Мæздæджы районы прокуратурæ зылынгæнæн хатдзæг сфидар кодта, бынæттон цæрджытæй иуы ныхмæ цы уголовон хъуыддаг сарæзтæуыд, уый фæдыл.
Нæлгоймаджы азымджын кæнынц УФ-йы Уголовон кодексы 158-æм статьяйы 4-æм хайы («Æмдзæхдонтимæ рагагъоммæ баныхас кæнгæйæ, кæйдæр исбонады стыр бæрцытæ адавын») бындурыл.
Слестгæнджытæ куыд раиртæстой, афтæмæй 2025 азы августы бонтæй иуы
гуырысхойаг йæ зонгæимæ басаста баст-дзинады салоны дуары авг. Уый фæрцы бæстыхаймæ баирвæзгæйæ, гуырысхо-йæгтæ адавтой чырæг телефонтæ æмæ смарт-сахæттæ 1,5 милуан сомы аргъ.
Давд техникон фæрæзтæ фыдгæнджытæ сæхи пайдайæн ауæй кодтой (раттой сæ ломбардмæ).
Уыцы цауы фæдыл уголовон хъуыддаг прокуратурæ барвыста Мæздæджы районы тæрхондонмæ. Уыимæ, дыккаг гуырысхойаг ахст кæй нæма ‘рцыд, уыимæ бастæй йæ ныхмæ арæзт уголовон хъуыддагмæ каст æрцæудзæн фæстæдæр.
Зæгъын хъæуы, ахæм уголовон фыдракæнды тыххæй аххосджынтæн 10 азы онг ахæстоны фæбадыны тæрхон рахæссæн кæй ис, уый дæр.
РЦИ-Аланийы Прокуратурæйы
пресс-службæ














