Мæздæггæгты афæдзы фæллой

0
72

Хъæууонхæдзарадон аз бæллиццаг рауад Мæздæджы районы зæхкусджытæн. Фаронимæ абаргæйæ, хор æрнай кодтой 35 мин тоннæйы фылдæр. Нартхоры фæзуаты фылдæр хай ныккарстой, кæронбæттæн хатдзæгтæ фæстæдæр сбæрæг уыдзысты. Ныридæгæн фидарæй ис зæгъæн, районы ацы азы хорæрзады бæрæггæнæнтæ республикæйы иууыл хуыздæр кæй сты.

Сæрддæргъы рæстæг хус хаста, арвæй иу æртах хæснагæн нал æрхауд хуры тынтæм зæххы араугæ риумæ. Кæмæндæр йæ сины саст куыд фæрæстмæ, мæздæггаг зæхкусджытыл дæр уыцы æмбисонд æрцыд – сæ æрдзон уавæртæ сын сарæзтой сæ къух. Кæронбæттæны сæ архайд нæ фæдзæгъæлы, иннæ районты хæдзарæдтæй хъауджы зæхкусджытæ райстой бæрзонд тыллæг.

– Фæззыгæндты 40 мин 509 æмæ уалдзыгæндты 13 мин 670 гектарæй зæхкусджытæ рæстæмбис нымадæй систой 38 центнеры гектарæй. Хицæн хæдзарæдты мæнæуы тыллæджы бæркад рауад дыууæ хатты фылдæр. Æрхæсдзынæн нымæцтæ: ЗФХ «Ваниев Таймураз» – 78 центнеры, ЗФХ «Тетцоев Георгий» – 67,5 центнеры, ЗФХ «Хидиров Магомед» – 65 центнеры, СПОК «Нива» Ашракаев Хасан – 59,2 центнеры, Тебиаты Анжелæйы зæхкусджыты фермерон хæдзарад – 55,6 центнеры. Ахæм бæрæггæнæнтæ рагæй нал райстой нæ районы хæдзарæдты зæхкусджытæ, – зæгъы Мæздæджы районы хъæууон хæдзарадон управленийы разамонæг Æлхъацаты Зауыр.

Сысджы æмæ хохаг хъæдур, рапсы тыллæг дæр хорз рауад. Æхсæрдæс центнеры ратта рапсы гектар. Уæвгæ та, йæ фæзуат 9340 гектары ахсы æмæ йæ бæркад рауад 15 мин тоннæйы. Сæ хъуыддæгтæ хуыздæр цæуынц Арслан Умашевы зæхкусæг– фермерон хæдзарады, гектар дзы тыллæг ратта 67,5 центнеры, СПОК «Нива»-йы – 25,7 центнеры, стæй зæхкусæг – фермерон хæдзарад «Ваниев Таймураз»– ы – 25 центнеры.

Фæззæджы фæстаг мæй зæхкусджытæ архайынц нартхоры тыллæг æнæсæфтытæй бафснайыныл. Хуымты фæзуат ахсы цыппар мин æмæ ‘рдæгмæ ‘ввахс гектары, йæ фылдæр хай уал бантыст хордæттæм бахæццæ кæнын. Уым æм базилынц, ссыгъдæг æй кæнынц, стæй йæ хордæтты бафснайынц. Гектарæй исынц 61 центнеры. Хорæфс-
найæнтæм рагагъоммæ бацæттæ кодтой хæдзарæдтæ. Артаг, сæрдæн æрмæг, ивæн хæйттæ афоныл самал кодтой, æмæ уый руаджы хорæфснайæнтæ нывыл уагыл сты. Сæ цыдыл нæ фæзындысты, сæрмагонд æфсæддон операцийы уавæры районы цы æдасдзинады мадзæлттæ арæзт цæуынц, уыдон. Æрмæст, глонассимæ баст техникæйы куыстæн лæвæрд цæуы рæстæг æдасæй кусынæн. Фæлæ уый бирæ нæ ахæссы, уымæ гæсгæ быдырон куыстыты цыдыл ницы уыйас зыны.

Районы хæдзарæдты ныридæгæн æфснайынц сойæ. Зæхкусæг-фермерон хæдзарады сæргълæууæг Тетцойты Георги куыд зæгъы, афтæмæй сæм ацы культур Уæрæсейы рæстæмбис нымæцæй гектар дæтты фылдæр тыллæг. Хæдзарады ацы бонты тох цæуы мыстыты ныхмæ, науæд тыллæджы иу хай сæ амæттаг фæвæййы. Æрвылаз уыцы куыст фæцæуы районы æппæт хæдзарæдты дæр.

Фидæн азæн бындур сæвæрыныл архайынц зæхкусджытæ, уыцы иу рæстæг тауынц фæззыгæндтæ: мæнæу байтыдтой 24 мин гектармæ ‘ввахс, хъæбæрхор – цыппар минæй фылдæр, фæззыгон рапс – æхсæрдæс мин гектарæй уæлæмæ. Фæззыгæнд культурты фæзуат ахсы цыппор цыппар минмæ ‘ввахс гектары. Æлхъацаты Зауыр куыд зæгъы, афтæмæй хæдзарæдты зæххытæ бахуым кодтой. Æцæгдзинадæй, ацы азы хуызæн æнтыстдзинæдтæ Мæздæджы районы зæхкусджыты къухы рагæй нал бафтыд. Газеткæсæгмæ, чи зоны, афтæ кæсы, æмæ хæдзарæдты размæ цæлхдуртæ нæ лæууы. Уый раст хъуыды нæу. Артаг, сæрдæн æрмæг æмæ ивæн хæйтты æргътыл зынгæ схæцынц быдырон куыстыты рæстæг. Сæ фæуынмæ хæстæг та дæлæмæ ‘рцæуынц. Афтæ рауад ныр дæр, фæлæ зæхкусæг йæ фæллой быдыры цыфæндыйæ дæр нæ ныууадзы. Нартхоры килограмм хæдзарæдтæ уæй кæнынц 14,5-16 сомыл, æлхæнæг дæр йæхæдæг агуры зæхкусæг. Уымæн у уæлдай арфæйаг сæ архайд, зындзинæдты сæрты хизгæйæ, йæ ныфс кæмæн нæ асæтты, уыцы адæмæн.

ХУЫБИАТЫ Ларисæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here