Мах дохтыртæ стæм

0
80

Горæтгæрон районы галиу фарсы цæрджытæн медицинон лæггад кæны Æрхонкæйы рынчындон поликлиникæимæ. Сæ нымæц у 35 мины, рынчындоны статус аивта 2007 азы, уыд Æрхонкæйы районы рынчындон, ныр – Æрхонкæйы рынчындон. Фæлæ уымæй сæ куыст æххæст кæныны хæстæ нæ фæкъаддæр сты.

Бындуронæй рацарæзт рынчындоны ис фадат терапевтон, неврологон низтæй хъæрзæг адæмы дзæбæх кæнынæн, кусы гинекологийы боныгоны стационар, стæй – 20 бынаты паллиативон рынчынтæн. Иу уыйбæрц бынаты ис терапийы, дæс –
неврологийы. Рынчындоны куыстимæ нæ базонгæ кодта йæ сæргълæууæг Текъойты Владимир.

– Паллиативон хайады æппæт дæр ис, уый уын мæ бон фидарæй зæгъын у. Бузныг паддзахадæн, ифтонг сæ кæны. Медицинон æххуысагур чи ’рбацæуы, уыдонæн хостæ фаг ис, фарстæн Текъойы-фырт бамбарын кодта, афтæ куы рауайы, æмæ хостæ рынчындонмæ афоныл нæ фæхæццæ вæййынц, æмæ уæд иу хос баивынц иннæмæй. Хостæ, зæгъы, рынчынтæ сæхæдæг не ’лхæнынц.

Рынчындонмæ нæ балцы нысан уыд, паллиативон æххуыс куыд цæуы, уый нæхи цæстæй фенын. Валерий Муромцев йæ сæргъы лæууы, фæлтæрдджын реаниматолог-анестезиологмæ ис паллиативон медицинæйы сертификат дæр. Ахæм рынчынтимæ кусы афæдз æмæ ’рдæг æмæ, йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй сæ пациенттæ хоны. Йæ фарсмæ – фæлтæрдджын дохтыртæ Уалыты Зæлинæ – онколог, Гæлæбаты Беллæ æмæ Еленæ Васильченко – терапевттæ, Дедегкаты Зæринæ – хирург. Иумæйагæй сæ зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинады ’руаджы архайынц уæззау рынчыны уавæр фæрогдæр кæныныл. Сæ алы къахдзæфы тыххæй дæр хъусын кæнынц рынчындоны сæргълæууæгæн, бахъуаджы сахат та, æхсæв уа, бон – йемæ бастдзинад дарынц.

– Медицинон хотæн мæ дыууæ хатты дзурын нæ хъæуы, æмбисонды медицинон хотæ кусы ам. Алкæй бон нæу паллиативон рынчынтæм зилын. Плиты Ларисæ, Еленæ Умникова, Мария Хорунженко фæлтæрдджын медицинон хотæ сты, Танделаты Алинæ та нырма ныр райдыдта кусын Медицинон колледжы фæстæ, æмæ дзы кæд бирæ рæстæг нæма ис, уæддæр ныфсджынæй æххæст кæны йæ хæстæ, ардыгæй æндæр ранмæ ацæуыны фæнд æм нæй.

– Паллиативы нысан у, уæззау рынчыны цардæн аккаг уавæртæ æмæ цæстдард саразын, цы рæстæг ма йын баззад, уым. Æнæ рыстытæй, гæнæн цас ис, уый бæрц архайæм сæ дзæбæх кæныныл. Уыдонæн дæр, сæ хæстæджытæн дæр сæ удтæ рыст сты, æмæ сын медицинон æххуысæй уæлдай сæ удтыл дæр тыхсæм. Кæмæндæр ныхасæй, кæмæндæр чысыл хорздзинад ракæнгæйæ архайæм сæ утæхсæн фæрогдæр кæнын. Чысыл хорздзинадæн дæр бузныгæй баззайынц, – зæгъы хайады сæргълæу-уæг.

– Фæскуыст хæдзармæ куы ацæуыс, уæд дæхи куыд фенкъарыс? – бафарстон æй.

– Алыхуызон, æз дæр иннæтæй ницæмæй хицæн кæнын. Пациентты хъуыды  кæнын, æви нæ, уый дæ фæнды базонын? Хъуыды сæ кæнын. Мæ ахуыр аивын нæу мæ бон, æвæццæгæн, æй хъæуы аивын, фæлæ… хæдзары дæр мæ куыст мемæ вæййы. Цас фылдæр кусыс, уыйас фылдæр домыс дæхицæй. Алы пациент дæр лæууы мæ зæрдыл, чи – фылдæр, чи та – къаддæр, фæлæ се ’ппæты дæр хъуыды кæнын, – зæгъы Муромцев.

Æрмæджы авторы хъуыдымæ гæсгæ ацы ранæй хæдзармæ никæй афыссынц, фæлæ уый рæдыд у. Сæ фылдæр фæдзæбæх вæййынц, афтæмæй ацæуынц хæдзармæ. Мах мæрдтæ ныгæнæг командæ не стæм, мах дохтыртæ стæм, зæгъгæ, уыд йæ ныхас.

– Цин фæкæнæм, рынчын куы фæдзæбæхдæр вæййы, афтæмæй йæ куы рафыссæм, уæд. Тынг уæззау рынчынтæ сты, хуыцæуттæ не стæм, фæлæ, рынчын фылдæр цæра, ууыл æппæт хъарутæй дæр чи архайы, ахæм дохтыртæ æмæ медицинон хотæ кусы ам. Акæс-ма рудзынгæй, Александр Невскийы номыл аргъуан нæ фарсмæ ис, æххуысгæнæг у. Куы сæ бахъæуы, уæд рынчынтæ ардæм æрбаздæхыныл фæарха-йынц, – зæгъы Текъойы-фырт.

Куыд базыдтам, афтæмæй Валерий Муромцев рынчындоны сæргълæууæгимæ рагæй зонгæ у, ивгъуыд æнусы нæуæдзæм азты иумæ райдыдтой Сывæллæтты республикон рынчындоны кусын. Цыдæр, зæгъы, куы нæ фембары, кæнæ йæ æххуыс куы фæхъæуы, уæд уымæ фæцæуы. Цæмæн, зæгъгæ, фарстæн йæ дзуапп уыд ахæм: «Уымæн, æмæ адæймаг вæййы зондджын, уый та ма зонынджын дæр у. Дард цæуын мæ нæ хъæуы, схизын æм, æмæ фарст лыггонд æрцæуы».

– Медицинон хотæн мæ дыууæ хатты дзурын никуы бахъуыд, æмбисонды хотæ нæм кусы. Алкæй бон нæу паллиативон рынчынтæм зилын. Моралон æгъдауæй, стæй хъаруджын адæймаг хъуамæ уа, науæд рынчыны æрзилын, стæй йæм базилынмæ алчи нæ сарæхсдзæн. Уымæй та Плиты Ларисæ, Еленæ Умникова, Мария Хорунженкойæ нæ рахъаст кæндзынæ, фæлтæрдджын медицинон хотæ сты.

Цыфæнды уавæры дæр æдзух сæ зæрдыл лæууы, паллиативы рынчынтæ кæйдæр мадæлтæ, кæйдæр сывæллæттæ кæй сты. Алкæй дæр фæнды, цæмæй цæрой, цас фылдæр гæнæн ис, уыйбæрц. Йæ уавæр куы фæхуыздæр вæййы, уæд уый дæр медицинон кусджыты уæлахиз у. Тухæнтимæ цард дæр бирæйы аргъ у адæймагæн, хъыгагæн æй æнæниз адæймаг нæ фембары, цалынмæ йæхиуыл не ’ртыхсы, уæдмæ.

Суткæйы дæргъы паллиативон медицинæйы хайады рад хæссынц дохтыр, медицинон хо æмæ санитаркæ. Кæрæдзи хорз æмбарынц, уæлдай хатт дзурын никæмæ хъæуы. Ларисæ Доманова, Еленæ Кусей, Надеждæ Радченко æмæ Евгения Васечко санитаркæтæй кусынц, уæззау сахат фыццагдæр уыдоныл æрæнцайы уæз, фæлæ иу хаттæй иннæмæ сæ ныфс нæ сæтты, æмæ сæ рад куы ’рхæццæ вæййы, уæд ногæй рацæуынц сæ фæрныг хæдзæрттæй, цæмæй семæ ’рбахæссой æнусон философон хъуыды – цардмæ тырнындзинад.

 

Хуыбиаты Ларисæ,
авторы ист къамтæ

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here