Ирон æвзаг æмæ литературæйы бæрæгбонæн бындур æвæрд æрцыд 2003 азы, Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæты чиныг «Ирон фæндыр» 1899 азы мыхуыры фыццаг хатт куы рацыд, уый кадæн.
Знон, Мадæлон æвза-джы бон, нæ республикæйы бирæ мадзæлттæ уыд. Бæрæгбон райдыдта Ирон аргъуаны кæрты поэты ингæныл дидинджытæ сæвæрынæй. Хицауады уæнгтæ, æхсæнады минæвæрттæ хастой æмæ хастой дидинджытæ. Скъоладзаутæ аив дзырдтой Къостайы æм-дзæвгæтæ, кастысты прозæ. Мадзал байгом кодта РЦИ-Аланийы Фысджыты цæдисы сæрдар Хозиты Барис æмæ загъта, мадæлон æвзагæй мады ад кæй цæуы, уый нын кæй дæтты хъарутæ æмæ ныфс нæ цард аразынæн, размæ уæндон къахдзæфтæ кæнынæн.
РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис æмæ РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз дидинджытæ сæвæрдтой канд Пантеоны нæ, фæлæ ма Ирон театрмæ бацæуæны поэты монументы раз дæр. Уый фæстæ Дзанайты Барис Национ чиныгдоны схорзæхджын кодта, ирон æвзагыл чи фыссы, афæдзы дæргъы цымыдисаг æмæ хуыздæр куыстытæ чи бавдыста, уыцы журналистты. Ракодта сын арфæтæ дæр.
– Мадæлон æвзагæн удуæлдай лæггад чи кæны, йæ хъæздыгдзинæдтæ йын парахат кæныныл чи архайы, ныхасы фарн бæрзонд чи хæссы, уыцы дзырды дæснытæ сты журналисттæ. Мадæлон æвзаг куы нæ уа, уæд нæй наци, нæй адæмыхатт, æмæ нæ уымæй Хуыцау бахизæд. Уæ куыст хуымæтæг нæу, æмæ бирæ æнтыстдзинæдтæ æфтæд уæ къухы, – загъта Дзанайы-фырт.
Республикæ Цæгат Ирыс-тон-Аланийы Хицауады æрвылазон преми «Мæ уарзон Ирыстон»-ы лауреаттæ систы: номинаци «Афæдзы темæ»-йы паддзахадон телерадиокомпани «Алани»-йы амонæг Къадзаты Станислав; номинаци «Мыхуыры æрмæджытæ»-йы газет «Слово»-йы сæрмагонд уацхæссæг Саутæты Тамилæ; номинаци «Интернеты рауагъдады æрмæджытæ»-йы информацион агентад «Иринформ»-ы уацхæссæг Хæллаты Иринæ; номинаци «Телеуынынады æрмæ-джытæ»-йы паддзахадон телерадиокомпани «Алани»-йы уацхæссæг Сосранты Жаннæ æмæ номинаци «Радиойы æрмæджытæ»-йы паддзахадон телерадиокомпани «Алани»-йы шеф-редактор Баллаты Ритæ.
Дадтеты Тамилæ,
къамтæ сита Татьянæ Шеходанова