Фæдисы хъæр!

0
56

Æрæджы нæ редакцимæ æрбадзырдта иу ацæргæ сылгоймаг. Йæхи нын куы бацамыдта, уæд разынд Беслæны хъæуы цæрæг Дзандараты Зариффæ. Зариффæ хорз зонгæ у нæ редакцийы кусджытæн, арæх нæм фæфыссы алыхуызон цымыдисаг
æрмæджытæ Беслæны хъæуы цард, цы зындгонд адæм дзы цæры, уыдоны тыххæй.

– Мæхи кæдæй хъуыды кæнын, уæдæй нырмæ фыссын газет «Рæстдзинад». Бирæ цымыдисаг уацхъуыдтæ дзы бакæсын. Фæлæ дзы æрæджы бакастæн редакцийы сидт ирон адæммæ: «Йæхи ирон чи хоны, уый рафыссæд газет «Рæстдзинад»!». Æмæ йæ куыд рафыссон? Йæ аргъы мæт дæр мæ нæй, адæймаг ма йæхи уыдæттыл аирхæфсы, фæлæ нын æрæджы Беслæны посты кусджытæ фехъусын кодтой, газеттæ мауал рафыссут, ничи уæм сæ хæццæ кæндзæн, зæгъгæ. Нæ пенсимæ дæр нæхæдæг ссæуæм. Ныр уæдæ куыд кæнæм? Цы фæуæм?

Нæ редакцимæ ахæм хъæстытæ арæх æрбацæуы: чи писмо æрбарвиты, чи телефонæй æрбадзуры. Мах сын бæргæ æмбарæм сæ зын, сæ рыст.
Нæ бæстæйы посттæ хицæн адæймаджы къухмæ кæй бахаудтой, уый аххосæй адæмы бон нывыл газеттæ рафыссын æмæ райсын дæр нал у. Посты бæстыхæйттæй дуканитæ сарæзтой. Газет фылдæр ацæргæ адæм кæсынц, фæлæ уыдоны бон постмæ цæуын нæу, хæдзармæ та сæм æй хæсгæ нал кæнынц. Ахæм бæллæхы уавæры бахаудтой нæ газеттæ. Редакцийы кусджытæ сæ зæрдæ дарынц нæ республикæйы Хицауадыл, кæд исты мадзал ссариккой, цæмæй ацы фарста лыггонд æрцæуа.

Газет «Рæстдзинад»-ы редакцийы номæй
ГÆБУАТЫ Галинæ 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here