Тæмæнтæ кал, нæ мадæлон æвзаг!

0
89

Ирон æвзагмæ адæмы æргом раздахын, йæ хъæздыгдзинад сын равдисын – ацы сæйраг нысан æххæстгæнгæйæ, нæ респуб-ликæйы Ирон æвзаджы боны кадæн арæзт æрцыд бирæ мадзæлттæ. Уыдонимæ, Дзæуджыхъæуы Алайнаг гимназы цы цымыдисаг интеллектуалон хъазт сарæзтой, уый дæр.

Хъæппæрис равдыстой æмæ йæ бацæттæ кодтой Ирон æвзаджы райрæзты центры кусджытæ. Кæд фыццаг къахдзæфтæ кæнынц, уæддæр бæркадджын у сæ архайд ныридæгæн.

Æппæт уазджытæн фысымтæ зæрдиаг æгасцуай загътой. Гимназы чысыл
ахуырдзаутæ аив бакас-тысты æмдзæвгæтæ, сæ арæхстдзинадæй бахъæл-дзæг кодтой уазджыты зæрдæтæ.

Интеллектуалон хъазт дæсны амыдта Куыдзойты Анжелæ æмæ ранымадта, ерысы цы къордтæ архай-дзæн, уыдоны – «Махдугатæ» – журнал «Мах дуг»-ы кусджытæ, «Стъалытæ» –дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæ æмæ «Фидæн» – Алайнаг гимназы къорд.

Интеллектуалон хъазт «Ирон æвзаджы сусæгдзинæдтæ дзырдуæтты»-йы архайджыты зонындзинæдтæн аккаг аргъ кодтой къорды уæнгтæ: Скъодтаты Эльбрус, Моргуаты Ларисæ æмæ Борсæты Таймураз.

Бæрæгбоны архайджытæ  уыдысты Сунжæйы скъолайы полилингвалон кълæсты ахуырдзаутæ дæр. Ацы сабитæ ныридæгæн сты фæзминаг – дзурынц æмæ уарзынц ирон æвзаг, æгъдау æмæ æфсармæй сты хайджын. Дисы бафтыдтой, куыд зæрдæбынæй кастыс-ты ирон поэтты æмдзæвгæтæ, куыд арæхстджынæй кафыдысты æмæ зарыдыс-ты, уымæй. Сæ курдиатыл цингæнгæйæ, ахъуыды кодтон, уыдонæн, хистæрты къахвæдтыл цæугæйæ, сæ размæ æвæрд нысантæ кæй уыдзысты бæрзонддæр, бæлвырддæр. Арфæйы ныхæстæ райстой сæ ахуыргæнджытæ дæр.

Интеллектуалон хъазты цы фарстытæ уыдис, уыдон раргом кæнынæн йæ архайджытæ  нæ ауæрстой сæ зонындзинæдтыл. Рагон ирон ныхæстæ, скъуыддзæгтæ нæ зындгонд фысджыты уацмыстæ æмæ æмдзæвгæтæй, раздæр газет «Рæстдзинад» æмæ журнал «Мах дуг»-ы мыхуыры чи рацыд, ахæм æрмæджытæй спайда кодтой ерыс саразджытæ.

Интеллектуалон хъазт «Ирон æвзаджы сусæгдзинæдтæ дзырдуæтты»-йы уæлахиздзаутæ сбæрæг сты. Фыццаг бынат райс-та «Фидæн», дыккаг бынат саккаг кодтой «Стъалытæн», æртыккаг бынат бацахстой «Махдугатæ».

Гугкаты Жаннæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here