Хæстæгдæр фидæны уæлдæр медицинон ахуыргæнæндæтты студенттыл æвæрд уыдзæн, дохтыры диплом райсгæйæ, рагагъоммæ былвырдгонд бынаты цалдæр азы бакусыны хæс.
Ахæм ногдзинад сфидар кæныны фæдыл Уæрæсейы Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад йæ хъуыды сбæлвырд кодта.
Ведомствæ УФ-йы Паддзахадон Думæмæ цы закъоны проект барвыста, уый уагæвæрдмæ гæсгæ, медицинон институттæ æмæ академиты æппæт бюджетон ахуы-
радон бынæттæ дæр уыдзысты нысанмæарæзт. Ома, бюджетон бынатмæ ахуырмæ бацæуынвæнд чи скæна, уыцы студент хъуамæ рагагъоммæ сæрмагонд бадзырд бафысса æнæниздзинад хъахъхъæнынады регионалон министрад кæнæ комкоммæ медицинон кусæндонимæ, дæсныйад райсгæйæ, бæлвырд рæстæг паддзахадон медицинон организацийы кæй бакусдзæн, уый фæдыл.
Уыимæ, медицинон ахуыргæнæндоны рауагъдон бадзырды уагæвæрд куы нæ сæххæст кæна, уæд æртывæрæй хъуамæ бафида, йæ ахуырадыл цы æхца хардзгонд æрцыд, уый.
Раззагдæр медицинон ахуыргæнæндæтты ректортæ æмæ экспертты фылдæр хай ногдзинады фарс рахæцыдысты. Уæвгæ, студенттæ æмæ æрыгон медиктæ та ахæм уынаффæтæй разыйæ нæ баззадысты. Уыимæ, ныридæгæн амынд закъонæвæрынадон хъæппæрисы фæдыл æппæт профилон ведомствæтæ дæр раттой разыйы дзуапп.
Хæстæгдæр фидæны куысты ахæм фæтк æнхъæлмæ кæсы, фармацевты дæсныйад чи райса, уыцы æрыгон специалисттæм дæр (рагагъоммæ бæлвырдгонд бынаты уыдонæн æнæмæнг бакусыны æмгъуыд уыдзæн 3 азы бæрц). «Фармацевты дæсныйадыл чи сахуыр кæна, уыдонæн куысты бынæттæ дæтдзысты клиникон стационартæ æмæ æндæр медицинон кусæндæтты, стæй рынчындæттæ æмæ паддзахадон оргæнты дæлбар кусæг афтекты», – закъоны проектыл дзургæйæ, бафиппайдта Æнæниздзинад хъахъхъæнынады экономикæйы федералон институты директор Ларисæ Попович.
Уый фæдыл закъоны проект дæр сæрмагонд хицауадон къамис хорзыл банымадта.
Æмæ, кæд æрыгон дохтырты фидæны кусæн бынæттимæ баст ног уагæвæрд сфидар кæныны æмгъуыд нырма бæлвырдгонд нæма у, уæд фармацевтты архайдимæ баст закъоны проект та, куыд нысангонд цæуы, афтæмæй йæ тыхы бацæудзæн 2026 азы 1 мартъийы. Паддзахадон Думæ йæ кæд сфидар кæна, уæд.
Æмæ ма иу фиппаинаг. Æрмæг мыхуырмæ цæттæ уыд, афтæмæй УФ-æй Паддзахадон Думæйы пресс-службæ фехъусын кодта: депутаттæ цалдæр бакасты æр-
дзырдтой медицинон институттæ æмæ академиты æппæт бюджетон ахуырадон бынæттæ дæр нысанмæарæзт фæткмæ раивыныл. Æппæт фиппаинæгтæ æмæ бафтауинæгтæ хынцгæйæ, ног закъон фидаргонд æрцыд…
сланты Аслан














