Уарийы фарн цæры йæ кæстæрты

0
266

«Фæнды  мæ,  куы  фестин  æхсидав  æмæ  куы  басудзин, зæххыл мæнгарддзинад  æмæ  æбуалгъдзинадæй  цыдæриддæр  ис, уыдон».

Ацы базырджын ныхæстæ  кæддæр ныффыста Санаты  Умары фырт  Уари, зындгонд  таурæгъгæнæг æмæ фыссæг. Мæнгарддзинад æмæ æбуалгъдзинад алы заманты дæр уыдысты æмæ  сты абон дæр. Иу дугæй иннæмæ сæ скуынæг кæнынмæ тырныдтой  нæ  разагъды  лæгтæ, фæлæ уыцы  æппæрццæг миниуджытæн   арф уидæгтæ ис, æмæ сæ быныскъуыд скæнын ныры  онг дæр никæмæн бантыст. Таурæгъгæнæг сæ йæхæдæг царды  куы нæ бавзæрстаид, уæд йæ уды æмæ зæрдæйы арфæй не ссыдаиккой ацы рæнхъытæ. Æмæ куыннæ, боны рухс дæ цæстæй ма уын, æвзæргæнæгæн аккаг ныхкъуырд  ма  ратт, уый дæр  хъысмæты лæвар æбуалгъдзинад уыд, уæдæ цы?

Уарийы  цард  æмæ  сфæлдыстады тыххæй журналист  Черчесты Хъасболат фыста: «Уарийы хæстæгмæ чи зыдта, уыдоны цæстыты раз нывгондæй  баззад  нарæгастæу, рæхснæг æлвæст, дæргъæццонгомау цæсгом, æрттиваг цырыхъхъытæ, ирон галифе хæлаф æмæ дæлæмæ уагъд хæдон, сау бухайраг худ уæлиау кондæй, афтæмæй. Фæлæ Санайы-фырты ирон адæм, фыццаджыдæр, тау-рæгъгæнæг æмæ фыссæгæй зыдтой. Цымыдисæй йын кæсынц абон дæр йæ таурæгътæ æмæ прозаикон уацмыс-
тæ. Уыдон фыст сты хъæздыг  æмæ нуарджын  æвзагæй».

Санаты Уарийы сфæлдыстадон  бынтæн  бындур уыдис. Уари райгуырд Ирыс-
тоны рагондæр хъæутæй иу – Бруты 1882 азы. Иуæй-иу  бæрæггæнæнтæ  та йын  йæ райгуырд амонынц 1884 азæй. Аст азы йыл куы сæххæст, уæд æй ахуыр кæнынмæ раттой Стъараполы гимназмæ, фæлæ йæ фыд  æнæнхъæлæджы фæрынчын, æмæ йæм фæкæсæг кæй нæ уыд, уый тыххæй йæ ахуыр ныууагъта æмæ æрыздæхт йæ фыды хæдзармæ. Уари æнахъом лæппуйæ хистæртимæ арæх цыдис
цуаны. Цуанæттæй уæд  фыццаг хатт фехъуыста Бæтæйы фырттæ æмæ Тлаттаты Чермены зарджытæ дæр. Афтæмæй, Санаты Уарийы фæрцы  сæ нæмттæ сæнусон сты, æлдæртты ныхмæ æргом  чи  дзырдта, семæ стох кæнынмæ йæ ныфс чи бахаста, уыцы хъæбатыр хъобайнаг гуырдтæн. Уарийыл цуаны  бæллæх æрцыд. Æвастæй йыл  хъримаг схæцыд, æмæ топпыхосæй йæ цæстытæ бакуырм  сты. Ахæм фыдбылызы фæстæ Уари  йæхимæ нæ  ныхъхъуыста, фæлæ æрлæууыд фæллой æмæ сфæлдыстады  фæндæгтыл.

Иу бон  редакцимæ иу сылгоймаг æрбадзырдта æмæ  йæхи бацамыдта Санаты Уарийы хæстæджытæй, Томайты-Æлбегты Зоя. Куыд ра-
дзырдта, афтæмæй Уарийы  байзæддæгтæ бацархайдтой сæ номдзыд хистæрæн  йæ цырт ногæй рацаразыныл, æмæ йæ бафæндыд ацы
хъуыддаджы тыххæй Ирыс-
тоны цæрæг ирон адæмæн дæр  радзурын.

– Уари мæнæн мæ фыды-  хойы сæрыхицау уыд. Сæ  дыууæ дæр, Дзæуджыхъæуы   психиатрон рынчындонмæ  æввахс цы уæлмæрд ис, уым  кæрæдзи фарсмæ æвæрд  æрцыдысты, æмæ сæ рагон дурæй конд цыртытæ кæрæдзимæ  бакъултæ  сты.  Афæл-
дæхынмæ сæ бирæ нал хъуыд. Уæд  Уарийы  цоты цот   зиу расидтысты æмæ сын иумæйаг цырт сарæзтой. Ацы  хъæппæрисыл бацархайдтой: Гутнаты Алан, Санаты  Артур, Хæмæтхъанты  Оксанæ, хæстæджытæ –  зилгæйаг  Джимиты Æхсар, Санаты Симæ, Быгъдаты Тамарæ, Æлбегты Эдуард, Хетъеты Этери, Æлбегты Руслан, Томайты Марат æмæ Оксанæ Ундрицова. Санаты  Уари цыппораздзыдæй ракуырдта зилгæйаг, мæ  фыдыхо Æлбегты Афæхъойы чызг Сæлибæйы. Æлбегты  Афæхъо  кусаг  лæг  уыд. Йæ бинойнаг Бургалаты Сæлимæтимæ сын рухс  дунемæ  рантыст æртæ сывæллоны: Сæлибæ, Осмæн æмæ Муратбег. Фæлæ сывæллæттæн сæ мад æнафоны йæ цардæй ахицæн, æмæ сидзæрты хъомыл кæнын хъуыд. Æнæ мадæй та сабитæм кæсын æнцон нæу. Афæхъо дыккаг ус æрхаста Лекъты чызджы. Уымæй йын райгуырд чызг Олычкæ. Фæлæ та ацы сылгоймаджы дæр мæлæты азар басыгъта. Дыккаг хатт дæр та Афæхъойы сабитæ  æнæ  мадæй аззадысты. Ахæм æлгъыст макæй хæдзарыл æрцæуæд, цы хъуамæ кодтаид сæ фыд æнахъом сабитæн? Æмæ та æртыккаг ус æрхаста, йæ ном æмæ йын мыггаг нæ хъуыды  кæнын, фæлæ йын дзы рацыд  æртæ сывæллоны: Бута, Сусу æмæ Верæ. Афæхъо  бирæ фос дардта, æмæ йæ «кулак» рахуыдтой. Йæ ис, йæ бон ын колхозмæ куы радтой, уæд уæззау рынчын фæци. Афæхъойы зæнæгæй Бургалаты хæрæфырттæй Осмæн  йæ  цард  баиу  кодта  Сæлбиты Надяимæ, Муратбег  (мæ фыд) – белорусаг чызг  Агафья  Латушкинаимæ, Сæлибæ та чындзы  æрцыд Санаты  Уаримæ. Рæсугъд  сылгоймаг уыд Сæлибæ. Уыдис Афæхъойы  зæнæджы æппæты  хистæр. Тынг  уарзта йе ‘фсымæртæ Осмæн æмæ  Муратбеджы. Брутæй Хъобанмæ куы алыгъдысты  æмæ  уым куы æрцардысты, уæд  Сæлибæ  уырдæм акодта  мæ  фыд  Муратбеджы  йæ  бинонтимæ. Уым  Муратбег  куыста зынгхуыссынгæнæгæй, мæ мад  Агафья та – Джызæлдоны ГЭС-ы машинисткæйæ. ГЭС-ы кусджытæн цы хæдзæрттæ арæзта паддзахад, уыдонæй иуы мæ мадæн дæр фатер раттой. Уари куырм уыдис æмæ йæ бинойнаджы  хæрз-
уынд цæсгом нæ федта, фæлæ кæрæдзиуы куыд æнувыд уыдысты, кæрæдзийæн цы стыр  аргъ кодтой, уый диссаг уыд, – дзырдта Томайты-Æлбегты Зоя.

Санаты Уари æмæ Æлбегты Сæлибæ  схъомыл  кодтой  æртæ сывæллоны: Чермен, Тамиридæ æмæ Кимы. Уыдонæй ма абон цардæгас у Тамиридæ, фæлæ, йæ кармæ гæсгæ  у хуысгæ рынчын,  æмæ йæ зонд дæр фæцудыдта. Низ низ у, йæ кæнон кæны, фæлæ ахæм  уавæрмæ æрцæуын дæр Хуыцау ма  зæгъæд. Адæймаг йæ цоты, хиуæтты куынæуал зона, уæд уый зæрдæниз у бинонтæн. Уарийы кæстæр лæппу, отставкæйы булкъо Кимы бинойнаг Парсиаты Симæ не ‘рæййæфта йæ хицау æмæ æфсины, уæддæр  сын  мæрдтæм дæр æгъдау дæтты.

– Сæ уæлмæрдмæ æнæ  сæрбæттæнæй никуы æрбацæуын. Æгас не сты, фæлæ  сæ номæй дæр æфсæрмы  кæнын, – загъта Симæ. Ирон æгъдаумæ гæсгæ, Уари  æмæ  Сæлибæйæн сæ цырт ныххæлар кодтой, дыууæ кæр-
дзынæй сын рухс загътой. Симæйы хуызæн чындзытæ  кæй  мыггаджы ис, уыдон искæй тугæй амондджын сты. Уый у, нæ фыдæлтæ кæмæ бæллыдысты, ахæм бинонты фарн. Æмæ кæд Санаты Уари уыцы  хæрзамонд нал федта, уæддæр хъæр мæрдтæм дæр хъуысы

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here