Боныхъæды уавæртæм цæттæдзинад

0
54

Республикæйы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО РЦИ-Аланийы Хицауады радон æрвылкъуырион аппаратон æмбырды Хицауады уæнгтæ, министрадтæ æмæ ведомствæты разамонджытæ, районтæ æмæ муниципалон скондты сæрдартимæ æрныхас кодтой, боныхъæды ивддзинæдтæ цы лыггæнинаг фарстатæ расайдтой ууыл, æмæ сæ аиуварс кæныныл.

Ивгъуыд къуырийы бæрæггæнæнты тыххæй доклад бакаст Хицауады Сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег. Йæ ныхасмæ гæсгæ, республикæйы оперативон уавæр у нывыл. Куыд загъта, афтæмæй зынгсирвæзтæй тæссаг рæстæг æхгæд æрцыд 1 декабры.

– Цæгат Ирыстоны æппæт сæрмагонд службæтæ дæр архайынц æрвылбоны цæттæдзинады фæткмæ гæсгæ. Боныхъæды уавæрты тыххæй Арвыкомы фæндаг æхгæд æрцыд. æмæ Транскамы фæндагыл ацæуынмæ æнхъæлмæ кæсынц 2035 уæзласæн автотранспортон иуæджы, 2157 – электронон рады. Ивгъуыд къуы-
рийы дæргъы Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны арæныл дыууæрдæм ахызтыс-
ты 17045 автотранспортон иуæджы æмæ 36250 адæймагæй фылдæр, – загъта Томайы-фырт.

Цæгат Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, 2,3,4,5 æмæ 7 декабры республикæйы фæзуаты фæсидтысты æнæпилотон тæссаг фæткмæ. Уыимæ, БПЛА-тæ бæрæггонд не ’рцыд. Оперативон уавæрмæ цæуы лæмбынæг цæстдард.

Сергей Меняйло аппаратон æмбырды республикæйы цæрæнуатон-коммуналон, артаг æмæ энергетикæйы министр Хъараты Тимурæн бафæдзæхста, æппæт фæрæзты организацитимæ фембæлын æмæ къабазы хызы цы аваритæ æрцыд, уыдоны аххосаг сбæрæг кæнын, æмæ сын профилактикон куыстытæ бахæс кæнын.

Республикæйы «Роспотребнадзор»-ы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, Цæгат Ирыстоны гриппæй рынчынты нымæц зынгæ фæфылдæр. Ивгъуыд къуыри медицинон уагдæттæм дохтыры æххуысмæ чи бадзырдта, уыдонæн сæ фылдæр уыдысты сывæллæтты тыххæй. Ног коронавирусон инфекцийæ фæрынчын сты дæс адæймаджы.

РЦИ-Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ фехъусын кодта, карантины иу скъола, 13 алыхуызон къласы æмæ æртæ рæвдауæндоны æхгæд кæй æрцыдысты, уый. Йæ ныхасмæ гæсгæ, 22 сывæллоны Цæгат Ирыстонæй ацæудзысты Мæскуымæ Кремлы Ног азы назбæласмæ.

Республикæйы Сæргълæууæг ма Хицауады æмбырды къорд министрадæн бахæс кодта, Ног азы бæрæгбæтты цы мадзæлттæ арæзт цæудзæн, уыдоны æдасдзинадмæ фылдæр æргом аздахын. Алыхуызон рæмудзæн æрмæджытæ æнæза-
къонæй уæй кæнын ма æруадзын. Бæрæгбæтты рæстæг тагъд æххуыс æмæ травмпунктты куыст бацæттæ кæнын.

Сергей Меняйло куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй цæрджытæ хъаст кæнынц, уæлмæрдты сыгъдæгдзинад нывыл кæй нæу, уымæй. Районты раза-
монджытæн республикæйы Сæргълæууæг бахæс кодта, уæлмæрдты сыгъдæгдзинадмæ æркæсын, контейнертæ дзы сæвæрын æмæ бырондæттимæ баст фарстатæ алыг кæнын.

Республикæйы разамонæг ма Хицауады æмбырды фехъусын кодта, æрæджы йæхæдæг Дзæуджыхъæуы хъомыладон центр «Хуры тын» кæй бабæрæг кодта. Комкоммæ эфиры рæстæг ын йæ курдиат фехъусын кодта центры директор Багаты Аннæ, цæмæй сын сæ бойлер сцалцæг кæной. Сергей Меняйло директоримæ иумæ æрзылд бæстыхайыл, йæхи цæстæй федта цæрын æмæ хъармгæнæн системæйы уавæртæ. Хæстæгдæр рæстæг фарста лыггонд æрцыд. Республикæйы Сæргълæууæджы хъуыдымæ гæсгæ центры бæстыхай хъæуы бындуронæй рацаразын. Сывæллæттæ ракуырдтой, цæмæй сын вай-фай бауадзой æмæ сын спортивон фæзуат саразой. Ноджы ма центры хъæуы ног автобус. Сергей Меняйло сын зæрдæ бавæрдта, æппæт уыцы фарстатæ тагъд рæстæджы лыггонд кæй æрцæудзысты уымæй.

Регионы разамонæг министртæн бахæс кодта, Ног азмæ «Бæллицты наз-
бæлас» бацæттæ кæнын, Мæскуымæ, Кремлы наз-бæласмæ, арвитын, сæрмагонд æфсæддон операцийы чи фæмард, уыцы хъæбатырты сывæллæтты.

Æмбырды ма ныхас цыд æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр.

ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here