Зæрдиагдæр арфæтæ – Цæгат Ирыстоны ахуырады раззагдæртæн

0
43

Цæгат Ирыстоны астæуккаг скъолаты ацы азы æнтыстджындæр рауагъдонтæн кадгæнæн фембæлд сарæзтæуыд Дзæу-джыхъæуы Сæрибары фæзы. Царды уæрæх фæндагыл чи æрлæу-уыд, уыцы фæсивæдæн арфæ ракодта Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО.

Республикæйы скъолаты ацы азы рауагъдонтæй 344 лæппу æмæ чызджы
райстой «сырх» аттестаттæ æмæ майдантæ «Уæлдай æнтыстджын ахуырады тыххæй». Уыимæ, кадгæнæн фембæлды архайæг уыдысты, Иумæйаг паддзахадон фæлварæнтæ дæтгæйæ, алы предметтæй 100 баллы чи райста, уыцы рауагъдонтæ дæр.

Дзæуджыхъæуы сæйраг фæз бæрæгбоны фæлыс-тимæ сæмбæлд æмбырды архайджытыл, дæрдтыл хъуыстысты музыкæйы зæлтæ æмæ зæрдæбын арфæтæ… Фембæлды цыд иуцасдæр фæкъуыхцы кодта цыбыр тæрккъæвда. Фæлæ уыцы æрдзон фæзынд дæр нæ фехæлдта бæрæгбоны æнкъарæнтæ…

Сергей Меняйло йæ раныхасы куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй сæрмагонд арфæйы аккаг сты, дæргъвæтин рæстæг йæ ахуырады уæлдай æнтыстдзинæдтæ кæй къухы æфтыд æмæ, фæлварæнты рæстæг йæ зонындзинæдтæ ирдæй чи равдыста, уыцы рауагъдонтæ.

– Нæ фæсивæды уындæй зæрдæ рухс кæны… Ме ’взонг хæлæрттæ, сымахæй алчидæр æрлæууыд йæхи сæрмагонд цардвæндагыл, бирæ зындзинæдтæ æмæ æндæр фæлварæнты сæрты хизгæйæ, тырнут размæ, уæ равзæрст нысантæм. Алкæддæр аргъ кæнут ныййарджытæ æмæ иннæ хистæрты ныхасæн, ут ныфсджын æмæ хъомысджын. Мах дæр уе ’ппæт фæрныг хъуыддæгты уыдзыстæм уæ фарсмæ, – загъта республикæйы разамонæг.

Фембæлды архайæг уыдысты РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз, Хицауады Сæрдары хæдивæг Платы Альбинæ, республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ, æндæр ведомствæты минæвæрттæ æмæ муниципалитетты разамонджытæ.

 

СЛАНТЫ Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here