Партийы райдиан хайæдты федералон советы æмбырд

0
114

Партийы райдиан хайæдтæ бæстæйы ис 87 минæй фылдæр. Афæдзы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, «Иугонд Уæрæсе»-йы райдиан хайæдтæ рахастой бирæ ахсджиаг уынаффæтæ. Партийы Сæрдар Дмитрий Медведев фыццагдæр фæнысан кодта райдиан хайæдты æмгуыстад æмæ сæ куыст цæрджытæн æххуыс фæхуыздæр кæныны фарста.

«Райдиан хайæдты советтæ кусынц «Иугонд Уæрæсе»-йы æппæт регионалон хайæдты дæр. Уыдон се ’мгуыстад фæхуыздæр кодтой партийы регионалон æмæ федералон оргæнтимæ. Мах регионалон æмæ бынæттон хайæдты разамонджытæн, алы æмвæзады депутаттæн бахæс кодтам, цæмæй иудадзыгдæр æмбæлой райдиан хайæдты нымæрдартимæ. Нымæрдартæ та, æнæмæнг, архайой, сæ хайæдтæ кæм сты, уыцы бынæтты цыдæриддæр партион хъуыддæгтæ арæзт цæуы, уыдоны», – загъта уый.

«Иугонд Уæрæсе»  райдиан хайæдтæн цы конкурс сарæзта, уый бæрæггæнæнтæм гæсгæ, йæ уæлахиздзаутæ равдыстой адæмон программæ æххæст кæныны хуыздæр фæлтæрддзинад æмæ партион активы сæрæн куыст, – æрлæууын кодта зæрдыл Дмитрий Медведев. Уый фæндон бахаста, райдиан партион хайæдты фæлтæрддзинад кæрæдзи ’хсæн парахат кæнынæн информацион бынат саразыны тыххæй. Хуыздæр фæлтæрддзинæдтæ кæрæдзимæ хæццæ кæнын, бархионты æмæ гуманитарон проектты æмгуыстад стыр пайда хæссы райдиан организациты рæзтæн, нымайы партийы Сæрдар.

Дмитрий Медведев фехъусын кодта, зæгъгæ, «Иугонд Уæрæсе» партийы райдиан хайæдты нымæрдартæн сараздзæн ахуырты онлайн-курсытæ. Уыдон райдиан хайæдты нымæрдарты домæнтæм гæсгæ райдайдзысты Уæлдæр партион скъолайы.

Æмбырдæн кæрон скæнгæйæ, Дмитрий Медведев фæнысан кодта, Думæйы егъау кампанийы агъоммæ партийы æппæт структурæты æмгуыстад снывыл кæнын кæй у тынг ахсджиаг хъуыддаг.

– «Иугонд Уæрæсе»-йæн Цæгат Ирыстоны ис 333 райдиан хайады, уыдоны архайы 13 мин адæймагæй фылдæр, – радзырдта партийы регионалон хайады нымæрдары хæдивæг Едзойты Марат.

Партийы бындурон къабаз у райдиан хайад. – Алы райдиан хайад дæр у æнгом коллектив, уый зæрдиагæй архайы партион царды, адæмон программæ æмæ партион проекттæ æххæст кæныны хъуыддæгты.

Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, 2024 азы Дмитрий Медведевы хъæппæрисæй «Иугонд Уæрæсе»-йы Аз нымад æрцыд райдиан хайæдты азыл. 2024 азы 2 июлы Генералон Советы æмбырды арæзт æрцыд партийы райдиан хайæдты совет. Уырдæм бацыдысты æппæт 89 регионы минæвæрттæ дæр.

 

Санаты Альбинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here