Маршрутты уавæр рабæрæг кодтой

0
182

Ивгъуыд фæлладуадзæн бонты нæ республикæйы Экономикон рæзты министрады туризмы хайады кусджытæ бабæрæг кодтой Дыгургом æмæ бынæттон туристон маршрутты уавæр сбæлвырд кодтой.

Хъуыддаджы балцы ацæуæг адæймæгтæ федтой регионы æрдзон
рæсугъддзинæдтæ, стæй амынд маршрутты (ома, Æхсинты былгæрæттæ, Хæйрæджыты хид, Уастырджийы кувæндон, Задæлескы Нанайы хæдзар-музей, Мæцутæ, национ парк «Алани», Байрады æхсæрдзæн) хъæндзинæдтæ дæр раргом кодтой. Куыд рабæрæг, афтæмæй иуæй-иу маршруттæ санитарон тæлмыты, удæнцой къахвæндæгты æмæ амонæнты хъуаг сты, цалдæр маршруты æдасдзинадыл ахъуыды кæнын æмбæлы.

Балцы архайджытæ баныхас кодтой маршруттæ иртасыны куыст дарддæр æххæст кæныныл. Национ проект «Туризм æмæ уазæгуарзондзинад» амынд хъуыддаг аразынæн ахъаз кæны.

«Ир-Информ»

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here