Бюджет фидаргонд æрцыд

0
149

Знон уыд РЦИ-Аланийы æвдæм равзæрст Парламенты цыппор дыккæгæм æмбырд. Амыдта йæ Парламенты Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз.

Депутаттæ фыццаг бакасты равзæрстой æмбырды боны фæткы иунæг, фæлæ ахсджиаг фарста – «2025 азмæ æмæ 2025-2026 азты пъланон рæстæгмæ РЦИ-Аланийы республикон бюджеты тыххæй» РЦИ-Аланийы закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» закъоны проект. Уый фæдыл раныхас кодта финансты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Оксанæ Карова.

Куыд загъта, афтæмæй сæ бахæссыны размæ ивддзинæдтæм каст æрцыд федералон министрады æмæ дзы се‘ппæты фæдыл дæр рахастой разыдзинады уынаффæ. Афтæмæй, республикон бюджеты æфтиæгтæ фылдæр кæнынц 1 миллиард æмæ 50 милуан сомæй. Уыдонæй 50 милуаны лæвæрд æрцæу-дзысты РЦИ-Аланийы Фæндæгты фондмæ; 79,9 милуан сомы – социалон бафыстытæ æмæ адæмы хицæн къордтæн, уыимæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонтæн социалон æххуысы мадзæлттæн, стæй, Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрадимæ
контракт чи бафыста, уыцы æфсæддонтæн социалон бафыстытæн; 21,3 милуан сомы – льготæмæ гæсгæ хостæ кæмæн æмбæлы, рынчынты уыцы къордтæн амынд хостæ балхæнынæн (уыимæ, æнахъом сывæллæттæн хъæугæ медицинон фæрæзтæ балхæнынæн дæр); 18,2 милуан сомы – доноры туг æмæ туджы компоненттæ
бахъахъхъæнынæн, дарын æмæ сæ ласынæн æмбæлгæ уавæртæ аразынæн; 17,7 милуан сомы – медицинон кусæндæтты хæрдзтæн; 22 милуан сомы – ахуырады къабазы объектты сæрмагонд инфраструктурон райрæзтæн; 16,2 милуан сомы – «Хъæууон фæзуæтты иумæйаг райрæзт»-ы паддзахадон программæйы фæлгæты Кировы районы Змейкæйы станицæйы, 360 бынаты кæм уыдзæн, ног ахæм скъола æмæ ног Культурæйы хæдзар саразыны тыххæй проектон-сметон гæххæттытæ бацæттæ кæнынæн; 24,7 милуан сомы сты Рахизфарсы Центрон рынчындон сцæлцæг кæныны, Елхоты ног скъола саразынæн проектон-сметон гæххæттытæ саразыны, муниципалон театртæн финансон æххуысы хæрдзтæ; уымæй дарддæр – республикæйы Хицауады фæстауæрцы фонд фæфылдæр кæныны, паддзахадон кусæндæттæ æмæ хицаудзинады оргæнты куысты хæрдзтæ, муниципалон бюджеттæн æххуысы, сывæллæтты сæрдыгон фæлладуагъды, хъæууонхæдзарадон культуртæ ихæй бахъахъхъæныны æмæ æндæр хæрдзтæ. «Афтæмæй, ацы азы бюджеты бæрæггæнæнтæ сты: æфтиæгтæ – 48 миллиард æмæ 894,8 милуан сомы, хæрдзтæ – 49 миллиард æмæ 872,8 милуан сомы, бюджеты кадавар – 978 милуан сомы», – загъта министр.

Раныхасы фæдыл фарстытæ уыд Парламенты Сæрдары хæдивæг Дойаты Светланæмæ, депутаттæ Реуазты Ларисæ æмæ Джиоты Георгимæ.

Фарстайы фæдыл æмдоклад скодта Парламенты бюджет, хъалонтæ, исбонад æмæ кредитон организациты комитеты сæрдар Хæдарцаты Аслæнбег. Æфтиæгтæ цæмæй уа, уый тыххæй хæрдзтæм хъæуы бæстондæр кæсын – ахæм уыд Хæдарцы-фыртæн йæ раныхасы сæйраг хъуыды, æмæ цæвиттонæн æрхаста, автоколоннæ – 1210 лизинджы фæрцы цы автобустæ балхæдта, уыдоны куыст. «Ног транспорт балхæдтам, цæмæй куса æмæ æфтиаг хæсса, уый тыххæй. Уыдон та лæууынц. Сæ пайдайæ бюджетмæ ницы ма фæхæццæ. Цæуылнæ? Цæмæн афтæ у? Ацы æмæ æндæр фарстытæ цæмæй ма ‘взæра, уый тыххæй хæрдзтæ хъæуы ноджы лæмбынæгдæр нымайын, æнæ уымæй размæ цæуæн нæй», – бафиппайдта депутат.

Закъоны проектмæ хаст ивддзинæдтæ депутаттæ хорзыл банымадтой æмæ, документы ахсджиагдзинад хынцгæйæ, фыццаг æмæ дыккаг кæройнаг бакасты закъон сфидар кодтой.

Парламенты цыппор дыккæгæм æмбырдæн хатдзæгтæ скодта æмæ журналистты фарстытæн дзуаппытæ ратта Тускъаты Таймураз.

– Бюджеты хæрдзтæ нымайын, йæ гæнæнтæ æвзарын, хъалонты æмæ æнæхъалонты æфтиæгтæн раст аргъ кæнын – уый у, республикæйы экономикæйыл чи ахады, уыцы министрадтæ æмæ ведомствæты æрвылбоны иумæйаг куыст. Респуб-ликæйы бюджеты нывыл куыстæн нæм ис æппæт гæнæнтæ дæр. Фæлæ хæрдзтæн бæстон æмæ нысанмæарæзт пълан куы нæ уа, уæд фаг ницавæр æфтиæгтæ уыдзысты, – загъта Парламенты Сæрдар.

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here