Кадджын хистæртæ – фидар ныфс

0
141

Афтæ рауад, æмæ Ацæргæ адæмы дунеон боны мадзæлттæ Джызæлы аргъæвтой фæстæдæрмæ – æртæуæладзыгон егъау агъуысты ма бындуронæй сцалцæг кæныны фæстæ иуæй-иу куыстытæ кæронмæ хъуыди ахæццæ кæнын. Æмæ сæ хæццæ дæр аккаг хуызы акодтой. Æртиссæдзаздзыд бæстыхайæн, цы йæ æддаг бакаст, цы йæ мидæг бирæ уæттæ цæхæртæ скалдтой.

Кадджын уазджытæ, хъæубæсты хистæр æмæ астæуккаг кары адæм, къæсæрæй куы бахызтысты, уæд сæ зæрдæ куыд нæ барухс – алцыдæр аив, рæсугъд. Фысымтæн – Джызæлы Бæройты Михалы номыл санаторон скъола-интернаты коллективæн, стæй, раппæлинаг куыст чи фæкодта, уыцы аразджытæн – сисамайджытæн, электриктæн, сантехниктæн, ахорджытæн зæрдиаг арфæтæ ракодтой.

Скъолайы стырдæр æмæ райдзастдæр уæттæй иуы куы сбадтысты, уæд сын скъолайы хихъæппæрисадон къордты уæнгтæ бацархайдтой сæ зæрдæтæ рæсугъд зарджытæ æмæ зæрдæмæдзæугæ æм-дзæвгæтæй барухс кæныныл. Уый фæстæ сын
ахуыргæнджыты коллективы сæргълæууæг, педагогон наукæты кандидат Пухаты Ларисæ загъта, бындурон цалцæджы фæстæ хъæуы хистæртæ кæй сты сæ фыццаг уазджытæ, æмæ дызæрдыггаг нæу, амондджын къах кæй æрбавæрдзысты æмæ сæ ахуырадон куыстуаты хъуыддæгтæ хуыздæрæй-хуыздæрмæ кæй цæудзысты, уый.

Кадджын æмбырды фæдыл сæ хъуыдытæ загътой, гыццыл хъуаг дæс æмæ ссæдз азы кадимæ ацы скъолайы директорæй чи фæкуыста, уый – Магкаты Батырбег, стæй хъæуы администрацийы сæргълæууæг Дойаты Таймураз. «Ахæм хæрзхъæд æмæ
бæстон цалцæг горæтты дæр арæх нæ фендзынæ, æмæ йыл зæрдиагæй чи бацархайдта, уыцы адæмы цæрæнбон бирæ уæд», – загъта Батырбег.

Скъоламæ ацæргæ адæмы бæрæгбонмæ ма æрбацыдысты Кочынаты Валодя. Уый бирæ азты дæргъы æнæзæрдæхудт куыст фæкодта энергетикæйы къабазы, уыдис нæ республикæйы дæсныдæр специалисттæй иу. Калоты Мæирбег фæллой кодта транспортон организациты, Гæлуаты Эльбрус уыд бынæттон совхозы агроном. Нæкуысаты Таймураз дæр раздæр азты сахуыр кодта энергетикыл, куысты рæстæг дæр уыдис раззагдæртимæ. Уæдæ куыд нæ зæгъдзыстæм Моргуаты Юрийы тыххæй дæр. Уый рауагъта сывæллæттæн ирон зарджыты цалдæр чиныджы, зæрдиагæй бакуыста æмæ адæмы рæгъмæ рауагъта ирон адæмы хъæбатырты зарджытæ, арæх сæ акæнынц бынæттон хихъæппæрисадон къордты уæнгтæ, сты, Дзанайты Ольгæ разамынд кæмæн дæтты, уыцы зарæггæнджыты къорды репертуары дæр. Танхълаты Валери  бирæ азты дæргъы разæнгардæй архайдта Джызæлы профессионалон æмæ хихъæппæрисадон коллективты куысты, абон та, уыцы фæлтæрддзинадæй пайда кæнгæйæ, разамынд дæтты, ахуыр кæны ирон зарджытæ кæныныл хъæуы курдиатджын фæсивæды.

Рæсугъд, зæрдæмæдзæугæ ныхæстæ фехъуыстой сæ кадджын хистæртæй скъолайы ахуыргæнинæгтæ уыцы изæр, æмæ сæ зæрдыл сæ æнæмæнг бадардзысты. Афтæмæй кæны фидар фæлтæрты бастдзинад! Кæронбæттæны та, ирон æгъдау куыд амоны, афтæ уазджыты бахуыдтой дзаг фынгтæм. Хистæртæ скуывтой Сфæлдисæгмæ, Уастырджимæ, зæдтæ æмæ дауджытæм, бафæдзæхстой сыл нæ кæстæрты, цæмæй сæ сомбон уа амондджын, сæ рухс бæллицтæ æмæ фæндтæ сæххæст уой, дуне та уа сабыр.

Уазджытæ сæ хæдзæрттæм куы фæндараст кодтой, уæд та ма сын фысымтæ ракодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Афтæ ахицæн Ацæргæ адæмы дунеон боны кадджын æмбырд инæлар Бæройты Михалы номыл Джызæлы скъола-интернаты.

 

Хæмыцаты Морис

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here