Президенты амынддзинæдтæ куыд æххæстгонд цæуынц?

0
174

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО видеоконференцийы бастдзинады фæрцы архайдта Газификацийы федералон штабы радон æмбырды. Фембæлд амыдта УФ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг Александр НОВАК.

Ныхасы архайæг уыдыс-ты Уæрæсейы Энергетикæйы министрады, компани «Газпром»-ы, æндæр федералон ведомствæтæ æмæ структурæты разамонджытæ, регионты минæвæрттæ.

Æмбырды архайджытæ æрдзырдтой, регионты уæлæмхасæн газификацийы фæдыл бæстæйы Президенты амынддзинæдтæ куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл. Уыимæ, сæрмагонд æргом аздæхтæуыд, ахсджиаг социалон объекттæ æмæ дыргъдæтты æмбаладтæ æрдзон газæй куыд ифтонг цæуынц, уымæ.

– Зындгонд куыд у, афтæмæй Президент бахæс кодта, цæмæй 2030 азы онг æрдзон газ фæхæццæ уа 1,6 милуан цæрæн хæдзар æмæ æндæр ахæм объекттæм. Сæрмагонд амынддзинæдтæ баст уыдысты дыргъдæтты æнæкоммерцион æмбаладты газификациимæ, – æмбырды райдайæны уыдæттæ зæрдыл æрлæууын кодта Александр Новак.

Профилон ведомствæты минæвæртты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ, уæлæмхасæн газификацийы программæ 2021 азы фидаргонд куы ’рцыд, уæдæй нырмæ 1,3 милуан фæлхасгæнæджы участокты арæны онг бауагътой газы хæтæлтæ (уымæй дарддæры куыстытæ сты хæдзæртты хицæуттæн сæхи бæрны). Медицинон, ахуырадон æмæ æндæр ахæм социалон объекттæм газ бауадзыны фæдыл фидаргонд æрцыд 1 мин бадзырдæй фылдæр (ныр къæпхæнгай æххæстгонд цæуынц). Дыргъдæтты æмбаладты газификацийы программæмæ хаст æрцыд 200 мин хæдзарæй фылдæр. Абоны онг уал газы хæтæлтæ фæхæццæ сты 8,6 мин хæдзармæ.

Ведомствæтæ æмæ регионты минæвæртты докладтæм байхъусгæйæ, Александр Новак бахæс кодта, цæмæй газификацийы регионалон штабтæ сæ архайд фæхъомысджындæр кæной. «Сæрмагонд æргом аздахут, газы хæтæлтæ цы зæххы хæйтты арæнтæм бахæццæ сты, уыцы участоктыл æрбынæттон уæвæг
хæдзæрттæм æрдзон артаг афойнадыл бауадзыны хъуыддагмæ дæр. Æндæр уый цас пайдайаг уыдзæн: хæтæл уынджы цæуы, хæдзармæ та нæма фæхæццæ? Уымæй уæлдай, цæстдард домынц иннæ фарстатæ дæр. Зæгъæм, социалон æгъдауæй æххуысхъуаг адæмы хæдзæрттæм газ бауа-дзыны куыстытæн дихгонд цæуы сæрмагонд фæрæзтæ. Æркæсын хъæуы, уыцы фæрæзтæ цас раст хардзгонд цæуынц, уымæ дæр», – бацамыдта федералон Хицауады Сæрдары хæдивæг.

Цæгат Ирыстоны кой кæнгæйæ, штабы æмбырды æрхастæуыд ахæм нымæцтæ: уæлæмхасæн газификацийы программæйы бындурыл 2025 азы фыццаг æмбисы
æрдзон газ бауагътой 605 хæдзармæ. Амынд программæ йæ тыхы куы бацыд, уæдæй нырмæ регионы цæрджытæ балæвæрдтой газ бауадзыны фæдыл 3 745 курдиаты. Уыцы курдиæтты бындурыл газ ныридæгæн бауагътой 2 276 хæдзармæ. Иннæ хæдзæртты газификацийыл дæр куыст цæуы сæрмагонд пъланы бындурыл.

СЛАНТЫ Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here