Бинонты парад

0
257

Знон нæ бæстæйы уыд дзыллон акци «Бинонты парад». Акци арæзт æрцыд Бинонтæ, уарзондзинад æмæ иузæрдиондзинады боны кадæн.

Дзæуджыхъæуы, къниаз Владимиры номыл чырыстон аргъуанмæ æрбамбырд сты нæ республикæйы алы районтæй фæрнджын бинонтæ сæ сабитимæ.
Кæд хур зæхмæ йæ тæвд тынтæ ныддардта, уæддæр адæмы цæсгæмттыл уæлдай циндзинад хъазыд. Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг епископ Герасим сын сарæзта сæрмагонд ракуывд. Бафæдзæхста æрбацæуæг уырнæг адæмы Стыр Хуыцауыл, уый фæстæ «Бинонты парады» мадзæлттæ дарддæр цыдысты Хетæгкаты
Къостайы номыл парчы. Бинонты бæрæгбонмæ, æрбацыдысты РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Платы Альбинæ, РЦИ-Аланийы фæллой æмæ социалон рæзты министры хæдивæг Маматы Анджелæ æмæ нæ республикæйы Адæмон фронты сæргълæууæг Гæлиты Клим.
Мадзалы архайджытæн Платы Альбинæ бæрæгбоны арфæтæ ракодта æмæ загъта, æхсæнады бинонты æнгомдзинадæй цард рæсугъддæр æмæ фæрнджындæр кæй кæны, уый.
– Цæгат Ирыстоны бирæ ис ахæм бинонтæ, бирæ азты дæргъы æнгомæй, кæрæдзи уарзгæйæ, рæсугъд кæстæртæ хъомылгæнгæйæ ма нæ республикæйы кадыл дæр кад чи æфтауы. Фылдæр кæнæнт, ноггуырдтæ, æнæниз сабиты нымæц нæ республикæйы бæрзонддæр æмвæзадыл куыд æрлæууа, ахæм амонд нын Хуыцау балæвар кæнæд, – загъта Платы Альбинæ.
Гæлиты Клим та радзырдта, бирæсывæллонджын бинонтæн бæрæгбоны фæдыл цы лæвæрттæ ракæндзысты, уый тыххæй.
– Базарадон центр «Арктика»-йы разамынд 30 бинонтæн радта 5 мин сомы аргъ сертификаттæ. Уыцы æхца кæд бирæ не сты, уæддæр дзы цавæрдæр техникæ балхæнæн ис. Ацы традици нын æрвылазон сси æмæ алыхатт дæр бацархайæм бинонты бонмæ æрхъуыды кæнын, фылдæр сабитæ цы хæдзæртты ис, уыцы бинонты, – загъта Гæлийы-фырт.
Бæрæгбон, кæй зæгъын æй хъæуы, æнæ концертон программæйæ нæ фидауы. Хетæгкаты Къостайы номыл центрон парчы нæ республикæйы сфæлдыстадон къордтæ æмæ зарæггæнджытæ сæ аивадæй барухс кодтой архайджыты зæрдæтæ.

Саутæты Тамилæ,
къам систа Татьянæ Шеходанова

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here