Фесгуыхтысты Æппæтуæрæсеон турниры

0
186

Мæскуыйы уæгъдибар хъæбысхæстæй цыдысты Уæрæсейы
сгуыхт тренер Феликс Премильскийы номарæн Æппæтуæрæсеон турниры ерыстæ.

Турниры архайджытимæ уыдысты, абон Уæрæсейы цалдæр регионы номæй чи фæхæцы, ахæм ирон богæлттæ. Уыдонæн бантыст фондз хæрзиуæджы рамбулын. 65 кг онг уæзы 1-аг бынат рамбылдта тренер Наниты Зурабы хъомылгæнинаг Бæройты Батрадз. Уый фæуæлахиз цыппар ныхмæлæууæгыл æмæ хорзæхджын ссис турниры Кубок æмæ сыгъзæрин майданæй.

Афтæ æнтыстджын рауад Олисаты Зауыр æмæ Муриты Тимуры хомылгæнинаг Къаболаты Асланы архайд дæр. Уый 86 кг онг уæзы фæуæлахиз æртæ ныхмæ-
лæууæгыл æмæ кæронбæттæны фембæлд йе ’мзæххон богал Годжыцаты Станиславимæ (йæ тренер – Исахъты Георги). Сæ фембæлд рауад зæрдæмæдзæугæ æмæ ахицæн Асланы пайдайæн. Афтæмæй ацы уæзы сыгъзæрин æмæ æвзист майдантæ рамбылдтой ирон богæлттæ.

Ирон богæлттæ ма бронзæ майдантæй хорзæхджын систы дыууæйæ. 92 кг – онг уæзы 3-аг бынатмæ рацыд Пæррæстаты Давид, Гæбæраты Арсен та бацахста 3-аг бынат, 125 кг онг уæзы хæцгæйæ.

Баскаты Уырызмæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here