгтæ алы фарста дæр лыг кæнынц иумæ, фæлæ сын сæйраг у Гермæны ныхас. Уæз дæр фылдæр фыд исы йæхимæ. Йæ лæппутæй иу тыхст рынчын куы фæци, уæд цалдæр мæйы дæргъы уый рынчындонæй нæ рацыд, цалынмæ йæ фырты дохтырты руаджы йæ къæхтыл не слæууын кодта, уæдмæ.

Иумæ бауынаффæ кодтой нæлгоймæгтæ, чи баззайдзæн ныййарджытимæ, æмæ иу хъуыдымæ æрцыдысты: хæдзары баззайдзæн лæппуты хистæр Олег – уæззау зондыл хæст, æфсымæртыл – æнувыд, ныййарджытæн – лæггадгæнæг.

Абон Кцойты хæдзары рæзы ног фæлтæр. Иууылдæр куы æрбамбырд вæййынц, уæд бинонтæ бавæййынц æстдæс.

Олегæн ис дыууæ лæппуйы æмæ чызг. Йæ рæстæджы Олег сахуыр кодта нывгæнæгыл. Хъыгагæн, царды уавæртæ йын фадат нæ раттой аивадмæ фылдæр æргом аздахынмæ. Уымæн архайы, цæмæй уыцы фæндагыл ныр йæ кæстæртæ æнæкъуылымпыйæ цæуой. Йæ лæппутæ Давид æмæ Георги каст фесты Дзæуджыхъæуы аивæдты училищæ. Георги ахуырмæ бацыд Мæскуыйы Суриковы номыл институтмæ. Йæ зæрды ис скульптор суæвын. (Уыцы ахуыргæнæндон йæ рæстæджы каст фæцис Олег йæхæдæг дæр). Чызг Кристинæ ахуыр кæны дизайнерыл.

Аивдзинад кæддæридæр сæйраг уыдис хæдзары æфсин Эльзæйæн. Сывæллæттæн сæ уынд, хæдзар æмæ кæрты æфснайддзинад, æрбацæуæг æмæ бинонтæн рæсугъд фынг ацаразын – уыдæттæ уыдысты йæ сæйраг мæт. Лæппутæ сæ мадимæ ныхас кодтой чингуытæ æмæ кинонывтыл, сагътой дидинджытæ, цин кодтой æрдзы ивддзинæдтыл. Гермæн сæ æфтыдта куыстыл, гом сын кодта царды сусæгдзинæдтæ.

Кцойтæ Беслæны Димитровы уынджы куы ’рцардысты, уæд, фыццаджыдæр, саив кодтой хæдзары алфамбылай – ныссагътой наз бæлæстæ, дуармæ сарæзтой фæл-
ладуадзæн къуым – беседкæ.

Фæлæ цардыуаджы домæнтæ та уыдысты тынг цауд. Уынджы нæ уыдис канализаци, доны хæтæлтæ – гæмттæ, фæндаг – къуыппытæ-дзыхъхъытæ, къæвда бон дзы цъыфæй азмæлæн нæ уыдис.

Афæлвæрдта Гермæн хицауадимæ аныхас кæнын, фæлæ йын хъæддыхæй загътой: «Уыцы куыстытæн нæм æхца нæй».

– Гæнæн нæй, – загъта Гермæн йæ сыхæгтæн. – Нæхæдæг куы нæ бавналæм, уыд нын ничи ницы сараздзæн.

Бауынаффæ кодтой сыхы хистæртæ, æрæмбырд кодтой æхца, балхæдтой хæтæлтæ æмæ æндæр хъæугæ æрмæджытæ. Уыцы куыстытæ куы фæсты, уæд уынг слæгъз кæнын кодтой æмæ йыл асфальтæй цъар сæвæрдтой.

Цалдæр азы размæ Рахизфарсы районы администраци ерыс куы расидти Беслæны æмæ хъæуты аивдæр уынг æмæ бæстыхайыл, уæд фыццаг бынат бацахста Димитровы уынг. Æмæ та сын цы æхца раттой, уыдонæй дæр бавдæлдысты, æмæ сарæзтой алы хæдзары дуармæ бетонæй къусгонд дидинæгдæттæ.

 

Куырыхон лæгтæй иу

Гермæн йæхи цас хъуыды кæны, уыйбæрц сæ хæдзары кæддæриддæр уыдис газет «Рæстдзинад».

– Уымæн уæвæн нæй, æмæ ирон хæдзары ацы газет ма уа,– арæх фæзæгъы Гермæн.

Куы-иу бакаст газет кæрæй-кæронмæ, уæддæр йæ аппарын йæ цæст нæ уарзта. Ралыг-иу дзы кодта Цгъойты Хазбийы сæрмагонд фарс «Æлутон», иннæ æгъдæуттимæ баст æрмæджытæ, æмæ сæ йæ рæбыны æфснайдта. Эльзæ дзы лыг кодта «Æнцойбоны фарс», хъæлдзæг радзырдтæ..

Уыцы æрмæджытæй Гермæн, куыд сыхы æмæ мыггаджы хистæр, пайда кæны абон дæр царды фæзилæнты.

Гермæн кæны стыр æхсæнадон куыст – куыд районы куырыхон лæгтæй иу, афтæ йæ бацагуырдтой районы Ныхасмæ. У Беслæныхъæуы кувæндоны дзуары лæг. Стыр хъомыладон куыст кæны районы фæскомцæдисы ветерантимæ, иумæ арæх бабæрæг кæнынц, чи нал кусы, уыцы ахуыргæнджытæ æмæ æхсæнадон кусджыты, æмбæлынц скъоладзаутимæ.

Иуахæмы Беслæны базары Гермæн фæкомкоммæ,
туяйы талатæ чи уæй кодта, ахæм лæппумæ.

– Цæй аргъ у иу бæлас?– афарста йæ Гермæн.

– Дыууæ æмæ ’рдæг – æртæ мины, – дзуапп ратта уæйгæнæг.

Рафæрстытæ йæ кодта, куыд садзгæ сты талатæ, куыд сæм зилын хъæуы. Уымæй фæстæмæ йæ бинойнагмæ дидинæг нæ, фæлæ хъæдындзы хуым ныссадзынмæ дæр зæххы гæбаз нал хаудис. Цæхæрадоны Гермæн зайын кодта туяйы талатæ æмæ сæ адæмæн, скъолатæн, рæвдауæндæттæн лæвар кодта.

Гермæн йæ зонгæты арæх афæрсы: «Туятæ дæ нæ хъæуы? Дæ дуармæ сæ ныссадз». Уый руаджы Рахизфарсы районы цы бæлæстæ сагъд æрцыд а фæстаг
рæстæг (æдæппæтæй 879), уыдон иу ранмæ æрæмбырд кæн, уæд дзы тархъæд рауаид.

Беслæны бæллæхы чи фесæфт, уыдонæй алкæй номыл дæр цалдæр азы размæ Гермæн сфæнд кодта бæлас ныссадзын. Æрзайын кодта талатæ, баныхас кодта районы хицауадимæ, аласта сæ, уæлмæрдмæ ’ввахс ын цы бынат бацамыдтой, уырдæм, æмæ сæ ныссагъта. Фæлæ иу хъуыддаг сæ ныссадзын уыдис, иннæ та сæм – зилын. 334 къаннæг бæласыл алы бон хъуыдис дон кæнын. Гермæн-иу ацыд, Медцентры зынгхуыссынгæнæн гидрантæй егъау шланг рауагъта, сæккой-иу æй кодта æмæ афтæмæй тыгъд быдыры алы бæлас дæр сывæллоны хуызæн донæй æфсæста.

– Цæуыл дæхи марыс, дæ хорзæхæй, ацы тæвды? – æрбадзырдта йæм иуахæмы йæ зонгæ, фæндагыл йæ хæдтулгæ фæуромгæйæ. – Цас дын фидынц уагæр?

Гермæн ын салам ратта, фæлæ ныхас иннæрдæм аздæхта. Цы зæгъæн ис, цард канд æхцайæ чи бары, уыцы адæймагæн?

Абон уыцы бæлæстæ бæрзонд фæцыдысты, иу дæр дзы нæ бахус, афтæмæй. Фарон сентябры канал НТВ-йы уацхæсджытæ сæ рауагъдтæй иуы ракодтой Гермæн æмæ йæ бæлæсты кой.

Йæ туяйы талатæм æндæр хъæутæй дæр æрцæуынц. Æхца нæ исы, уый куы базонынц, уæд тынг бадис кæнынц. Бæргæ бафæдзæхсы алкæмæн дæр, æнæ дон сæ ма ныууадзут, зæгъгæ, фæлæ йæм алчи, хъыгагæн, нæ байхъусы.

 

Сæ нæмттæ сын рох кæнын нæ бауагъта

Кæддæр Беслæны фыццæгæм скъолайы къулыл фидаргонд уыдис зæрдылдарæн фæйнæг. Уым фыст уыдысты, ацы хъæуы фыццаг скъола чи байгом кодта,
уыдоны нæмттæ – Гуытъиаты Гаха, Алыксандр æмæ Фриаты Барис.

Гуытъиаты ‘фсымæртæ рауæлдай кодтой скъолайæн сæ хæдзары дыууæ агъуысты, æрбахуыдтой ахуыргæнæг – Зæнджиаты Бæбуйы. Ахуырдзаутæ куы сбирæ сты æмæ бæстыхай куы нæ уал фаг кодта, уæд æфсымæртæ сфæнд кодтой ног скъола саразын. Æхцайæ сын баххуыс кодта Фриаты Барис. Уый уыдис ахуыргонд лæг, каст фæцис Хъазаны дины академи, фæлæ ссис амалхъом. Барис æмæ Гуытъиаты ‘фсымæрты æхцайы фæрæзты руаджы Беслæны арæзт æрцыд ног скъола. 2004 азы дзы уыцы фыдбæллæх куы ’рцыд, уæд фæйнæг фесæфт.

Уыцы хъуыддаг цæмæндæр йæ зæрдæмæ арф айста Гермæн. «Ныр уыцы адæмы фыдæбæттæ рохуаты баззайдзысты, сæ нæмттæ сын сомбоны фæлтæртæй зонгæ дæр ничиуал кæндзæн», – уыцы хъуыдыимæ Гермæн, фыццаджыдæр, бацыд Гуытъиаты Вячеслав – Цæгат Ирыстоны Парламенты депутатмæ, уыимæ та – районы хицауадмæ. Фембæлд саразын бахъуыд Гуытъиаты мыггаджы минæвæрттимæ дæр.

Бирæ дуæрттæ сæ бахъуыди байгом кæнын, цалынмæ Беслæны ног фыццæгæм скъолайы кæрты цæхæр не скалдта цыртдзæвæн– æртæ нæлгоймаджы – Гуытьиаты Гаха, Фриаты Барис æмæ Зæнджиаты Бæбу – сæрбæрзондæй фæлгæсынц беслæйнæгты ног фæлтæртæм. Цыртдзæвæныл ис бæрæггæнæн: «Арæзт æрцыд Кцойты Гермæны хъæппæрисæй».

Уымæй уæлдай ма Гермæны руаджы Беслæны цалдæр азы размæ Культурæйы галуаны бацæуæны æвæрд æрцыд Хетæгкаты Къостайы цыртдзæвæн, парчы та – беслæйнæгты уарзон поэт, се ’мзæххон Цæлыккаты Феликсы бюст.

Рахизфарсы район æмæ Беслæны хицауад стыр аргъ кæнынц Кцойты Гермæны хъазуатон куыстæн æмæ йын саккаг кодтой Беслæны кадджын гражданины ном.

 

БАСКАТЫ Эльзæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here