Нæхи продукци æмæ йæ хæрзхъæддзинад

0
113

Абон нæ республикæйы æппæт дуканиты æмæ базарадон центрты дзидзайæ конд продукцийæн ныккæнæн дæр нæй. Къалбасы алы хуызтæ æмæ «делика-
тестæ» сæхимæ здахынц фæлхасгæнæджы. Кæй зæгъын æй хъæуы, советон цардарæзты дзидзайы продукци экологон æгъдауæй дызæрдыггаг нæ уыд, ныр та нæ республикæйы фæзынд цалдæр куыстуаты, къалбас чи уадзы, ахæмтæ, æмæ фæлхасгæнæг хъуыды кæны, уæдæ дзы кæцыйы къалбас дæтты, дзуапп, ГОСТ кæй хонынц, уый домæнтæн?

Ацы фарста зæрдылдаргæйæ, къалбасуадзæн чысыл завод, компани «Дюбуа»-йы разамынд нæ республикæйы журналисттæн сарæзтой пресс-тур. Уæвгæ, ном йæхæдæг «Дюбуа», уырыссаг мыггаг дæр куы нæ у, уæд нæм кæцæй æрбафтыд, зæгъгæ, бирæтæ ахъуыды кæнынц. 1992 азы францаг бинонты байзæддаг Петр Геннадийы фырт Дюбуа Дзæуджыхъæуы сарæзта къалбасуадзæн чысыл цех хуымæтæг ифтонггæрзтимæ. Куыста дзы дæс адæймаджы, æмæ уагътой æрмæст къалбасы 10 хуызы. 2001 азы ацы хъуыддагыл дарддæр архайын райдыдта йæ фырт Дмитрий. Уыцы рæстæг Дмитрий базонгæ æнтыстджын амалхъом Хъараты Русланимæ, æмæ иумæ абоны онг кусынц, ирыстойнаг фæлхасгæнæджы фынгмæ хæрзхъæд продукци хæццæ кæныныл. Ныры рæстæджы компани «Дюбуа» нымад цæуы Цæгат Кавказы æнтыстджындæр куыстуатыл, уадзынц къалбасы хуызтæ 200 фылдæр. Уыимæ ма райдыдтой, «полуфабрикаттæ» кæй хонынц, ахæм продукци уа-
дзын дæр.

Заводы сæйраг технолог Дзебысаты Хетæг журналистты ахуыдта экскурсийы æппæт цехтыл дæр æрзилынмæ. Куыд цæттæ кæнынц сæ продукци, уый сын равдыста бæстон, хомаг цæттæ кæнынæй суанг къалбас цæм тухынц, уый онг. Экскурси райдыдта, карчы, фысы, стуры æмæ хуыйы фыд ссынмæ кæм кæрдынц, уыцы цехæй. Дзидзайы уæлдæр амынд хуызтæ та заводмæ ласынц Краснодар, Стъарапол æмæ нæхи республикæйы фосдарæн куыстуæттæй. Кусджытæ, санитарон домæнтæ æххæстгæнгæйæ, дысвæлдæхтæй архайынц дзидза хæйттыл ныддихтæ кæныныл æмæ сæ дзидзассæн цехмæ барвитыныл. Æппæт цехтæ дæр ифтонггонд сты нырыккон æмæ фæсарæйнаг техникæ æмæ гæрзтæй. Компани æмгуыст кæны нæ бæстæйы егъаудæр базарадон хызтæ «Вкус Вилл», «Лента», «Магнит» æмæ æндæр компанитимæ. Кусгæ та дзы кæны 500 адæймаджы.

– Нæ заводæн бындурæвæрд куы æрцыд, уæдæй фæстæмæ азæй-азмæ рæзгæ цыдис, фылдæр кодтой йæ гæнæнтæ æмæ фадæттæ. Фыццаг бонæй фæстæмæ дзы чи куыста æмæ кусы, уыдон сæ фæлтæрддзинадæй хай кæнынц дарддæр иннæтæн. Æрыгон фæлтæры ахуыр кæнынц, цæстуынгæ æрмæгæй сын æвдисынц, продукци уа-
дзын бæрнондзинад кæй домы, уый. Æмæ абон сæрыстырæй нæ бон зæгъын у, «Дюбуа» нæ бæстæйы иннæ компаниты æхсæн раззагдæртæй иу кæй у, уый, – райдыдта йæ ныхас Дзебысаты Хетæг. – Мæнæ, ацы цех, афтæ зæгъæн ис, æмæ у нæ заводы «зæрдæ». Дзидзассæнæй аразгæ у нæ продукцийы хæрзхъæддзинад. Лæмбынæг æмæ бæстон архайынц, дзидзассæны уæлхъус чи лæууы, уыцы кусджытæ. Алы лыстæг хъуыддагмæ дæр кæсынц бæрнонæй. Рæдийыны бар нæй, зонын хъæуы бæлвырд, хомагыл хъацæнтæ цæйбæрц ныккæнын хъæуы, уый, – загъта сæйраг технолог.

Иннæ цехы федтам, ссад дзидзайæ къалбас куыд кæнынц, уый. Компани пайда кæны фысы æмæ стуры лыстæг тъæнгтæй. Хæрзæхсад æмæ куыстгонд мидæггаг хуылфыдзаумæттæ æндæхты хæлтты хуызæн атъыссынц сæрмагонд ифтонггарзыл, æмæ айдзаг вæййынц ссад дзидзайæ. Дарддæр сæ баласынц уазалгæнæнтæ æмæ термалон скъæппытæм (термические шкафы). Цехты пъолтæ сты бетонгонд æмæ иудадзыг хуылыдз.

– Афтæ домы санитарон уаг. Рыгæн иунæг минут дæр æруадзæн нæй, продукци цæмæй ма фехæла, уымæн. Рыг цы къалбасы мидæгмæ бахауа, уый расайдзæн бирæ æппæрццæг хъуыддæгтæ, адæймаджы æнæниздзинадæн, æмæ нæ архайдæн дæр уымæ гæсгæ стыр бæрнонæй цæуы цæстдард санитарон домæнтæм, – дарддæр дзырдта Дзебысы-фырт. Цехты у уазал æмæ тынг сыгъдæг. Бирæ азты дæргъы дзы сыгъдæгзæрдæйæ фыдæбон кæнынц Хынцæгты Маринæ, Хуы-
тъинаты Лорæ, Халил Джалилов, Раисæ Рыжикова, Куымæриттаты Татьянæ, Хъуылымбегты Анжелæ, Богъаты Альбинæ, Кучиты Эльбрус æмæ Константин Палатов
. Ацы адæймæгтæн сæ фæллойы бонтæ заводы 35 азæй уæлæмæ ахызтысты. Компанийы разамындæй нæу рох сæ куыст æмæ сын æмбæлгæ аргъ дæр скодтой. Уæвгæ, завод «Дюбуа» архайы бирæ хæрзаудæн мадзæлтты дæр. Алыхуызон ахуырадон конкурсты æхсæнадон организаци «Быть добру»-имæ. Æххуыс кæны æвæрæз æмæ фæкæсинаг бинонтæн. Дмитрий Дюбуа кæд ирон лæг нæу, уæддæр ирон æвзаджы рæзт æмæ йæ бахъахъхъæнынæн алы хатт дæр стыр æххуыс бакæны æхцайы фæрæзтæй.

Экскурсийы фæстæ заводы генералон директор Хъараты Руслан зæрдæйæ-зæрдæмæ фæныхас кодта журналисттимæ. Кæд дзыллон хабархæссæг фæрæзты кусджытæ сæхи цæстæй алцыдæр федтой, уæддæр сæм фарстатæ уыдис, æмæ сын Хъараты Руслан бæлвырд дзуаппытæ ратта.

 

Саутæты Тамилæ,
къамтæ систа
Татьянæ Шеходанова

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here