Федерацийы Советы Кады гæххæтт

0
104

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Александр Реутов фембæлд УФ-йы Федерацийы Советы уæнг Цæгат Ирыстонæй Виталий Назаренкоимæ. Ныхасы архайдта Цæгат Ирыстоны медицинон колледжы директор Реуазты Таймураз дæр.

Уæрæсейаг парламенты уæллаг палатæйы Сæрдар Валентинæ Матвиенкойы амынддзинадмæ гæсгæ, Реуазты Таймуразæн лæвæрд æрцыд Федерацийы Советы Кады гæххæтт. Уыцы бæрзонд хæрзиуæг Реуазы-фыртæн саккаг кодтой йæ бирæазон æнæзæрдæхудт куыст æмæ республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабазы райрæзтмæ стыр бавæрæны тыххæй.

Реуазты Таймураз у Цæгат Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæнынады сгуыхт кусæг, уыд гæрзифтонг быцæуты архайæг. Йæ рæстæджы йын лæвæрд æрцыд майдан «Ирыстоны намысæн».

Нæ уацхæссæг

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here