Хъæрæсе-Черкессийы – Къостайы хъæу

0
63

Хъæрæсе-Черкессийы Шоаны хохрæбын æрбынæттон Хетæгкаты Къостайы хъæу. Æнус æмæ æрдæджы размæ йын бындур сæвæрдтой Цæгат Ирыстоны Нары комæй ралидзæг адæм. Æппæт уыцы хъуыддæгтæн разамынд лæвæрдта номдзыд поэты, нывгæнæджы, рухстауæджы фыд Хетæгкаты Леуан.

Раздæр цы бынæтты цардысты, уыдон ныууадзгæйæ, нарæгтæ араст сты хуыздæр зæххытæагур. Раздæр хъæу хуынд Шоанинскаг, фæстæдæр, 1879 азы, официалон æгъдауæй райста Георгиево-Осетиновскагы ном. 1939 азы хъæу схуыдтой Къостайы номæй, поэт ам ссардта йæ мæлæт, ам æй бавæрдтой 1906 азы. Фæстæдæр номдзыд поэты стæгдар сластой æмæ йæ кадимæ бавæрдтой Дзæу-джыхъæуы уæлмæрды.

Адæм сæ хъæу арæх сæхи мидæг хуыдтой Лабæ – раздæр цы цæугæдоны был хъавыдысты æрцæрын, уый номæй. Фæлæ уæддæр равзæрстой чырыстон аргъуаны цур бынат, аргъуан арæзт æрцыд астæуккаг æнусты Шоаны хохыл. Бынæттон цæрджытæ æрлидзæг адæмы хуыдтой лабæйæгтæ, хъæу та – Лабæ. Хъæуы фыццаг старостæ Барахъты Хъæвдыны руаджы хъæуæн скодтой бæлвырд пълан. Уый бацархайдта, æмæ дзы фæзынд аргъуанмæ, хизæнуæттæм фæндæгтæ.

Ныртæккæ хъæуы цæрынц 3 минмæ ‘ввахс адæймаджы – ирæттæ æмæ хъæрæсе-йæгтæ. Кæрæдзийы æмбаргæйæ цæрынц, æгъдæуттæн аргъ кæнгæйæ. Кæд æмæ сæ динтæ алыхуызон сты, уæддæр бахъуаджы рæстæг кæрæдзийы цур вæййынц, цины уа, æви зианы. Хъæуæн йæ удварны сæйраг рахæцæн у Уæлахизхæссæг Георгийы Алайнаг аргъуан.

Адæм æй нымайынц иудзинады æмæ зæрдылдарæн историон бынатыл. Алы аз дæр 6 майы сбæрæг кæнынц Уæлахизхæссæг Георгийы бæрæгбон. Уыцы бон ардæм æрцæуынц чырыстон диныл хæст адæм нæ бæстæйы алы къуымтæй, суанг Хуссар Ирыстонæй дæр. Пятигорскаг æмæ Черкессаг архиепископ Феофилакт службæ скæны. Ныртæккæ аргъуанмæ кæсæг æмæ хъæуы цæрæг Барахъты Хъазыбег куыд зæгъы, афтæмæй дзы уый бæрц адæм сæмбырд вæййы, æмæ дзы азмæлæнтæ нæ вæййы.

Скувыны фæстæ адæм сбæрæг кæнынц бæрæгбон аргъуаны рæбын, Уастырджийы номхæссæг ирон кувæндоны дæр скувынц. Ныр 155 азы дæргъы Хъубаны доны был æрцæрæг ирæттæ хъахъхъæнынц фыдæлтыккон традицитæ, æгъдау. Ам чи цæры, уыдон дзурынц ирон æвзагыл, дисы сæ æфтауынц, Ирыстоны цæргæйæ, йæ мадæлон æвзагыл йæхи чи атигъ кодта, уыдон. Къостайы хъæуы фыдæлтыккон традицитæ баззадысты сæ фыццаг хуызы. Кæд æмæ сæ ралыгъдæй цалдæр фæлтæры раивтой, уæддæр сæ хъахъхъæнынц.

Хъæуæн ис хъæздыг истори, уæлдайдæр, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты
рæстæгимæ баст чи у, ахæм. Къостайы хъæуæй хæстмæ ацыд 800 æрыгон нæлгоймаджы. Уыдонæн се ‘мбис сæ цард раттой Фыдыбæстæйы сæраппонд. Æртæйæ систы Советон Цæдисы Хъæбатыртæ – Бутаты Георги, Калоты Алыксандр æмæ Козаты Алыксандр. Ныры хъæуккæгтæй сæ нæмттæ рох не сты.

Уæлдай тынгдæр хъæуы цæрджыты зæрдæты баззадысты Дзантиаты бинонтæ. Фондз фырты æмæ иунæг чызг ацыдысты хæстмæ. Сæ мад, аргъуаны рæбын йæ зонгуытыл лæугæйæ, Хуыцаумæ куывта. Афтæмæй йæ федтой немыцаг салдæттæ. Арвыстой йæм тæлмацгæнæджы, цæмæй базона, сылгоймаг йæ зонгуытыл цæмæн лæууы, уый. «Æз курын, цæмæй мæ фырттæ тагъддæр ныддæрæн кæной фашистты æмæ мæ хæдзармæ удæгасæй сыздæхой», – æдæрсгæ загъта наййарæг.

Хæст йæ цотæй кæй фæхицæн кодта, уыцы сылгоймаджы æнкъарæнтæн аргъ скæнгæйæ, немыцæгтæ нæ бафхæрдтой ныййарæджы. Дзантиаты лæгдзинæдтæ зæрдыл даргæйæ, фæстагæттæ хæсты фæстæ сæ хæдзары къулыл сæвæрдтой зæрдылдарæн фæйнæг… Ныртæккæ Къостайы хъæу æвзары уæззау замантæ. Уæлдæр ахуырад райсыны, куыст ссарыны охыл фæсивæд сæ райгуырæн хъæу уадзынц, цæуынц æндæр рæттæм.

Советон заман йæ тыхы уыд промышленность, цалдæр заводы куыстой. Фæлæ сæ 90-æм азты сæхгæдтой. Æппæт уыдæттæ зынынц Къостайы хъæуы цæрджытыл, фæлæ сæ къухтæ не ‘руагътой. Нымæцон авналæнтæй пайда кæнынц, уырдæм рахæссынц æппæт хабæрттæ. Барахъты Хъазыбег куыд зæгъы, афтæмæй хъуыддæгтæ иумæ лыг кæнынц. Нымæцон æхсæнад фæзынд Уырысты Георгийы руаджы. Цавæрфæнды нысан дæр рахæссæн ис нымæцон хызмæ, æмæ уайтагъддæр лыггонд æрцæудзæн.

Еленæ Смирнова

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here