Ахуыры фæстæ – скъолатæ æмæ рæвдауæндæттæм

0
151

Цæгат Ирыстоны педагогон колледжы 140 студенты райстой ахуыргæнæндон фæуыны тыххæй дипломтæ, 46 адæймаджы – иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ.

Уый уыди, училищæйæн колледжы ном куы раттой, уый фæстæ фыццаг хатт. Йæ рауагъдонтæ кусдзысты скъолаты, рæвдауæндæтты, ахуырады æндæр куыстуæтты.
Сæ дипломты фыст сты алыхуызон дæсныйæдтæ – «Райдайæн кълæсты
ахуыргæнæг», «Скъолайы размæ ахуыргæнæндоны хъомылгæнæг», «Музыкæйы ахуыргæнæг», «Ныв кæныны ахуыргæнæг». Колледжы райдыдтой цæттæ кæнын, абон ахсджиаг чи хъæуы, ахæм специалистты дæр, зæгъæм, «Райдайæн ахуырады коррекцион педагогикæ» æмæ «Скъолайы размæ сæрмагонд ахуырад». Уыцы
ахуыргæнджытæ æмæ хъомылгæнджытæ кусдзысты, се ’нæниздзинад зæрдæхсайгæ кæмæн у, уыцы сывæллæттимæ.
Колледжы рауагъдонтæн арфæ ракæнынмæ æрбацыдысты дзæвгар адæм, уыдонимæ – нæ республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ, Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Огъуаты Алан, Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Ходы Мæдинæ, горæты ахуырады управленийы хицау Тотойты Наталья.
Йæ раныхасы Алыбегты Эллæ афтæ загъта: «Сымах скодтат ахсджиаг санчъех – бацыдыстут ахуырады куысты. Æнцон нæу, фæлæ у тынг хъæугæ. Рох уæ макуы уæд – уый уыдзæн уæ аккаг бавæрæн не стыр паддзахады сомбонмæ. Мæ зæрдæ уын зæгъы, цæмæй уæ размæ цы бæрзонд нысантæ сæвæрат, уыдон бафтой уæ къухы, рæствæндаг ут!»
Ацы аз Цæгат Ирыстоны педагогон колледжы уыдзæн 295 бюджетон бынаты, байгом дзы уыдзæн ног хайад дæр – «Физикон культурæ».

РЦИ-Аланийы Ахуырад æмæ наукæйы
министрады
пресс-службᴂ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here