РЦИ-Аланийы Хицауады радон æмбырд амыдта Сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Дзанайты Барис. Хицауады уæнгтæ, ведомствæты разамонджытæ цы фарстатыл дзырдтой, уыдон иууылдæр баст сты нæ республикæйы районты, горæтты æмæ хъæуты социалон-экономикон рæзтимæ, цæрджыты удæнцойдзинадимæ.
Боны фæткы фыццаг уыд кадрты фарста. Тарифты регионалон службæйы разамонæджы хæдивæгæй снысан кодтой юридикон наукæты кандидат Кучиты Эдуарды фырт Хъазыбеджы.
Æмбырды архайджытæ базонгæ сты РЦИ-Аланийы Хицауады куысты пъланимæ 2026 азы цыппæрæм кварталы.
РЦИ-Аланийы экономикон рæзты министры хæдивæг Олег Быкадоров фехъусын кодта ацы азы фыццаг æмбисы нæ республикæйы социалон-экономикон рæзты бæрæггæнæнтæ. Йæ ныхасмæ гæсгæ, республикæ цæуы рæзты фæндагыл. Алывæрсыг æххуыс исынц амалхъомтæ, ныридæгæн нæ республикæйы æнтыстджынæй кусынц бизнесы 3270 объекты. Куыст цæуы национ проекттæ царды рауадзыныл.
– Туристон хъалон æмбырд кæныны хъуыддаг нæ республикæйы кусы 2025 азы январæй нырмæ. Афæдзы райдианæй уыцы хуызы хъалонтæ бюджетмæ бацыд 11,5 милуан сомы. Аттестаци чи ацыд, уыцы 64 гиды кусынц Ирыстоны уазджытимæ, – загъта министры хæдивæг.
Социалон къабазы лæггæдты тыххæй, падзахадон программæ «РЦИ-Аланийы социалон рæзт»-мæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй дзырдта нæ республикæйы фæллой æмæ социалон рæзты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Абайты Юри. Куыд загъта, афтæмæй ацы аз дарддæр алывæрсыг æххуыс уыдзæн сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн, бирæсывæллонджын æмæ фæкæсинаг бинонтæн. Æдæппæтæй ацы аз социалон лæггæдтæн радих кодтой авд миллиард сомы.
Хъæууон хæдзарады министры хæстæ æххæстгæнæг Мæхъиты Алан рæгъмæ рахаста, зæхкусæгæн алывæрсыг æххуыс кæныны фарста. Йæ ныхасмæ Хицауады Сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг бафтыдта, 2026 азы агропромышленнон комплексы рæзтæн субсидитæ кæй радих кодтой 70 милуан сомы.
– Сæйрагдæр у, цæмæй паддзахадон æххуыс афойнадыл фæхæццæ уа алкæмæдæр, – загъта Дзанайы-фырт.
Нæ республикæйы 1052 æрыгон бинонтæ хæстæгдæр рæстæг райсдзысты ног, æнцонвадат фатертæ, сæ номхыгъд сфидар кæныныл дзырдта РЦИ-Аланийы арæзтад æмæ архитектурæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Бетанты Марат.
РЦИ-Аланийы санитарон сыгъдæгдзинад, нæ хъæуты æмæ горæтты цъæхвæлыст æмæ æнцонвадаты мæйон 2026 азы октябры-ноябры цæмæй ацæуа, уымæ фæсидтис РЦИ-Аланийы Æрдзон фæрæзты æмæ экологийы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Бæзаты Вадим. Ацы куыст æмцæдисонæй, районты разамынд æмæ цæрджыты иумæйаг фæндон æмæ хъарутæй кæй кæнгæ у, уый фæнысан кодта Дзанайты Барис.
Нæ республикæйы доны объектты адæмы æдасдзинад æххæст кæныны фæткæвæрд сфидар кæнын ахсджиагыл банымадтой æмбырды архайджытæ æмæ йыл схъæлæс кодтой.
Хицауады æмбырды ма ныхас цыд æндæр вазыгджын фарстатыл.
Гугкаты Жаннæ














