Рæзгæ фæлтæрыл ауды

0
165

Бинонтыл узæлд æмæ барадхъахъхъæнæг оргæнты куыст иу кæнгæйæ, æвддæс азæй фылдæры дæргъы Алагиры районы мидхъуыддæгты  хайады  æнахъомты хъуыддæгты фæдыл дæлхайады службæ кæны пъæлицæйы капитан Гæбуаты Лаурæ (Тотиты чындз).

Ацы сылгоймаг рагæй дæр йæ хæсыл нымайы зын-дзинæдтыл сæмбæлæг сывæллæттæн æххуыс кæнын. «Хъизæмаргæнæг сывæллоны уындæй мын зындæр ницы вæййы», – зæгъы Лаурæ. Циндзинæдты æмрæнхъ бирæсывæллонджын мад зындзинæдтæ дæр кæй бавзары, уый Лаурæ хорз зоны.

– Куысты уæвгæйæ, æз дæн пъæлицæйы службæгæнæг, хæдзары та – бирæсывæллонджын ныййарæг. Хъомыл кæнын цыппар сывæллоны: æртæ чызджы æмæ лæппуйы. Мæхæдæг дæр бирæсывæллонджын бинонты æхсæн кæй схъомыл дæн, уый нымайгæйæ, рагæй дæр мæ бирæсывæллонджын ныййарæг суæвын фæндыд. Нæ ныййарджытæ Гæбуаты Тамерлан æмæ Итерæйæн уыдыстæм аст сывæллоны: фондз лæппуйы æмæ æртæ чызджы. Цоты хъомыл кæнын æнцон нæу. Нæ ныййарджытæ (уæлдайдæр та – мад) нæ куыд хъомыл кодтой, уый æхсызгонæй мысын. Ныййарджытæ хæдзары куыстытæ æмæ цоты хъомылад æххæст кæнын дæр æййæфтой. Нæ бæстæ демографион фарстатæм стыр æргом кæй здахы, уый мын æхсызгон у, – зæгъы Лаурæ.

Йæ заманы ацы сылгоймаджы хистæр æфсымæр Измаил дæр баслужбæ кодта мидхъуыддæгты оргæнты. Астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ Лаурæ
райста юридикон ахуырад æмæ кусын райдыдта Алагиры районы мидхъуыддæгты
хайады патрулон посты службæйы дæлхайады. Дыууæ азы дæргъы ацы дæлхайады бакусгæйæ, Лаурæ раивта æнахъомты хъуыддæгты фæдыл дæлхайадмæ. Ацы дæлхайады куысты лыстæг фæзилæнтимæ Лаурæйы чи базонгæ кодта, уыдонæй иу уыд барадхъахъхъæнæг ведомствæйы ветеран Балаты Фатимæ. Лаурæ Фатимæйы уынаффæтæй абон дæр арæх спайда кæны.

– Пъæлицæйы кусджытæ æрмæст хъаугъайаг бинонты раргом кæнынц, зæгъгæ, арæх ахæм хабар фехъусæн ис. Фæлæ ацы хабар иттæг раст нæу, уымæн æмæ дзырддаг бинойнæгтимæ æмбарынгæнæн ныхас фæкæнæм, бинойнæгтæ кæрæдзиимæ цæмæй бафидауой, стæй сывæллæттæ алыхуызон сфæлдыстадон къордты архайын цæмæй райдайой, уыдæттæн ахъаз кæнæм, – зæгъы пъæлицæйы службæгæнæг сылгоймаг.

Службæйы хæстæ æнæлазæй æххæстгæнæг пъæлицæйы кусджытæ æппæт гæнæнтæй архайынц зын уавæры бахауæг æнахъомтæн баххуыс кæныныл.

Фарон зымæджы Гæбуаты Лаурæ алагираг Бæтаты бинонтæн зындзинад аиуварс кæнынæн баххуыс кодта. Студенткæтæй иу цалдæр боны дæргъы ахуырмæ нæ цæуы, зæгъгæ, Алагиры хъæды техникумæй пъæлицæйы хайадæн ахæм хабар фехъусын кодтой. Æвæс-тиатæй Бæтаты хæдзармæ æрбацæуæг Лаурæ æрхæндæг ныв ауыдта: уазал цæрæнуаты къултыл хъуына сбадт. Материалон зындзинæдтæ æвзарæг бинонтæ газæй ифтонгадæй цухгонд æрцыдысты, æмæ хи ныхсыны фадат дæр кæмæн нæ уыд, ахæм чызг ахуырмæ нæ цыд. Æртæ сывæллоны мадæн бамбырдуæвæг стыр хæс цыбыр рæстæгмæ бафидыны фадат нæ уыд. Газы хæдзарады кусджытæ сывæллæтты мад Бæтаты Дианæйæ домдтой сæвзæрæг хæс æххæстæй бафидын. Гæбуаты Лаурæ амынд хæдзарады разамындимæ баныхас кодта æмæ Бæтаты хæдзар газæй ногæй ифтонг кæнын райдыдтой. Фæстæдæр пъæлицæйы службæгæнæг сылгоймаджы æххуысæй Бæтаты бинонтæн раттой æххуысхъуаг бинонты уагæвæрд æмæ сын æрвылмæй пособи фидын райдыдтой.

Гæбуаты Лаурæ баххуыс кодта канд Бæтаты бинонтæн нæ, фæлæ районы ноджыдæр ма цалдæр фæкæсинаг хæдзарæн. Куысты бирæ рæстæг æрвитæг æмæ дзы стыр хъарутæ хардзгæнæг сылгоймаг йæ цоты – Дзамболаты, Фаризæйы, Рухсанæ æмæ
Хадизæйы – хъомыладмæ дæр стыр æргом здахы.

Службæйы хæстæ æххæст кæнгæйæ, Лаурæ архайы зын уавæры бахауæг сывæллоны зæрдæмæ фæндаг хæлардзинады руаджы ссарыныл, рæзгæ фæлтæр æвзæрдзинæдтæй бахизыныл. Æмæ йын æнтысгæ дæр кæны.

 

Гæззаты Зæринæ,
Мидхъуыддæгты
министрады
Алагиры районы
 хайады инспектор

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here