Æнæхъæн бæстæ ацы бонты æрлæууыд æмæ æрымысыд Беслæны фыдбæллæхы фесæфæг æнаххос адæмы: сывæллæтты, ныййарджыты, сæ хиуæтты, сæрмагонд нысаниуæджы къордты архайджыты.
Црауы хъæуы Культурæйы хæдзары кусджытæ дæр, æрвылаз мыдадзын цырæгътæ ссудзæгæйæ, хъыгзæрдæйæ æрымысынц, Беслæны фыццæгæм скъолайы террористты къухтæй чи фæмард, уыдоны.
Культæрæйы хæдзары кусджытæ æмхуызонæй – Икъаты Аланæ, Болататы Зæлинæ, Хъуылаты Маринæ, Бутаты Эльвирæ, Гæбæраты Рая æмæ Быгъдаты Иринæ культурæйы артдзæсты рахизæны равæрдтой стыр фæйнæгыл уæды цаутимæ баст къамтæ, зæххыл та – мыдадзын цырæгътæ. Зæлыдысты музыкæйы уынгæг зæлтæ. Сылгоймагæй-нæлгоймагæй, сывæллонæй куы æрбамбырд сты, уæд хъæуы хистæр Бутаты Виктор Беслæны фыдбæллæхы фесæфæг адæмæн дон ныххæлар кодта, зæрдæбын ныхæстæ загъта…
Уый фæстæ Культурæйы хæдзары методист Болататы Зæлинæ адæмы зæрдыл æрлæууын кодта фыдохы хабæрттæ, радзырдта уыцы уæззау цауты тыххæй. Хъуыстой йæм, æдзæмæй лæугæйæ. Уæдмæ та æрбацæуæг адæмæн фенын кодтой Беслæны цаутимæ баст документалон киноныв. Æнкъард æмæ зæрдæрыст рауад мыдадзын цырæгътимæ фыдохы бахауæг адæмы æрымысыны акци. Æппæт хъуыддæгтæ конд æрцыдысты культурæйы артдзæсты кæрты. Ахæм цаутæн рох кæнæн нæй…
Нæ уацхæссæг














