Сæдæ хатты фехъусынæй иу хатт фенын – хуыздæр

0
49

Нæ республикæйы ас адæмы дзæбæхдзинад æмæ æнæниздзинадæн ныртæккæ бирæ мадзæлттæ арæзт кæй цæуы, уый дызæрдыггаг нæу. Фæлæ, мæнмæ гæсгæ, се ‘хсæн фыццаг бынат ахсы республикон геронтологон центр.

Æз ацы социалон æххуысады уагдоны мæхиуыл цы банкъардтон, уый тыххæй мæ радзурын фæнды, мæ уарзон газетыл мæн хуызæн иузæрдион чи у, уыцы кæсджытæн. Дыууæ къуырийы дзы фæдæн, ме ‘нæниздзинад бынтон бæллиццаг нал у, азтæ сæ куыст кæнынц, фæсхæст мæ сабибонты цы зындзинæдтæ бавзæрстон, уыдон мыл зынын райдыдтой. Рагæй хъуыстон ацы центры тыххæй, адæймаг, дам, дзы ахæм медицинон æххуыс райсы, раст цыма ногæй райгуыры. Уымæ гæсгæ социалон æххуысады хайадæй балцæг райстон, сæдæ хатты фехъусынæй иу хатт фенын хуыздæр у, зæгъгæ, мæхицæн скарстон.

Геронтологон центрмæ йæ хъалæй ничи цæуы, алыхуызон низтæ дзы дзæбæх кæнынц хистæр фæлтæры минæвæрттæ, æмæ медицинон кусджытæ алы адæймагæн дæр снысан кæнынц хицæн мадзæлттæ. Кабинеттæ ифтонггонд сты нырыккон медицинон аппараттæй. Фæлæ аппарат ницы феххуыс уыдзæн, хъæуы дæсны специалисты ахаст æмæ узæлд. Уый тыххæй та коллективы курæг цæуын нæ хъæуы – дохтырæй, медицинон хойæ, хæринаггæнæгæй – се ‘ппæт дæр цыма иу джиппы уагъд сты, æнæ мидбылты худгæйæ дзурын дæр нæ зонынц.

Коллективæн разамынд дæтты хурæнгæс сылгоймаг Цæллагты Людмилæ. Цы æгъдау нывæрдта йæ дæлбар уагдоны, уый æххæстгонд цæуы, куысты фæтк – раст сахаты хуызæн æнæзæрдæхсайгæ. Дохтыртæ Гаджиты Зæлинæ, Беккуызарты Иринæ, Бекъойты Дзерæ, социалон кусæг Иринæ (хъыгагæн ын йæ мыггаг нæ хъуыды кæнын), æнцой нæ зонгæйæ, иудадзыг архайынц сæ бæрныгонд рынчынты уавæр фæрогдæр кæныныл. Æмæ сын æнтысгæ дæр кæны.

Центр æрдзы хъæбысы æрбынат кодта, горæты змæлд æм нæ хæццæ кæны, уæлдæф – сыгъдæг, æмæ уый дæр дохтырты фæлмæн профессион узæлдимæ рынчынæн æвдадзы хос у. Ис дзы терренкур – тезгъо кæнын æмæ спорты хуызтæй архайынæн уавæртæ, библиотекæ, хи аирхæфсынмæ алыхуызон цымыдисаг мадзæлттæ. Цы дыууæ къуырийы дзы фæдæн, уым нын дыууæ хатты равдыстой концерттæ, æрбахуыдтой нæм республикæйы зындгонд зарæггæнджыты. Зæрдæйæн ма уымæй æхсызгондæр цы уа!

Æнæзæгъгæ нæй хæринаггæнджыты тыххæй дæр. Хæрæндоны ис ссæдз стъолы фæндзгай бадæн бынæттимæ. Низтæ фæйнæхуызон кæй сты, уымæ гæсгæ рынчынтæн æмхуызон хæлц хæрæн нæй, æмæ уыцы ахсджиаг фарстамæ дæр хæринаггæнджытæ лæмбынæг кæсынц. Раст сæм цыма зынаргъ уазджытæ æрбацыд, алы адæймагыл дæр афтæ мибылхудгæ сæмбæлынц. Номæй-номмæ дзы зонын æрмæстдæр Дзансолты-Сихъоты Зояйы, фæлæ се ‘ппæтæн дæр зæгъын стыр бузныг. Уæ къух дзагæй-дзагдæр кæнæд Нарты Сатанайау!

Кæронбæттæны мæ центры коллективæн зæрдиаг арфæ ракæнын фæнды. Ас адæмыл узæлут, уæ уды хъармдзинад сын дæттут, æмæ уæ цæрæнбон бирæ.
Хуыцаумæ цы бирæ хорздзинæдтæ ис, уыдонæй хайджын ут, низы рыст нæ банкъаргæйæ!

ДЗАНСОЛТЫ Агуыбе,
фæллойы ветеран, Дзæуджыхъæу

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here