Цæрдзæн нæ зæрдæты

0
75

Сæрмагонд æфсæддон операцийы хъæбатырæй чи фæмард, уыцы хуссарирыстойнаг ХУЫГАТЫ Радиславы къам æвæрд æрцыд Горæт-Хъæбатыр Севастополы, «Уæрæсейы хъæбатыртæ: тых иудзинады», зæгъгæ, горæты астæу музейы.

Экспозици арæзт æрцыд, Уæрæсейы Хъæбатыры «Сыгъзæрин Стъалы» чи райста, уыдонæн.

33-аздзыд Хуыгаты Радислав фæмард 2022 азы 27 мартъийы Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы. Уый службæ кодта мотоæхсæг полчъы.

Уыцы бон Хуыгайы-фырты къорд бахауд зын уавæры Мариуполыл тохты рæстæг. Дыууæ хæстоны фæцæфтæ сты, æмæ сын Радислав фыццаг æххуыс бакодта. Командæ ратта фæстæмæ ацæуыны тыххæй. Фæлæ æмбæрста, разæй цæуджытæ æдас кæй нæ уыдзысты, уый. Уæд сфæнд кодта знаджы асайын.

Хуыгаты Радислав Ирыстоны тырысаимæ размæ рахизгæйæ, æхсын райдыдта, цæмæй знæгтæ уымæ фæуой. Уымæй фервæзын кодта йе ’мбæлтты. Йæ къорды хæстонтæ уыцы уавæры фæцарæхстысты æмæ знаджы ныддæрæн кодтой.

Мариуполыл хæстыты Хуыгаты Радислав лæгдзинад, хъæбатырдзинад кæй равдыста, уый тыххæй йын Уæрæсейы Президент Владимир Путин саккаг кодта Уæрæсейы Хъæбатыры ном (йæ амæлæты фæстæ).

2024 азы йын йæ райгуырæн Къуайсайы æвæрд æрцыд цыртдзæвæн.

Хуыгаты Радиславы ном баззайдзæн историйы. Нæ хъæбатыртæ цæрдзысты, цалынмæ сын се сгуыхтдзинæдтæ нæ зæрдыл дарæм, уæдмæ.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here