Сылгоймагыл цалынмæ 24 азы нæма сæххæст æмæ йын афтæмæй фыццаг сывæллон куы фæзына, уæд Паддзахадон Думæйы депутатты фæндонмæ гæсгæ ныййарæджы капитал хъуамæ суа 1 милаун сомы.
Уый тыххæй хъусын кæны «РИА Новости». Куыд загъдæуыд, афтæмæй 2024 азы кæрон, Паддзахадон Советы æмбырды, Уæрæсейы Президент Владимир Путин фæбæрæг кодта, уæрæсейаг сылгоймæгты ‘хсæн фыццаг сывæллоны фæзынды ахсджиагдзинад. Президенты ныхасмæ гæсгæ, ныртæккæ сылгоймæгтæн фыццаг сывæллæттæ фæзынынц, 28-29 азы сыл куы рацæуы, уæд.
Паддзахадон Думæйы депутат куыд бамбарын кодта, афтæмæй куыддæр сывæллон райгуыры, афтæ сылгоймаг фæтырны йæ куыстмæ раздæхынмæ, йæ ахуыр фæуынмæ кæнæ уæлæмхасæн дæсныйад райсынмæ.














