Донхорыджы фиддонтæ бæстон бæлвырдгонд хъуамæ æрцæуой

0
135

Фæстаг рæстæг Цæгат Ирыстоны цæрджыты цы фарстатæ тыхсын кæнынц, уыдонæй иу у, сæ хуымтыл цы дон пырх кæнынц, уымæн сæ сæрмагонд фиддон кæй æрдомдтой, уый. Донхорыджы фиддоны бæрц бирæ адæммæ æвзæрын кæны фарстатæ, алчи йæ бæрцимæ разы нæу. Æппæт уыцы фарстатæм РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло аздæхта республикæйы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министр Хъараты Тимуры æргом сæ кусæг фембæлды рæстæг.

Фыццаджыдæр, æвæццæгæн, зæгъын хъæуы, республикæйы разамонæг бæлвырд амынддзинад кæй радта, уый тыххæй. Сергей Меняйлойы ныхасмæ гæсгæ, донхорыджы фиддон ист хъуамæ ма цæуа, цалынмæ бæлвырд бæрæггонд не ’рцæуа, алкæцы хи хæдзарады дæр хуымты фæзуат цас у, уый. «Алкæцы адæймаг дæр хъуамæ æмбара, донхорыджы фиддон цавæр фæзуаты тыххæй исынц, уый», – бацамыдта Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг.

Уыимæ, Сергей Меняйло профилон ведомствæйы разамонæгæн бахæс кодта, цæмæй 2026 азы 1 январы онг арæзт æрцæуа адæмы льготон къордтæн дон нымайæн прибортæ æвæрыны регионалон программæ (уыимæ, счетчиктæ æвæрд цæудзысты «Водоканал»-ы хардзæй).

– Майæ августы онг донхорыджы фиддон æххæст кæнын кæй хъæуы, уый у федералон закъонæвæрынады домæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, ууыл къух сисæн нæй. Фæлæ хъуыддагмæ бавналыны размæ аиуварс кæнын хъæуы æппæт тыхстаг фарстатæ дæр. Ныртæккæ куыд уынæм, афтæмæй «Водоканал» донхорыджы фиддон банымадта, «Росреестр»-ы зæххы хæйтты фæзуæтты тыххæй цы бæрæггæнæнтæ уыд, уыдоны бындурыл. Фæлæ уыцы бæрæггæнæнты бæлвырдгонд нæ уыд, иу кæнæ иннæ хæдзарады хуымтæ цы фæзуат ахсынц, уый. Уыцы аипп аиуварс кæнын хъæуы. Уыцы нысанæн хæстæгдæр рæстæг сæрмагонд къамистæ хъуамæ æрзилой æппæт хи хæдзарæдтыл дæр æмæ сбæлвырд кæной хуымты æцæг бæрцытæ. Амынд цæстдарæн мадзалы хъуамæ архайой район кæнæ хъæуы, стæй «Водоканал»-ы бæрнон кусджытæ æмæ зæххы хæйтты хицæуттæ сæхæдæг. Уæдмæ та уал донхорыджы фиддон урæд æрцæудзæн, – бафиппайдта Сергей Меняйло.

Республикæйы разамонæг Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министрад æмæ иннæ профилон ведомствæты бæрнон кусджытæн бахæс кодта, цæмæй фарстайы фæдыл хаст æрцæуой бæлвырд æмæ бæстон уынаффæтæ. Уыимæ, хъуыддаг куыд арæзт цæуа, уымæ Хицауады ’рдыгæй уыдзæн лæмбынæг цæстдард.

Сланты Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here