Æрыдоны районы Нартыхъæуы рæвдауæндон арæзт æрцыд 1963 азы æмæ аивгæнæн лыстæг куыстытæй уæлдай бындурон цалцæггонд никуы ма уыд. Фæлæ паддзахадон программæ «Хъæууон фæзуæтты иумæ-йаг райрæзт»-ы фæрцы ивгъуыд аз рæвдауæндон бындуронæй рацарæзтой æмæ ныр йæ хуыз скалдта.
Егъау куыстыты фæрцы рæвдауæндоны æххæстæй дæр баивтой электрон телтæ, хъармгæнæн системæ. Бæстыхайæн йæ сæр æрæмбæрзтой ног арæзтадон æрмæгæй. Сывæллæттæ цы агъуыстыты вæййынц, уым алы ран дæр баивтой пъолтæ, цартæ, рудзгуытæ, дуæрттæ, сантехникæ.
Аивгонд æрцыд рæвдауæндонæн йæ алыварс дæр. Зæхх астæрд у рæсугъд къæйтæй. Кæрты æрæвæрдтой дыууæ беседкæйы – сывæллæтты алы къордæн дæр – хицæнæй. Ис дзы бандæттæ, бырондæттæ. Кæртæн цъæх фæлыстæй йæ бакаст – диссаджы рæсугъд. Сывæллæтты æдасдзинадæн бæстыхай алы ‘рдыгæй дæр быруйæ æхгæд æрцыд.
Рæвдауæндоны хъомылгæнинæгтæ сты 2-7-аздзыд сывæллæттæ, æмæ дих сты дыууæ къордыл. Йæ хъомысмæ гæсгæ рæвдауæндонæн йæ бон у 40 сывæллонæн балæггæд кæнын. Фæлæ ныртæккæ йæ хъомылгæнинæгты нымæц у 52, уымæн æмæ сæм 8 сывæллоны цæуынц Фыййаджыбылæй. Хъомылгæнинæгтæй 9 сты сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты сывæллæттæ.
Сывæллæттæн се ‘ппæтæн дæр рæвдауæндоны ис рæзыны, хъомыл кæнын æмæ ахуыр кæныны нырыккон гæнæнтæ. Скъоламæ сæ цæттæ кæнынц полилингвалон ахуырады бындурыл. Сывæллæттимæ кусынц фондз ахуыргæнæджы, уыдонæй дыууæ сты 1-аг квалификацион къæпхæны дæснытæ. Уымæй уæлдай сæм ис физкультурæйы
ахуыргæнæг, музыкалон разамонæг, психолог, логопед.
Нартыхъæуы рæвдауæндон бындурон рацарæзты фæстæ куыд кусы æмæ дзы йæ хъомылгæнинæгтæн цы уавæртæ арæзт æрцыд, уыимæ базонгæ сты
республикæйы Парламенты депутаттæ, амæй размæ Æрыдоны районмæ кусæг балцы куы уыдысты, уæд, æмæ, цы федтой, уымæй разыйæ баззадысты.
ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ














