Хуссар Ирыстоны Леуахийы цæугæдоны былгæрон æрбынæттон æрвылаз кусæг пансионат «АLANDON». Рæсугъддæр бæрзæнды, Сæйраг Кавказаг рагъы хуссайраг фахсыл, Дзауы районы Згъубиры хъæумæ ‘ввахс, пансионат адæмæн ссис уарзон.
Цы дыууæ минералон донгуырæны дзы ис, уыдоны фæрцы адæмæн сæ бон у се ‘нæниздзинад фæхъæддыхдæр кæнын. Рекреацион объектæй 200 метры дарддæр минералон гуырæнтæ, стæвд сæ кæныны фæстæ, кæлынц ваннæтæ кæнæн бынатмæ, уымæй уæлдай – цæрæнбынæтты душтæм. Йе нæниздзинад чи фидар кæны, уыдоны бон у хуымæтæг донæй æмæ минералон донæй хи æрæхсын. Уый размæ уал дохтыртæй райсынц æмбæлгæ амынддзинæдтæ.
Ацы объекты хицау Босыкты Владимир куыд зæгъы, афтæмæй минералон дæтты ваннæтæ хорз ахъаз фæвæййынц артрозты, подагрæ, зæвæты цыргъаджы, æрхæджыты, стджыты-хæцъæфты, буары, венæты алыхуызон низтæн. «Дыккаг донгуырæны ном дæр «АLANDON» хуыйны, уый та сæкæрнизы, хæринагтайыны, игæры, масты, æдæр низтæ дæр дзæбæх кæны», – фæбæрæг кодта Босыкы-фырт.
Бальнеологийæ дзæбæхгæнæны байгомы агъоммæ объекты хицау минералон дæтты хуызтæ арвыста Уæрæсейы курортологийы наукон-иртасæн институтмæ. Институты дæтты сконды, дзæбæхгæнæн мадзæлтты хайады хицау Сергей Данилов скодта сын стыр аргъ. Уый йæхæдæг бирæ азты фæкуыста æмæ минералон дæтты ахæм æвæджиауы скондыл нырмæ нæма сæмбæлд.
Куыд загъта, афтæмæй нæ дæтты алыхуызон химион баургъæдтæ æмæ микроэлементтæн сæ бæрцытæ минералон дон афтæ схъæздыг кодтой, æмæ низджынæн йæ низ фæсурынц. «АLANDON»-æн ма стыр аргъ скодтой Мæскуыйы «Эксимтест»-ы иртасæн лабораторийы, уæдæ минералон дæттæ 2018 азы Мæскуыйы хойраджы æмæ нуазыны дæтты равдысты райстой сыгъзæрин майдан. Уый фæстæ «АLANDON» райста «Роспотребнадзор»-ы сертификат, æмæ дон æрвитын райдыдтой Илцыисæн Цæдисы паддзахæдтæм.
Минералон доны дзæбæхгæнæн æууæлтæ сæхиуыл банкъардтой рекреацион объекты се ‘нæниздзинад дзæбæхгæнджытæ. Бирæ азты тренировкæтæ кæй фæкодта, алыхуызон цæфтæ кæй бавзæрста, уымæ гæсгæ Джиоты Аланы йæ уæрджыты æрхæджытæ тынг хъыгдардтой. Йе ‘мбæлтты ныхасмæ байхъусгæйæ æртæ къуырийы дæргъы «АLANDON»-ы дæттæй йæхи фæдзæбæх кодта.
«Мæ рыстытæ фæцыдæр сты. Кæд мыл цыппор азы цæуы, уæддæр та бавнæлдтон тренировкæтæм, штангæимæ мæ бон дзуццæджы æрбадын, згъорын у», – зæгъы Джиойы-фырт. Пансионаты йæхи чи дзæбæх кæны, уыдонæй дæр фехъуыстам ахæм æвæрццæг хатдзæгтæ. Хуссар Ирыстонæй уæлдай, пансионатмæ хи дзæбæх кæнынмæ цæуынц Уæрæсейы алы кæрæттæй. Сæ нымæц азæй-азмæ рæзы, ныртæккæ дзы Уæрæсейы алы горæттæй ис фæндзай адæймаджы. Сентябры æнхъæлмæ кæсынц иннæ радмæ, нырмæ сæхицæн бынæттæ сфидар кодтой.
Босыкты Владимир куыд зæгъы, афтæмæй рынчынтæй æвæрццæг хатдзæгтæ куы фехъусы, уæд ын æхсызгон вæййы. «Мæ хъуыддаг кæй фæрæстмæ ис, уый мын æрхæссы æхцондзинад. Амалхъомады раст фæндаг равзæрстон», – загъта бальнеологон объекты хицау. Хи дзæбæх кæныны мадзæлттæй уæлдай, фæлладуадзджытæн сæ бон у бæхты руаджы балцты цæуын, фистæгæй дæр ис æрдзон рæсугъд бынæттæм ацæуæн.
Пансионат æрбынæттон денджызы æмвæзады 1500 метры бæрзæнды, хох Ресы цæгатаг фæхсы хохрæбын, Урстуалты æмæ Сбайы кæмттæ кæм сæмбæблынц, уым. Йæ алфамбылай фæзуæттæ дзаг сты хихджын бæлæстæй. Босыкты-фырт куыд зæгъы, афтæмæй уæлдæф у сыгъдæг, ис дзы бирæ рагон мæсгуытæ, аргъуантæ, кувæндæттæ. Тезгъо кæнгæйæ, адæмæн сæ бон уыдзæн æрлæууын, историон цаутимæ базонгæ уæвын.
Бальнеологон объекты хицауы зæрды ис хæххон фæндæгтæ расыгъдæг кæнын, кæддæр Згъубиры хъæуы цæрджытæ хос кæрдынмæ цыдысты ауылты. Фæлæ дыууын азы дæргъы фæндæгтæй ничи пайда кодта. Бæхтыл тæзгъо кæныны фæнд дæр æм ис. Сахат æмæ æрдæг – æмæ адæймаг схиздзæн Ресы хохмæ. Уыцы аив, рæсугъд бынæттæ иу хатт фенгæйæ, цæрæнбонты зæрдæты баззайдзысты.
Пансионат скуыста 2020 азы, бонæй-бонмæ йæ уавæртæ, йæ авналæнтæ хуыздæргæнгæ цæуынц. Ныртæккæ дзы ис спутникон телеуынынад, Интернет, уæрæх абанатæ. Сæрдыгон фæлладуагъды рæстæг адæмæн сæ бон у дзæбæхгæнæн кæрдæджытæ æмбырд кæнын. Пансионаты фæзуатыл Босыкты Владимиры зæрды ис сывæллæтты æмæ спортивон фæзтæ саразын, фæзындзæн дзы цад дæр. Уым хи найæн дæр уыдзæн, кæсаг ахсæн дæр. Зымæгон цады цъар куы ныссæла, уæд дзы уыдзæн къахдзоныгътыл бырæн.
Хæстæг æм цы фæхстæ ис, уыдоныл та фæзындзысты хæххон лыжæтыл бырæн трассæтæ. Хъавы ма пансионаты цур фермерон хæдзарæдтæ дæр байгом кæнын, йæхи чи дзæбæх кæна, уыдонæй сæ фынгтæм сыгъдæг, экологон æгъдауæй æдас хойраг бадæттыны тыххæй. Уый ратдзæн ног кусæн бынæттæ дæр. Йæ размæ бирæ æмæ ахъаззаг нысантæ æвæры Босыкты Владимир.
Уалыты Гугули














