РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло фембæлд, Цæгат Ирыстонмæ чи æрцыд, уыцы фæсарæйнаг цæстдарджытимæ. Ныхасы архайдтой дзыллон хабархæссæг фæрæзты кусджытæ дæр.
Ныхас рауад æвзæрстыты æргомдзинад æмæ æдасдзинады фарстатыл. Фембæлды ма архайдтой УФ-йы Президенты Аппараты æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы федералон зылды, федералон инспектор Цæгат Ирыстоны Сергей Гончаров, РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз, РЦИ-Аланийы Центрон æвзарæн къамисы сæрдар Моргуаты Жаннæ æмæ РЦИ-Аланийы Æхсæнадон палатæйы сæрдар Нинæ Чиплакова.
Æндæрбæстаг цæстдарджытæ æмæ журналисттæн Сергей Меняйло сæ куысты фæдыл арфæ ракодта:
– Æвзæрстытæ цыдысты нæ паддзахадæн зын рæстæджыты. Уый тыххæй иу æмæ дыууæ хатты нæ бæстæйы Президент
Владимир Путин нæ раныхас кодта. Нæ республикæйы хъæлæс кæныны бонтæ ацыдысты æнæ æгъдау хæлдтытæй. Мæхи цæстдарды фæлтæрддзинадæй дæнцæг хæссын: тæккæ фыццаг бон дæр адæм куыд сæрæн æмæ иузæрдионæй цыдысты, уымæн æнхъæл нæ уыдыстæм. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ нæ æддагон ныхмæлæуджытæй æхсæнад ныддихтæ кæныныл чи архайдта, уыдонæн сæ фæндтæ сæ къухы нæ бафтыдысты, фæлæ адæм æрбалæууыдысты нæ Президенты фарсмæ. Мах та биноныг бакуыстам æдасдзинады фарстайыл, – загъта Сергей Меняйло.
Фæсарæйнаг цæстдарджытæ сæ хъуыдытæ загътой нæ республикæйы æвзæрстыты æргомдзинад æмæ хорз уавæрты фæдыл. Æндæрбæстаг эксперттæ бæрзонд бæрæггæнæн раттой Цæгат Ирыстоны æвзарæн процессæн.
Саутæты Тамилæ














